Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Цы у пехуымпар-ныхас?

Цы у пехуымпар-ныхас?

Дзуапп Библийӕ

 Пехуымпар-ныхас у, Хуыцау адӕмӕн цы хабар раргом кӕны, уый. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, пехуымпартӕ «дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, йӕ сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ» (2 Петры 1:20, 21). Уӕдӕ пехуымпар у, Хуыцау цавӕрдӕр хабар кӕмӕн раргом кӕны ӕмӕ уыцы хабар иннӕтӕн чи радзуры, уый (Хъуыддӕгтӕ 3:18).

Хуыцау-иу пехуымпартӕн цавӕрдӕр хабӕрттӕ куыд раргом кодта?

 Раргом-иу сын сӕ кодта цалдӕр хуызы.

  •   Йӕ ныхӕстӕ-иу ныффыста. Хуыцау ӕппынкъаддӕр иу хатт йӕ ныхӕстӕ йӕхӕдӕг ныффыста, Моисейӕн Дӕс Фӕдзӕхсты къӕйдуртыл фыстӕй куы радта, уӕд (Рацыд 31:18).

  •   Дзырдта зӕдты уылты. Зӕгъӕм, Хуыцау зӕды уылты Моисейӕн бацамыдта, Египеты фараонӕн цы хъуамӕ загътаид, уый (Рацыд 3:2–4, 10). Иуӕй-иу хатт та-иу Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй йӕ ныхӕстӕ адӕммӕ фӕхӕццӕ уыдаиккой, куыддӕриддӕр-иу сӕ загъта, афтӕ. Ӕмӕ-иу уӕд зӕдты йӕ пехуымпартӕм арвыста, ӕмӕ-иу сын уыдон дзырдтой, цы фыссын хъӕуы, уый. Зӕгъӕм, иухатт зӕды уылты Моисейӕн загъта: «Ацы ныхӕстӕ дӕхицӕн ныффысс, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ аразын бадзырд демӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ» (Рацыд 34:27) a.

  •   Цӕстылуайӕн-иу равдыста. Хуыцау-иу йӕ пехуымпартӕн, хъал-иу уыдысты, афтӕмӕй цавӕрдӕр хабар цӕстылуайӕны равдыста (Исай 1:1; Аввакум 1:1). Иуӕй-иу цӕстылуайӕнтӕ ахӕмтӕ уыдысты, ӕмӕ-иу сӕ чи уыдта, уыдон-иу сӕхӕдӕг дӕр уыцы хабӕртты архайдтой (Лукайы 9:28–36; Раргомад 1:10–17). Иуӕй-иу хатт та-иу пехуымпартӕ цӕстылуайӕнтӕ уыдтой, трансы-иу уыдысты, афтӕмӕй (Хъуыддӕгтӕ 10:10, 11; 22:17–21) b. Хуыцау ма-иу цавӕрдӕр хабӕрттӕ раргом кодта фынты уылты дӕр (Данел 7:1; Хъуыддӕгтӕ 16:9, 10).

  •   Йӕ хъуыдытӕ-иу сын сӕ зонды бавӕрдта. Библийы уый тыххӕй фыст ис: «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй [кӕнӕ йӕ фӕндӕй] фыст» (2 Тимофеймӕ 3:16). Хуыцау йӕ пехуымпарты зонды йӕ хъуыдытӕ ӕвӕрдта йӕ сыгъдӕг тыхы, ома йӕ архайгӕ тыхы, фӕрцы. Уыцы хъуыдытӕ Хуыцауы хъуыдытӕ уыдысты, фӕлӕ сӕ пехуымпартӕ сӕхи ныхӕстӕй фыстой (2 Самуилы 23:1, 2).

Пехуымпар-ныхӕстӕ алы хатт дӕр фидӕны хабӕрттӕм фӕхауынц?

 Нӕ. Библийы пехуымпар-ныхӕстӕ, фидӕны цы уыдзӕн, алы хатт уымӕ нӕ фӕхауынц. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ фылдӕр адӕмы фидӕнимӕ баст вӕййынц. Зӕгъӕм, рагзаманты-иу пехуымпартӕ израилӕгты сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бафӕдзӕхстой. Загътой-иу сын, Хуыцауы ныхасмӕ куы байхъусой, уӕд сӕм арфӕдзинӕдтӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, куы ницӕмӕ йӕ ӕрдарой, уӕд та сӕ бӕллӕхтӕ кӕй баййафдзӕн (Йереми 25:4–6). Сӕ хабар-иу куыд рауадаид, уый-иу кӕнгӕ уыд, цавӕр хъуыддӕгтӕ арӕзтаиккой, уымӕй (Дыккаг закъон 30:19, 20).

Фидӕны хабӕрттӕм чи нӕ хауы, ахӕм пехуымпар-ныхӕстӕ Библийӕ

  •   Иухатт израилӕгтӕ Хуыцауӕй ӕххуыс куырдтой, ӕмӕ сӕм Хуыцау йӕ пехуымпары арвыста, цӕмӕй сын бамбарын кодтаид, йӕ ныхӕстӕ йын кӕй ницӕмӕ дардтой, уый тыххӕй сын кӕй не ’ххуыс кодта (Тӕрхонгӕнджыты 6:6–10).

  •   Йесо Чырысти самариаг сылгоймагимӕ куы ныхас кодта, уӕд ын йӕ раздӕры царды хабӕрттӕй цыдӕртӕ радзырдта, ӕмӕ йын уый та ӕрмӕстдӕр Хуыцау раргом кодтаид. Кӕд Чырысти фидӕны хабӕртты кой кӕнгӕ дӕр не скодта, уӕддӕр ӕй уыцы самариаг сылгоймаг схуыдта пехуымпар (Иоанны 4:17–19).

  •   Йесо Чырыстийӕн тӕрхон куы кодтой, уӕд ын йе знӕгтӕ йӕ цӕсгом бамбӕрзтой, стӕй йӕ цӕвын райдыдтой ӕмӕ йын дзырдтой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд нын ӕй зӕгъ, чи дӕ ныццавта?» Уыдон ын, фидӕны цы уыдзӕн, уый нӕ дзурын кодтой, фӕлӕ йӕ мӕстӕй мардтой, кӕд пехуымпар дӕ, уӕд дын ӕй Хуыцау раргом кӕнӕд, зӕгъгӕ (Лукайы 22:63, 64).

a Кӕд ацы ран афтӕ зыны, цыма Моисеимӕ Хуыцау йӕхӕдӕг дзырдта, уӕддӕр Библийӕ бӕрӕг у, Хуыцау израилӕгтӕн Моисейы закъон зӕдты уылты кӕй радта (Хъуыддӕгтӕ 7:53; Галатӕгтӕм 3:19).

b Ацы стихты кӕй кой цӕуы, уыдонӕн грекъаг текстмӕ гӕсгӕ Хуыцау цавӕрдӕр хабар раргом кодта, трансы-иу уыдысты, афтӕмӕй, ома, цӕстылуайӕн кӕй уынынц, уый-иу не ’мбӕрстой.