Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

7 СӔР

Цы у Хуыцауы Паддзахад?

Цы у Хуыцауы Паддзахад?

1. Цы у Хуыцауы Паддзахад?

Йесо Чырысти ӕппӕты хуыздӕр Паддзах цӕмӕн у? (МАРЧЫ 1:40–42).

Хуыцауы Паддзахад у уӕларвон хицауад. Уый кӕрон скӕндзӕн зӕххон хицауӕдтӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕмӕ афтӕ бакӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон уа уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр. Библи Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы дзуры, уый у хорз хабар. Хуыцауы Паддзахад у, ӕппӕт адӕм дӕр кӕмӕ бӕллынц, ахӕм хорз хицауад. Уыцы хицауады фӕрцы адӕм иууылдӕр иу бинонтау фӕрнӕй цӕрдзысты. Бакӕс Данелы 2:44; Матфейы 6:9, 10; 24:14.

Алы паддзахады сӕргъы дӕр вӕййы паддзах. Йегъовӕ йӕ Паддзахады сӕргъы сӕвӕрдта йӕ Фырт Йесо Чырыстийы. Бакӕс Раргомад 11:15.

Бакӕс видеороликмӕ «Цы у Хуыцауы Паддзахад?»

2. Чырысти ӕппӕты хуыздӕр Паддзах цӕмӕн у?

Хуыцауы Фырт у ӕппӕты хуыздӕр Паддзах, уымӕн ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ ӕмӕ уарзы рӕстдзинад (Матфейы 11:28–30). Стӕй адӕмӕн Йесойы хуызӕн никӕй бон у баххуыс кӕнын, уымӕн ӕмӕ зӕххӕн разамынд дӕтдзӕн уӕлӕрвтӕй. Йесо куы райгас, уӕд уӕлӕрвтӕм ацыд ӕмӕ Йегъовӕйы рахиз фарс ӕрбадт ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст (Дзуттӕгтӕм 10:12, 13). Ӕмӕ рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд ын Хуыцау Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ радта. Бакӕс Данелы 7:13, 14.

3. Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн?

Чырыстиимӕ ма уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уыдзысты, Библи «сыгъдӕг адӕм» кӕй хоны, уыдон (Данел 7:27). Уыцы сыгъдӕг адӕмӕй фыццӕгтӕ уыдысты Йесойы иузӕрдион апостолтӕ. Уыцы къордмӕ абоны онг дӕр ӕвзӕрст цӕуынц Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ, нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ. Куы амӕлынц, уӕд сӕ Йегъовӕ Чырыстийау уӕларвон цардмӕ райгас кӕны. Бакӕс Иоанны 14:1–3; 1 Коринфӕгтӕм 15:42–44.

Уӕларвон цардмӕ цал адӕймаджы райгас уыдзӕн? Йесо сӕ схуыдта «гыццыл дзуг» (Лукайы 12:32). Сӕ нымӕц ӕдӕппӕтӕй у 144 000. Уыдон Чырыстиимӕ иумӕ разамынд дӕтдзысты зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Бакӕс Раргомад 14:1.

4. Чырысти паддзах куы сси, уӕд цы сарӕзта?

Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста 1914 азы *. Чырысти куыддӕр Паддзах сси, афтӕ Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ дӕлимонты зӕхмӕ раппӕрста. Хӕйрӕг мӕстӕй рафыхт ӕмӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмыл йӕ пырх калын райдыдта (Раргомад 12:7–10, 12). Уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц. Хӕстытӕ, ӕххормагдзинад, фыднизтӕ ӕмӕ зӕххӕнкъуыстытӕ афтӕ кӕй сарӕх сты, уымӕй бӕрӕг у, тагъд Хуыцауы Паддзахад ӕппӕт бартӕ дӕр йӕ къухмӕ кӕй райсдзӕн. Бакӕс Лукайы 21:7, 10, 11, 31.

5. Хуыцауы Паддзахад абон цы аразы ӕмӕ фидӕны та цы сараздзӕн?

Хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр хъуыстгонд кӕй цӕуы, уый фӕрцы тынг бирӕ адӕм, милуантӕ, сӕхи Хуыцауы Паддзахады дӕлбар бакодтой. Ӕмӕ кӕд уыцы сӕрныллӕг адӕм алы адӕмыхӕттытӕй сты, уӕддӕр ныртӕккӕ дӕр се ’хсӕн ис фарн. Хуыцауы Паддзахад ацы фыддуне куы сафа, уӕд уыцы адӕмӕн сӕ цард бахъахъхъӕндзӕн. Уӕдӕ дӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хорздзинӕдтӕй хайджын уай, уӕд ды дӕр хъуамӕ дӕхи Чырыстийы дӕлбар бакӕнай ӕмӕ сахуыр уай йӕ коммӕ кӕсын. Бакӕс Раргомад 7:9, 14, 16, 17.

Хуыцауы Паддзахад 1 000 азмӕ сӕххӕст кӕндзӕн, Хуыцаумӕ райдианы адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыди, уый. Зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр суыдзӕн дзӕнӕт. Ӕппынфӕстаг Йесо паддзахы бартӕ фӕстӕмӕ йӕ Фыды къухмӕ ратдзӕн (1 Коринфӕгтӕм 15:24–26). Дӕ хиуӕттӕй кӕнӕ дӕ дӕ зонгӕтӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕмӕн фӕндид радзурын? Бакӕс Псалом 37:10, 11, 29.

 

^ 6 абз. Библийы 1914 азы тыххӕй цы фыст ис, уый тыххӕй бӕстон дзырд цӕуы чиныджы «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 215–218 фӕрстӕ.