Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Чи кӕнӕ цы у «Альфӕ ӕмӕ Омегӕ»?

Чи кӕнӕ цы у «Альфӕ ӕмӕ Омегӕ»?

Дзуапп Библийӕ

 «Альфӕ ӕмӕ Омегӕ» амоны Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕмӕ. Ацы дзырдбаст Библийы ӕмбӕлы ӕртӕ хатты a (Раргомад 1:8; 21:6; 22:13).

Хуыцау йӕхи «Альфӕ ӕмӕ Омегӕ» цӕмӕн хоны?

 Альфӕ ӕмӕ омегӕ грекъаг алфавиты сты фыццаг ӕмӕ фӕстаг дамгъӕтӕ. Уыцы ӕвзагыл фыст у Библийӕн йӕ иу хай, хонынц ӕй Ног Фӕдзӕхст, уыцы хайы ис Раргомады чиныг. Ацы цӕвиттон, – ома альфӕ ӕмӕ омегӕ грекъаг алфавиты фыццаг ӕмӕ фӕстаг дамгъӕтӕ кӕй сты, уый – хорз ӕвдисы, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ кӕй у райдиан ӕмӕ кӕрон (Раргомад 21:6). Йегъовӕ у Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау, ӕмӕ алкӕддӕр уыд ӕмӕ уыдзӕн. «Ӕнусӕй-ӕнусмӕ» ӕрмӕстдӕр уый у (Псалом 90:2).

«Фыццаг ӕмӕ фӕстаг» чи у?

 Библийы ацы ныхӕстӕ хауынц Йегъовӕ Хуыцаумӕ дӕр ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстимӕ дӕр, фӕлӕ сын иу хъуыды нӕй. Ӕркӕсӕм дыууӕ цӕвиттонмӕ.

  •   Исайы 44:6 стихы Йегъовӕ загъта: «Ӕз дӕн фыццаг ӕмӕ фӕстаг, ӕмӕ мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй». Ацы ныхӕстӕй Йегъовӕ бамбарын кодта, ӕнусӕй-ӕнусмӕ иунӕг ӕцӕг Хуыцау кӕй у ӕмӕ уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау кӕй нӕй (Дыккаг закъон 4:35, 39). Ацы ран дзырдбаст «фыццаг ӕмӕ фӕстаг» ӕмӕ «Альфӕ ӕмӕ Омегӕйӕн» ис иу хъуыды.

  •   Уымӕй уӕлдай ма «Фыццаг [про́тос, а́льфӕ нӕу] ӕмӕ Фӕстаг [э́схатос, оме́гӕ нӕу]» ӕмбӕлынц Раргомады 1:17, 18 ӕмӕ 2:8. Ацы стихты контекстӕй бӕрӕг у, уыцы ныхӕстӕ кӕй хауынц, чи амард ӕмӕ стӕй чи райгас, уымӕ. Уӕдӕ ацы стихты Хуыцауы кой нӕй, уымӕн ӕмӕ уый никуы амӕлдзӕн (Аввакум 1:12). Чырысти та амард ӕмӕ райгас (Хъуыддӕгтӕ 3:13–15). Ӕнӕмӕлгӕ уӕларвон цардмӕ адӕмӕй фыццаг уый райгас, ӕмӕ ныр уым «цӕры ӕнусӕй-ӕнусмӕ» (Раргомад 1:18; Колоссӕгтӕм 1:18). Уый фӕстӕ чи райгас, уыдоны Йесо йӕхӕдӕг райгас кодта (Иоанны 6:40, 44). Уӕдӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг кӕй райгас кодта, уыдонӕй Йесо уыд фӕстаг (Хъуыддӕгтӕ 10:40). Уымӕ гӕсгӕ Чырыстийы ӕцӕгдӕр ис схонӕн «Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг».

Цымӕ Раргомады 22:13 бӕлвырд кӕны, Чырысти «Альфӕ ӕмӕ Омегӕ» кӕй у?

 Нӕ. Ацы сӕры цалдӕрӕй дзурынц ӕмӕ бӕрӕг нӕу, Раргомады 22:13 стихы чи дзуры, уый. Профессор Уильям Баркли Раргомады ацы хайы тыххӕй ныффыста: «Хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл фыст не сты... Зын зӕгъӕн у, бӕлвырдӕй чи дзуры, уый» (The Revelation of John, Volume 2, Revised Edition, page 223). Уӕдӕ Раргомады 22:13 стихы «Альфӕ ӕмӕ Омегӕ» амонынц, Раргомады иннӕ рӕтты кӕмӕ амонынц, уымӕ – Йегъовӕ Хуыцаумӕ.

a Цыппӕрӕм хатт ӕмбӕлы Раргомады 1:10 стихы («Ног Фӕдзӕхст», 2004 аз). Фӕлӕ нӕ рӕстӕджы Библийӕн цы тӕлмацтӕ ис, уыдонӕн сӕ фылдӕры ацы дзырдбаст нӕй, уымӕн ӕмӕ рагон грекъаг къухфыстыты дӕр нӕй. Ӕвӕццӕгӕн ӕй бафтыдтой, Фыстадӕн фӕстӕдӕр цы къопитӕ кодтой, уыдонмӕ.