Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Рӕстдзинад Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй

Рӕстдзинад Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй

Кӕд адӕм бирӕ хуыцӕуттӕн кувынц, уӕддӕр ис ӕрмӕстдӕр иунӕг ӕцӕг Хуыцау (Иоанны 17:3). Уый у «Стыр Хуыцау», ӕппӕт дӕр уый сфӕлдыста ӕмӕ Царддӕттӕг дӕр уый у. Ӕрмӕстдӕр Хуыцау у уый аккаг, цӕмӕй йын кувӕм (Данел 7:18; Раргомад 4:11).

Чи у Хуыцау?

Библийы фыццаг тексты Хуыцауы ном ӕмбӕлы 7 000 ХАТТЫ БӔРЦ

ЙЕГЪОВӔ у Хуыцауы ном

ХИЦАУ, ХУЫЦАУ, ФЫД – Йегъовӕйы титултӕй кӕцыдӕртӕ

Хуыцауы ном куыд у? Хуыцау йӕхи тыххӕй загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ. Уый у мӕ ном» (Исай 42:8). Хуыцауы ном Библийы ӕмбӕлы 7 000 хатты бӕрц. Фӕлӕ йӕ бирӕ тӕлмацты баивтой титултӕй, зӕгъӕм, Хицау. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлар уай ӕмӕ дын уымӕ гӕсгӕ дзуры, цӕмӕй йӕм кувай йӕ номӕй (Псалом 105:1).

Йегъовӕйы титултӕ. Библи Йегъовӕйы хоны ахӕм титултӕй: «Хуыцау», «Ӕппӕтхъомысджын», «Сфӕлдисӕг», «Фыд», «Хицау» ӕмӕ «Дунедарӕг». Библийы бирӕ ис, Йегъовӕйӕн йӕ титултӕ дӕр ӕмӕ йӕ ном дӕр кӕм ӕмбӕлынц, ахӕм куывдтытӕ (Данел 9:4).

Хуыцау цыхуызӕн у. Хуыцау у ӕнӕуынгӕ (Иоанны 4:24). Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «адӕмӕй Хуыцауы никуы ничи федта» (Иоанны 1:18). Библийӕ базонӕн ис йе ’нкъарӕнты тыххӕй. Адӕмӕн сӕ бон у Хуыцауӕн йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнын кӕнӕ йын ӕй барухс кӕнын (Псалом 78:40, 41; Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

Хуыцауы диссаджы миниуджытӕ. Хуыцау никӕй хъулон кӕны, адӕммӕ алыхуызон адӕмыхӕттытӕй иухуызон цӕстӕй кӕсы (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35). Уымӕй уӕлдай ма у «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст» (Рацыд 34:6, 7). Фӕлӕ Йегъовӕйы миниуджытӕй цыппар сты уӕлдай диссаг.

Тых. Йегъовӕ «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау» кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ тых у ӕгӕрон, ӕмӕ зӕрдӕ цӕмӕйфӕнды ма бавӕра – йӕ бон ӕй у сӕххӕст кӕнын (Райдиан 17:1).

Зонд. Хуыцауы зондӕн ӕмбал нӕй. Ӕмӕ Библи дӕр Хуыцауы «иунӕг зондджын» уымӕн хоны (Ромӕгтӕм 16:27).

Рӕстдзинад. Хуыцау алкӕддӕр фӕаразы, раст цы у, уый. Йӕ хъуыддӕгтӕ сты «ӕнӕфау» ӕмӕ йӕм «хӕрамӕй... ницы ис» (Дыккаг закъон 32:4).

Уарзондзинад. Библийы фыст ис, «Хуыцау у уарзондзинад», зӕгъгӕ (1 Иоанны 4:8). Хуыцау ӕрмӕст ӕвдисгӕ нӕ кӕны уарзондзинад, фӕлӕ ӕгасӕй дӕр у уарзондзинад. Йе стыр уарзондзинад бӕрӕг у йӕ алы хъуыддагӕй дӕр, ӕмӕ уый махӕн стыр пайда хӕссы.

