Марчы 1:1—45

1  Йесо Чырыстийы тыххӕй хорз хабар райдыдта афтӕ.  Пехуымпар Исайы чиныджы фыст у: «Ӕз фервитын дӕ разӕй мӕ фидиуӕджы, ӕмӕ дын уый ӕрцӕттӕ кӕндзӕн фӕндаг*+.  Байхъусут! Ӕдзӕрӕг быдыры чидӕр хъӕр кӕны: „Йегъовӕйӕн фӕндаг ӕрцӕттӕ кӕнут! Алӕгъз ын кӕнут йӕ цӕуӕнтӕ!“»+  Афтӕ фӕзынд ӕдзӕрӕг быдыры Аргъауӕг Иоанн ӕмӕ адӕмӕн хъусын кодта, уӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ донаргъуыд райсут, цӕмӕй уын хатыргонд ӕрцӕуой, зӕгъгӕ+.  Ӕмӕ йӕм уырдӕм цыдысты ӕгас Иудейӕ ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр, ӕмӕ сӕ аргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны, ӕмӕ-иу ӕргом басастысты сӕ тӕригъӕдтыл+.  Иоанн дардта теуайы хъуынӕй дарӕс, йӕ астӕуыл+ та баст уыд сӕрак рон. Хӕргӕ та кодта мӕтыхтӕ+ ӕмӕ хъӕддаг мыд+.  Уый адӕмӕн хъусын кодта: «Мӕ фӕстӕ ’рбацӕуы, мӕнӕй фылдӕр бартӕ кӕмӕ ис, уый. Ӕз, ӕргуыбыр кӕнон ӕмӕ йын йӕ дзабырты бӕттӕнтӕ райхалон, уый аккаг дӕр нӕ дӕн+.  Ӕз уын аргъуыд лӕвӕрдтон донӕй, уый та уын аргъуыд дӕтдзӕн Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй*»+.  Уыцы рӕстӕг галилейаг горӕт Назаретӕй уырдӕм ӕрбацыди Йесо дӕр, ӕмӕ йын Иоанн Иорданы цӕугӕдоны донаргъуыд радта+. 10  Куыддӕр донӕй рахызт, афтӕ ауыдта, арв куыд фегом ӕмӕ йӕ сӕрмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых бӕлоны хуызы куыд ӕрцӕйцыд, уый+. 11  Ӕмӕ уӕд уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: «Ды дӕ мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт»+. 12  Тӕккӕ уыцы сахат ӕй Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕдзӕрӕг быдырмӕ фӕцӕуӕг кодта+. 13  Ӕдзӕрӕг быдыры фӕци цыппор боны+, ӕмӕ йӕ уым Сайтан фӕлвӕрдта+. Уыцы ран Йесо уыди хъӕддаг сырдты ’хсӕн, ӕмӕ йын зӕдтӕ лӕггад кодтой+. 14  Уый фӕстӕ, Иоанны куы ’рцахстой, уӕд, Йесо ацыди Галилейӕмӕ+ ӕмӕ уым хъусын кодта Хуыцауы хорз хабар+ 15  ӕмӕ дзырдта: «Афон ӕрцыд+, Хуыцауы паддзахад ӕрхӕстӕг. Ӕрфӕсмон кӕнут+ ӕмӕ хорз хабарыл баууӕндут». 16  Йесо Галилейӕйы денджызы былгӕрӕтты куы фӕцӕйцыд, уӕд федта Симоны+ йе ’фсымӕр Андреимӕ, сӕ хызтӕ денджызы ӕппаргӕ,– уыдон уыдысты кӕсагахсджытӕ+. 17  Ӕмӕ сын загъта: «Рацӕут мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ ӕз скӕндзынӕн адӕмахсджытӕ»+. 18  Уыдон уайтагъд сӕ хызтӕ ныууагътой ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыдысты+. 19  Уырдыгӕй гыццыл фалдӕр куы бауад, уӕд та федта Зеведейы фыртты – Иаковы ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоанны. Уыдон бадтысты бӕлӕгъы ӕмӕ сӕ хызтӕ ӕмпъызтой+. 