Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Чырысти Ирвӕзынгӕнӕг цы хуызы у?

Чырысти Ирвӕзынгӕнӕг цы хуызы у?

Дзуапп Библийӕ

 Йесо йӕ цард кӕй радта, уый фӕрцы Хуыцауыл иузӕрдион адӕмӕн фервӕзыны фадат фӕзынд (Матфейы 20:28). Уымӕ гӕсгӕ Библи Чырыстийы хоны «дунейы Ирвӕзынгӕнӕг» (1 Иоанны 4:14). Стӕй ма дзы фыст ис: «Фервӕзӕн дӕр ӕндӕр никӕй фӕрцы ис, уымӕн ӕмӕ арвы бын Хуыцау ӕндӕр никӕмӕн радта ахӕм ном – ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы фервӕздзыстӕм» (Хъуыддӕгтӕ 4:12).

 Йесо Чырысти «мӕлӕт бавзӕрста алкӕй тыххӕй дӕр» – чидӕриддӕр ыл ӕууӕнды, уыдоны тыххӕй (Дзуттӕгтӕм 2:9; Иоанны 3:16). Уый фӕстӕ йӕ «Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта» ӕмӕ Чырысти уӕлӕрвтӕм аздӕхт (Хъуыддӕгтӕ 3:15). Ӕмӕ «Хуыцаумӕ... [Чырыстийы] фӕрцы чи ӕввахс кӕны, уыдоны йӕ бон у бынтондӕр фервӕзын кӕнын, уымӕн ӕмӕ алкӕддӕр ӕгас у ӕмӕ йӕ бон у уыдоны тыххӕй Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын» (Дзуттӕгтӕм 7:25).

Чырыстийы мах тыххӕй лӕгъстӕ кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

 Мах не ’ппӕт дӕр стӕм тӕригъӕдджын (Ромӕгтӕм 3:23). Тӕригъӕд мах ӕмӕ Хуыцауы ’хсӕн лӕууы цӕлхдуры хуызӕн; тӕригъӕд та фиды мӕлӕтӕй (Ромӕгтӕм 6:23). Фӕлӕ Чырысти у «ӕххуысгӕнӕг» кӕнӕ адвокат, йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта, ууыл чи ӕууӕнды, уыдонӕн (1 Иоанны 2:1). Йесо уыдоны тыххӕй Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕны, цӕмӕй сын сӕ куывдтытӕ хъуса ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна, йӕ цард нывондӕн кӕй радта, уый фӕрцы (Матфейы 1:21; Ромӕгтӕм 8:34). Хуыцау Чырыстийы лӕгъстӕтӕ хъусы, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ сты. Хуыцау Чырыстийы зӕхмӕ рарвыста, «цӕмӕй дуне уый фӕрцы фервӕза» (Иоанны 3:17).

Цӕмӕй фервӕзӕм, уый тыххӕй Чырыстийыл ӕууӕндын фаг у?

 Нӕ. Цӕмӕй фервӕзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Чырыстийыл ӕууӕндӕм, фӕлӕ уый фаг нӕу (Хъуыддӕгтӕ 16:30, 31). Библи дзуры: «Буар ӕнӕ улӕфтӕй мард куыд у, афтӕ уырнындзинад дӕр ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у» (Иаковы 2:26). Цӕмӕй фервӕзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ:

  •   Базонӕм Чырыстийы ӕмӕ йӕ Фыд Йегъовӕйы тыххӕй (Иоанны 17:3).

  •   Тынгдӕр сыл ӕууӕндӕм (Иоанны 12:44; 14:1).

  •   Нӕ уырнындзинад ӕвдисӕм, сӕ фӕдзӕхстытӕм сын кӕй хъусӕм, уымӕй (Лукайы 6:46; 1 Иоанны 2:17). Чырысти загъта, «Хицау!» ӕм чи дзуры, уыдонӕй алчи кӕй нӕ фервӕздзӕн, фӕлӕ йӕ «уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны», уыдон (Матфейы 7:21).

  •   Кӕд зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уӕддӕр нӕ уырнындзинад хъуамӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уа. Чырысти бӕлвырд бамбарын кодта: «Кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн» (Матфейы 24:13).