Хӕлардзинад Хуыцауы ӕмӕ адӕмы ’хсӕн. Хуыцау у нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд (Матфейы 6:9). Куы йыл ӕууӕндӕм, уӕд уыдзыстӕм йӕ хӕлӕрттӕ (Псалом 25:14). Хуыцау нын дзуры, цӕмӕй йӕм кувӕм ӕмӕ йӕм афтӕмӕй ӕввахсдӕр кӕнӕм. Стӕй ма йӕ Ныхасы фыст ис, зӕгъгӕ, «уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:7; Иаковы 4:8).

Хуыцау ӕмӕ Чырысти кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

Йесо Хуыцау нӕу. Йесойы никӕимӕ ис абарӕн, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый сфӕлдыста Хуыцау йӕхӕдӕг. Ӕмӕ йӕ Библи дӕр Хуыцауы фырт уый тыххӕй хоны (Иоанны 1:14). Йегъовӕ Йесойы куы сфӕлдыста, уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо уыд йӕ фарсмӕ куыд «дӕсны кусӕг». Ӕмӕ Йегъовӕ ӕппӕт дӕр сфӕлдыста уый ӕххуысӕй (Ӕмбисӕндтӕ 8:30, 31; Колоссӕгтӕм 1:15, 16).

Йесо Чырысти йӕхи Хуыцау никуы хуыдта. Йесо дзырдта: «Ӕз... [Хуыцауы] номӕй дзурын. Уый мӕ рарвыста» (Иоанны 7:29). Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иуимӕ куы ныхас кодта, уӕд Йегъовӕйы тыххӕй загъта, «мӕ Фыд ӕмӕ уӕ Фыд», стӕй «мӕ Хуыцау ӕмӕ уӕ Хуыцау», зӕгъгӕ (Иоанны 20:17). Йесо куы амард, уӕд ӕй Йегъовӕ райгас кодта уӕлӕрвты цӕрынӕн. Ӕмӕ Хуыцауы рахиз фарс куы ’рбадт, уӕд ын уый радта стыр бартӕ (Матфейы 28:18; Хъуыддӕгтӕ 2:32, 33).

Йесо Чырыстийӕн йӕ бон у, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, ӕмӕ Хуыцаумӕ баввахс уай

Йесо зӕхмӕ ’рцыд, цӕмӕй адӕмӕн йӕ Фыды тыххӕй радзырдтаид. Йегъовӕ Йесойы тыххӕй загъта: «Ай у мӕ уарзон Фырт. Хъусут ӕм» (Марчы 9:7). Йесойӕ хуыздӕр Хуыцауы ничи зоны. Уый загъта: «Фыд чи у, уый... Фырты йеддӕмӕ ӕмӕ, Фырты кӕмӕн фӕнды Фыды раргом кӕнын, уый йеддӕмӕ ничи зоны» (Лукайы 10:22).

Йесо алцӕмӕй дӕр у Хуыцауы хуызӕн. Йесо алцӕмӕйдӕр йӕ Фыды хуызӕн афтӕ тынг уыд, ӕмӕ йӕ бон уыд зӕгъын: «Мӕн чи федта, уый федта Фыды дӕр» (Иоанны 14:9). Йесо цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уымӕй бӕрӕг уыд, адӕмы йӕ Фыдау кӕй уарзта, ӕмӕ уый фӕрцы адӕм Хуыцаумӕ ӕввахс кодтой. Йесо загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоанны 14:6). Ноджыдӕр ма загъта: «Ӕцӕг кувӕг адӕм нӕ уӕларвон Фыдӕн кувдзысты Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыд ахӕм кувӕг адӕмы агуры йӕхицӕн» (Иоанны 4:23). Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ агуры дӕу хуызӕн адӕмы, Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базонын кӕй фӕнды, ахӕмты.