Данел 7:1—28

7  Валтасар+ Вавилоны фыццаг аз куы уыд паддзах, уӕд Данел йӕ хуыссӕныл хуысгӕйӕ федта фын ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ+. Уӕд Данел ныффыста йӕ фын+ ӕмӕ хабӕрттӕ иууылдӕр ракодта.  Данел дзурын райдыдта ӕмӕ загъта: «Ӕхсӕвы цӕстылуайӕнты федтон, цыма цыппар уӕларвон дымгӕйы+ ӕнӕкӕрон денджыз сызмӕлын кодтой+.  Ӕмӕ денджызӕй+ рацыд цыппар ӕнахуыр стыр сырды+, ӕмӕ дзы иу иннӕйы хуызӕн нӕ уыд+.  Фыццаг уыд домбайы+ хуызӕн ӕмӕ йын уыди цӕргӕсы базыртӕ+. Куыд ӕм кастӕн, афтӕ йын йӕ базыртӕ стыдтой, зӕххӕй йӕ уӕлӕмӕ систой+ ӕмӕ йӕ адӕймагау дыууӕ къахыл ӕрлӕууын кодтой. Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыд адӕймаджы зӕрдӕ+.  Дыккаг сырд уыд арсы+ хуызӕн. Йӕ иу фарс уыд хӕрдмӕ ист+. Йӕ дзыхы та, йӕ дӕндӕгты ’хсӕн, уыд ӕртӕ фӕрсчы. Ӕмӕ йын загъд уыд: „Сыст, ӕмӕ бирӕ дзидза хӕр“+.  Уый фӕстӕ та федтон ӕндӕр сырд, уыди фыранчы+ хуызӕн. Йӕ рагъыл уыди маргъы базыртӕ – цыппар базыры+. Уыцы сырдӕн уыд цыппар сӕры, ӕмӕ йын радтой хицауы бартӕ.  Уый фӕстӕ ма ӕхсӕвы цӕстылуайӕнты федтон цыппӕрӕм сырды дӕр. Йӕ хуыз зӕрдӕйы тас уагъта, уыд ӕвирхъау ӕмӕ ӕнахуыр тыхджын+. Уыди йын стыр ӕфсӕйнаг дӕндӕгтӕ, ӕмӕ йӕ алыварс ӕппӕт дӕр ныхъуырдта ӕмӕ пырх кодта, цы ма-иу дзы баззад, уый та-иу йӕ къӕхты бын ныссӕста. Уый хицӕн кодта, йӕ размӕ цы сырдтӕ уыд, уыдонӕй. Уыцы сырдӕн уыди дӕс сыкъайы+.  Ӕз лӕмбынӕг кастӕн уыцы сыкъатӕм, ӕмӕ уалынмӕ се ’хсӕн фӕзынд ноджыдӕр иу сыкъа, гыццыл+ сыкъа, ӕмӕ уый куы ссыд, уӕд иннӕ сыкъатӕй ӕртӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты. Уыцы сыкъайыл уыди адӕймаджы цӕстыты хуызӕн цӕстытӕ ӕмӕ дзых, ӕмӕ кодта схъӕл ныхӕстӕ+.  Ӕз кастӕн, цалынмӕ паддзахбадӕнтӕ не ’рӕвӕрдтой+ ӕмӕ, раджы замантӕй фӕстӕмӕ Чи ис, уый+ не ’рбадт, уӕдмӕ. Йӕ дарӕс уыди митау+ урс, йӕ сӕрыхъуынтӕ уыдысты сыгъдӕг къуымбилы+ хуызӕн. Йӕ паддзахбадӕн уыди пиллон арты+ хуызӕн, паддзахбадӕны цӕлхытӕ та артау сыгъдысты+. 10  Йӕ разӕй цӕугӕдонау калди арт+. Мин-минтӕ йын лӕггад кодтой+ ӕмӕ сӕдӕ милуаны лӕууыдысты йӕ разы+. Тӕрхонгӕнӕг*+ ӕрбадт, ӕмӕ чингуытӕ байгом сты. 11  Ӕз дарддӕр кастӕн, уымӕн ӕмӕ хъуыстон сыкъайы схъӕл ныхӕстӕ+. Кастӕн, цалынмӕ уыцы сырды нӕ амардтой ӕмӕ йын йӕ мард судзгӕ арты нӕ баппӕрстой ӕмӕ нӕ фесӕфт, уӕдмӕ+. 12  Иннӕ сырдтӕн+ та сӕ хицауы бартӕ байстой ӕмӕ ма сӕ цасдӕр рӕстӕг цӕрын бауагътой+. 13  Уый фӕстӕ ма ӕхсӕвы цӕстылуайӕнты федтон, уӕларвон мигътимӕ+ адӕймаджы фырты+ хуызӕн чидӕр кӕй ӕрбацӕйцыд. Уымӕн бар лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй, раджы замантӕй фӕстӕмӕ Чи ис, уымӕ+ бацыдаид, ӕмӕ йӕм ӕй бакодтой+. 14  Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыдысты хицауы бартӕ+, кад+ ӕмӕ паддзахад+, цӕмӕй адӕмтӕ, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдон се ’ппӕт дӕр уымӕн лӕггад кӕной+. Уый хицау уыдзӕн ӕнустӕм, йӕ хицауы бартӕ йын никуы байсдзысты, ӕмӕ йӕ паддзахад никуы ныппырх уыдзӕн+. 