Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Хуыцауӕн цал номы ис?

Хуыцауӕн цал номы ис?

Дзуапп Библийӕ

 Хуыцауӕн ис ӕрмӕстдӕр иу ном. Дзуттагау фысгӕ у афтӕ: יהוה. Иронау та йӕ фӕфыссынц «Йегъовӕ» a. Хуыцау пехуымпар Исайы уылты загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ. Уый у мӕ ном» (Исай 42:8). Ацы ном Библийы рагон къухфыстыты ӕмбӕлы 7 000 хатты бӕрц. Библийы фысджытӕ Хуыцауы кой кӕнгӕйӕ уал хатты иу дзырдӕй дӕр не спайда кодтой. Стӕй Библийы уал хатты иу удгоймаджы ном дӕр не ’мбӕлы b.

Хуыцауӕн ма ӕндӕр нӕмттӕ ис?

 Куыд федтам, афтӕмӕй Библимӕ гӕсгӕ Хуыцауӕн ис ӕрмӕстдӕр иу ном. Фӕлӕ ма дзы ӕмбӕлы, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый чи ӕвдисы, бирӕ ахӕм титултӕ ӕмӕ ныхӕстӕ дӕр. Дӕлдӕр дзы цалдӕры кой цӕуы.

Титул

Стихтӕ

Цы нысан кӕны

Аллах

Араббаг дзырд «Аллах» ном нӕу, фӕлӕ титул, нысан кӕны «Хуыцау». Библийы дзырд «Хуыцау» кӕм ӕмбӕлы, уыцы стихты араббаг ӕвзагыл, стӕй ма ноджыдӕр кӕцыдӕр ӕвзӕгтыл фӕпайда кӕнынц дзырд «Аллах»-ӕй.

Альфӕ ӕмӕ Омегӕ

Раргомад 1:8; 21:6; 22:13

«Фыццаг ӕмӕ фӕстаг», кӕнӕ «райдиан ӕмӕ кӕрон», ома Йегъовӕйы размӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау нӕ уыд ӕмӕ йӕ фӕстӕ дӕр нӕ уыдзӕн (Исай 43:10). «Альфӕ» ӕмӕ «омегӕ» сты грекъаг алфавиты фыццаг ӕмӕ фӕстаг дамгъӕтӕ.

Амондджын Хуыцау

1 Тимофеймӕ 1:11

Цин кӕнын чи зоны, уыцы Хуыцау (Псалом 104:31).

Ӕлхӕнӕг

Исай 41:14

Йесо Чырыстийы нывонды руаджы адӕмы балхӕдта, ома сӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар кодта (Иоанны 3:16).

Ӕнусты Паддзах

Раргомад 15:3

Йӕ хицаудзинадӕн нӕй нӕдӕр райдиан, нӕдӕр кӕрон.

Ӕппӕтхъомысджын

Райдиан 17:1

Йӕ тыхӕн ӕмбал нӕй. Дзуттаг дзырдбаст Ел Шадда́й, ома «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау», Библийы ӕмбӕлы авд хатты.

Дунедарӕг Хуыцау

Райдиан 15:2

Йӕ бар цӕуы алцӕуыл дӕр ӕмӕ алкӕуыл дӕр; дзуттагау Адона́й.

Дурынгӕнӕг

Исай 64:8

Дурынгӕнӕгӕн ӕлыгыл йӕ бар куыд цӕуы, афтӕ Хуыцауӕн дӕр йӕ бар цӕуы хицӕн адӕймӕгтыл дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн адӕмыхӕттытыл дӕр (Ромӕгтӕм 9:20, 21).

Ирвӕзынгӕнӕг

Исай 45:21

Йӕ адӕмы фыдбылызтӕй ӕмӕ бӕллӕхтӕй бахизы.

Кадджын Зондамонӕг

Исай 30:20, 21

Ахуыр нӕ кӕны, пайда цы у, ууыл ӕмӕ нын раст фӕндаг амоны (Исай 48:17, 18).

Къӕдзӕх

Псалом 18:2, 46

У ӕмбӕхсӕн бынат ӕмӕ дӕтты ирвӕзындзинад.

Сфӕлдисӕг

Екклесиаст 12:1

Алцыдӕр уый сфӕлдыста.

Фыд

Матфейы 6:9

У царддӕттӕг.

Фыййау

Псалом 23:1

Йӕ лӕггадгӕнджытыл тыхсы.

