Раргомад 16:1—21

16  Ӕмӕ фехъуыстон, авд зӕдмӕ сыгъдӕг бынатӕй чидӕр хъӕрӕй+ кӕй радзырдта: «Ацӕут ӕмӕ Хуыцауы масты авд къусы зӕххыл акалут»+.  Фыццаг зӕд+ ацыд ӕмӕ йӕ къус зӕххыл акалдта+. Ӕмӕ уӕд, сырды нысан кӕуыл уыд+ ӕмӕ йын йӕ нывӕн чи куывта+, уыцы адӕмыл фӕзынд риссаг ӕмӕ ӕвзӕр хъӕдгӕмттӕ+.  Дыккаг зӕд+ йӕ къус акалдта денджызыл+. Ӕмӕ денджыз туг фестади+, мард адӕймаджы туджы хуызӕн, ӕмӕ денджызы+ удӕгасӕй ницыуал баззад*.  Ӕртыккаг зӕд+ йӕ къус акалдта цӕугӕдӕттыл+ ӕмӕ суадӕттыл, ӕмӕ туг фестадысты+.  Ӕмӕ фехъуыстон, дӕттыл кӕй бар цӕуы, уыцы зӕд кӕй загъта: «Раст дӕ ды, чи уыд+ ӕмӕ чи ис, уыцы Хуыцау, иузӕрдион+ Хуыцау, ахӕм тӕрхӕттӕ кӕй рахастай+,  уымӕн ӕмӕ уыдон сыгъдӕджыты ӕмӕ пехуымпарты+ туг ныккалдтой, ӕмӕ сын ды туг+ бануазын кодтай. Уыдон уый аккаг сты»+.  Ӕмӕ фехъуыстон, нывондхӕссӕн афтӕ кӕй загъта: «О Йегъовӕ, Ӕппӕтхъомысджын+ Хуыцау, дӕ тӕрхӕттӕ сты ӕцӕг ӕмӕ раст»+.  Цыппӕрӕм зӕд+ йӕ къус акалдта хурыл, ӕмӕ хурӕн лӕвӕрд ӕрцыд бар, цӕмӕй адӕмы артӕй сыгътаид+.  Ӕмӕ адӕм фыртӕвдӕй сыгъдысты, фӕлӕ уӕддӕр фаудтой Хуыцауы ном+ – ацы бӕллӕхтыл кӕй бар цӕуы+, уый ном, ӕмӕ не ’рфӕсмон кодтой ӕмӕ йӕ не скадджын кодтой+. 10  Фӕндзӕм зӕд йӕ къус акалдта сырды паддзахбадӕныл+, ӕмӕ йӕ паддзахад нытталынг+, ӕмӕ адӕм фыррыстӕй се ’взӕгтыл дӕндагӕй хӕцын райдыдтой. 11  Фӕлӕ сӕ рыст ӕмӕ сӕ хъӕдгӕмтты тыххӕй ӕлгъыстой+ уӕларвон Хуыцауы ӕмӕ сӕ митыл не ’рфӕсмон кодтой. 12  Ӕхсӕзӕм зӕд+ йӕ къус акалдта Евфраты+ стыр цӕугӕдоныл, ӕмӕ йӕ дон бахус+, цӕмӕй хурыскӕсӕйнаг паддзӕхтӕн+ фӕндаг цӕттӕ уа. 13  Ӕмӕ федтон, залиаг калмы+ дзыхӕй, сырды+ дзыхӕй ӕмӕ мӕнг пехуымпары+ дзыхӕй кӕй рацыд хӕфсыты+ хуызӕн ӕртӕ ӕлгъаг пехуымпар-ныхасы+. 14  Уыцы ныхӕстӕ цӕуынц+ хӕйрӕджытӕй ӕмӕ аразынц диссӕгтӕ+. Уыдон рацыдысты ӕгас дунейы+ паддзӕхтӕм+, цӕмӕй сӕ ӕрӕмбырд кӕной, Ӕппӕтхъомысджын+ Хуыцауы стыр боны+ чи уыдзӕн, уыцы хӕстмӕ+. 15  «Мӕнӕ, фӕцӕуын давӕгау+. Амондджын у, чи нӕ бафынӕй+ ӕмӕ йӕ уӕлӕдарӕс чи хъахъхъӕны, цӕмӕй бӕгънӕгӕй ма цӕуа ӕмӕ йын адӕм йӕ худинаг ма феной»+. 16  Ӕмӕ паддзӕхты ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон*+ чи хуыйны, уыцы бынатмӕ. 17  Ӕвдӕм зӕд йӕ къус акалдта уӕлдӕфмӕ+, ӕмӕ сыгъдӕг бынатӕй, паддзахбадӕнӕй, чидӕр хъӕрӕй+ радзырдта: «Сӕххӕст!» 18  Ӕмӕ арв нырттывта, райхъуыст хъӕлӕстӕ ӕмӕ арвы нӕрын, ӕмӕ зӕхх тынг нынкъуысыд+. Зӕххыл адӕймаг куы фӕзынд, уӕдӕй нырмӕ+ ахӕм стыр, ахӕм тыхджын зӕххӕнкъуыст+ никуыма уыди. 19  Ӕмӕ стыр горӕт+ ӕртӕ дихы фӕци, адӕмты горӕттӕ дӕр ныппырх сты. Ӕмӕ Хуыцауы зӕрдыл ӕрлӕууыд Стыр Вавилон+, цӕмӕй йын бануазын кӕна йӕ фыдӕхы, йӕ масты сӕны къус+. 20  Ӕмӕ сакъадӕхтӕ иууылдӕр фӕцыдӕр сты, хӕхтӕ дӕр ӕрбайсӕфтысты+. 21  Адӕмыл арвӕй ныууарыд тынг стыр их+, алы ихы къӕрттӕн дӕр йӕ уӕз уыди дыууын килӕйы бӕрц*, ӕмӕ адӕм Хуыцауы ӕлгъыстой+ уыцы бӕллӕхы тыххӕй, ома ихы+ тыххӕй, уымӕн ӕмӕ уый уыд ӕнахуыр стыр бӕллӕх.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «иу цӕрӕг уд дӕр нал баззад»; «уд» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Грекъ. Хармагедо́н – афтӕ хъуысы грекъ. ӕвзагыл дзут. дзырдбаст «Мегиддойы хох».
Комк. «йӕ уӕз уыд иу талант». Кӕс Уӕлӕмх. 18.