15  Уый тыххӕй ӕз, Данел, мӕхимидӕг стыхстӕн. Цы цӕстылуайӕнтӕ федтон, уыдонӕй старстӕн+. 16  Ӕмӕ, уым чи лӕууыд, уыдонӕй сӕ иумӕ бацыдтӕн, цӕмӕй йӕ бафарстаин, ӕппӕт адӕттӕ цӕуыл дзурӕг сты, зӕгъгӕ+. Ӕмӕ мын уый уыцы хабӕрттӕ ӕмбарын кӕнын райдыдта ӕмӕ мын загъта: 17  „Уыцы ӕнахуыр стыр сырдтӕ цыппар кӕй сты+, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ зӕххыл фӕзындзӕн цыппар паддзахы+. 18  Фӕлӕ стӕй паддзахад райсдзысты Стыр Хуыцауы+ сыгъдӕджытӕ+. Ӕмӕ паддзахад+ мыггагмӕ, ӕнусӕй-ӕнусмӕ, уыдзӕн уыдоны“. 19  Уый фӕстӕ мӕ бафӕндыд фылдӕр базонын цыппӕрӕм сырды тыххӕй, иннӕтӕй чи хицӕн кодта, уыцы сырды тыххӕй – зӕрдӕйы стыр тас кӕй хуыз уагъта, стыр ӕфсӕйнаг дӕндӕгтӕ ӕмӕ ӕрхуы ныхтӕ кӕмӕн уыд ӕмӕ йӕ алыварс ӕппӕт дӕр чи ныхъуырдта ӕмӕ чи пырх кодта, цы ма-иу дзы баззад, уый та-иу йӕ къӕхты бын чи ныссӕста, уый тыххӕй+. 20  Стӕй ма мӕ фӕндыд базонын, йӕ сӕрыл цы дӕс сыкъайы+ уыд, уыдоны тыххӕй ӕмӕ ма йыл ноджыдӕр цы сыкъа+ фӕзынд, уый тыххӕй дӕр – ӕртӕ сыкъайы+ кӕй тыххӕй ӕппӕрст ӕрцыдысты, цӕстытӕ ӕмӕ дзых кӕуыл уыд ӕмӕ схъӕл ныхӕстӕ чи кодта+, хуызӕй та иннӕ сыкъатӕй стырдӕр чи уыд, уый тыххӕй. 21  Уый фӕстӕ федтон, уыцы сыкъа сыгъдӕджытимӕ кӕй схӕцыд ӕмӕ сыл тых кӕнын кӕй райдыдта+. 22  Ӕмӕ афтӕ уыд, цалынмӕ, раджы замантӕй фӕстӕмӕ Чи ис, уый+ не ’рбацыд, не стӕрхон кодта ӕмӕ Стыр Хуыцауы+ сыгъдӕджыты растыл нӕ банымадта ӕмӕ цалынмӕ сыгъдӕджытӕн паддзахад райсыны рӕстӕг не ’рцыд, уӕдмӕ+. 23  Ӕмӕ мӕнӕ цы загъта: „Цыппӕрӕм сырд та амоны, зӕххыл кӕй уыдзӕн цыппӕрӕм паддзахад. Ӕмӕ уый иннӕ паддзахӕдтӕй се ’ппӕтӕй дӕр хицӕн кӕндзӕн. Уый ӕнӕхъӕн зӕхх ныхъуырдзӕн, йӕ къӕхты бын ӕй ссӕнддзӕн ӕмӕ йӕ пырх кӕндзӕн+. 24  Дӕс сыкъайы та амонынц, уыцы паддзахады кӕй фӕзындзӕн дӕс паддзахы+. Уыдоны фӕстӕ та ма фӕзындзӕн ноджыдӕр иу паддзах. Уый хицӕн кӕндзӕн фыццӕгтӕй+ ӕмӕ ӕртӕ паддзахы ӕгады бынатмӕ ӕрӕппардзӕн+. 25  Уый дзурдзӕн Иунӕг Стыр Хуыцауы+ ныхмӕ ӕмӕ ӕдзух Стыр Хуыцауы сыгъдӕджыты ӕфхӕрдзӕн+. Уый сфӕнд кӕндзӕн рӕстӕджытӕ+ ӕмӕ закъон аивын+, ӕмӕ сыгъдӕджытӕ йӕ къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты рӕстӕгмӕ, рӕстӕджытӕм ӕмӕ рӕстӕджы ӕмбисмӕ+. 26  Ӕмӕ Тӕрхонгӕнӕг ӕрбадт+ ӕмӕ уыцы паддзахӕн йӕ хицауы бартӕ байстой, цӕмӕй йӕ фесӕфтаиккой, бынсӕфт ӕй фӕкодтаиккой+. 27  Паддзахад, хицауы бартӕ ӕмӕ, арвы бын цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдоны кад та лӕвӕрд ӕрцыд Стыр Хуыцауы сыгъдӕг адӕмӕн+. Уыдоны паддзахад лӕудзӕн ӕнустӕм+, ӕмӕ ӕппӕт хицауӕдтӕ дӕр уыдонӕн лӕггад кӕндзысты ӕмӕ сӕм хъусдзысты“+. 28  Ууыл фӕуд кӕнынц, цы федтон ӕмӕ цы фехъуыстон, уыдӕттӕ. Ӕз та, Данел, афтӕ тынг старстӕн, ӕмӕ мӕ цӕсгомы хуыз фӕцыд. Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ мӕ зӕрдыл бадардтон»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «Тӕрхон». Кӕс 26 ст. дӕр.