Хицау

Псалом 135:5

Алкӕмӕн дӕр ӕмӕ алцӕмӕн дӕр у хицау; дзуттагау Адо́н ӕмӕ Адони́м.

Хицау Саваоф

Ромӕгтӕм 9:29, «Ног фӕдзӕхст», 2004

Йӕ ӕнӕнымӕц зӕдтӕн у сӕ разамонӕг. Ныхӕстӕ «Хицау Саваоф» ма ратӕлмац кӕнӕн ис «Ӕфсӕдты хицау»-ӕй дӕр (Ромӕгтӕм 9:29, «Библи – Ног дунейы тӕлмац»).

Хуыцау

Райдиан 1:1

Кӕмӕн фӕкувынц, уый; у хъомысджын. Дзуттаг дзырд Елохи́м у бирӕон нымӕцы ӕмӕ амоны, Йегъовӕ кадджын ӕмӕ бӕрзондылбадӕг Хуыцау кӕй у ӕмӕ йын ӕмбал кӕй нӕй, уымӕ.

Хуыцӕутты хуыцау

Дыккаг закъон 10:17

Дунедарӕг Хуыцау; адӕм цы «ницӕйаг хуыцӕуттӕм» кувынц, уыдон йӕ разы ницы сты (Исай 2:8).

Алыхуызон бынӕтты нӕмттӕ Дзуттаг Фыстыты

 Библийы цы бынӕтты кой цӕуы, уыдонӕй иуӕй-иутӕн сӕ нӕмтты ис Хуыцауы ном. Фӕлӕ уыцы бынӕтты нӕмттӕ Хуыцауы нӕмттӕ не сты.

Бынаты ном

Стихтӕ

Цы нысан кӕны

Йегъовӕ-Ире

Райдиан 22:13, 14

«Йегъовӕ ратдзӕн».

Йегъовӕ-Нисси

Рацыд 17:15

«Йегъовӕ у мӕ нысан [цӕджындз]». Йегъовӕ у, йӕ адӕм ӕххуыс курынмӕ кӕмӕ ӕрбацӕуынц, уыцы Хуыцау (Рацыд 17:13–16).

Йегъовӕ-Шалом

Тӕрхонгӕнджыты 6:23, 24

«Йегъовӕ у фарн».

Хуыцауы ном зонын ӕмӕ дзы пайда кӕнын цӕмӕн хъӕуы

  •   Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын адӕм йӕ ном зоной, ӕмӕ уый бӕрӕг у, Библийы йӕ ном мингай хӕттыты кӕй ныффыссын кодта, уымӕй (Малахи 1:11).

  •   Хуыцауы Фырт, Йесо Чырысти, бирӕ хӕттыты бамбарын кодта, Хуыцауы ном ахсджиаг кӕй у, уый. Зӕгъӕм, иухатт Йегъовӕмӕ афтӕ куывта: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном» (Матфейы 6:9; Иоанны 17:6).

  •   Адӕймаг Хуыцауы ном куы базоны ӕмӕ дзы куы фӕпайда кӕны, уӕд афтӕмӕй райдайы Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын (Псалом 9:10; Малахи 3:16). Ӕмӕ, йӕ хӕлар чи у, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр зӕрдӕ ӕвӕры: «Кӕй мӕ бауарзта, уый тыххӕй йӕ фервӕзын кӕндзынӕн. Бахъахъхъӕндзынӕн ӕй, уымӕн ӕмӕ мын мӕ ном базыдта» (Псалом 91:14).

  •   Библийы фыст ис: «Арвыл ӕмӕ зӕххыл ис, хуыцӕуттӕ кӕй хонынц, ахӕмтӕ,– уымӕн ӕмӕ бирӕ ис „хуыцӕуттӕ“ ӕмӕ „хицӕуттӕ“» (1 Коринфӕгтӕм 8:5, 6). Кӕд Библи ӕндӕр хуыцӕутты кой дӕр кӕны, уӕддӕр иунӕг ӕцӕг Хуыцауы хоны йӕ номӕй – Йегъовӕ (Псалом 83:18).

a Иуӕй-иу дзуттаг иртасджытӕн, Хуыцауы ном куыд дзургӕ у, уыцы формӕтӕй сӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цӕуы «Йахве».

b Хуыцауы номы цыбыр формӕ, Йагъ, Библийы ӕмбӕлы 50 хатты бӕрц, уыимӕ дзырд «Аллилуйа»-йы дӕр. Уыцы дзырд нысан кӕны «Кадджын кӕнут Йагъы» (Раргомад 19:1).