20  Йесо сӕм уайтагъд фӕдзырдта. Ӕмӕ уыдон дӕр сӕ фыд Зеведейы йе ’ххуырст кусджытимӕ бӕлӕгъы бадгӕ ныууагътой ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыдысты. 21  Ӕмӕ ’рбацыдысты Капернауммӕ+. Куыддӕр сабат ралӕууыд, афтӕ бацыд ӕмбырдгӕнӕнмӕ* ӕмӕ уым райдыдта адӕмы ахуыр кӕнын. 22  Ӕмӕ сӕ куыд ахуыр кодта, ууыл дисӕй мардысты+, уымӕн ӕмӕ сӕ чиныджыдӕснытау+ нӕ ахуыр кодта – уый кодта барджын ныхас. 23  Уыцы рӕстӕг се ’мбырдгӕнӕны уыд, дӕлимон уӕгъд кӕй нӕ уагъта, иу ахӕм лӕг. Ӕмӕ уыцы лӕг хъӕр кодта+: 24  «Цы дӕ хъӕуы махӕй, назаретаг Йесо?+ Уый тыххӕй ӕрцыдтӕ, ӕмӕ нӕ фесафай? Ӕз ӕй зонын+, чи дӕ – ды дӕ Хуыцауӕй+ ӕрвыст*»+. 25  Фӕлӕ йын Йесо карзӕй загъта: «Ныхъхъус у ӕмӕ дзы рацу!»+ 26  Ӕмӕ дӕлимон уыцы адӕймаджы ныууыгъта, йӕ хъӕлӕсыдзаг ныцъцъӕхахст кодта, ӕмӕ дзы рацыд+. 27  Адӕмы дисӕн кӕрон нал уыд, ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕн дзурын райдыдтой: «Ай цавӕр диссаг у? Афтӕ никуыма ничи амыдта!* Дӕлимонтӕн дӕр барджынӕй дзуры, ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсынц»+. 28  Ӕмӕ йӕ кой уайтагъд айхъуыст ӕгас бӕстӕйыл, Галилейӕйы алы къуымты дӕр+. 29  Уыдон та уыцы сахат ӕмбырдгӕнӕнӕй рахызтысты ӕмӕ Симон+ ӕмӕ Андрейтӕм хӕдзармӕ бацыдысты. Семӕ уыдысты Иаков ӕмӕ Иоанн дӕр. 30  Симонӕн та йӕ усы мадмӕ+ тӕвд уыдис, ӕмӕ хуысгӕ кодта+. Ӕмӕ уый тыххӕй уайтагъд Йесойӕн загътой. 31  Ӕмӕ йӕм Йесо бацыд, йӕ къухыл ын рахӕцыд ӕмӕ йӕ рабадын кодта. Сылгоймагӕн йӕ тӕвд ӕрхауд+, ӕмӕ сын лӕггад кӕнын райдыдта+. 32  Изӕрӕй, хур куы аныгуылд, уӕд ӕм адӕм кӕнын байдыдтой ӕппӕт рынчынтӕ+ ӕмӕ хӕйрӕджджынты дӕр+. 33  Ӕмӕ ӕнӕхъӕн горӕт сӕ дуармӕ ӕрӕмбырд. 34  Йесо сдзӕбӕх кодта бирӕ адӕмы, алыхуызон низтӕй рынчынты+. Стӕй фӕсырдта бирӕ хӕйрӕджыты, ӕмӕ сӕ дзурын нӕ уагъта, уымӕн ӕмӕ уыдон зыдтой, Чырысти* кӕй у, уый+. 35  Райсомӕй раджы, нырма талынг уыд, афтӕ сыстади, ӕддӕмӕ рахызт, ацыд хибар ранмӕ+ ӕмӕ уым куывта+. 36  Уӕд Симон йе ’мбӕлттимӕ йӕ агурӕг рацыд. 37  Ӕмӕ йӕ куы ссардтой, уӕд ын загътой: «Иууылдӕр дӕу куы агурынц». 38  Уый та сын загъта: «Цомут ӕндӕр рӕттӕм, ӕввахс горӕттӕм, цӕмӕй уым дӕр хорз хабар хъусын кӕнон+, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрцыдтӕн»+. 39  Ӕмӕ ацыд ӕмӕ ӕгас Галилейӕйы ӕмбырдгӕнӕнты хорз хабар хъусын кодта, стӕй адӕмӕй хӕйрӕджыты сырдта+. 40  Иухатт ӕм ӕрбацыд иу хъотырджын лӕг. Йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: «Ӕрмӕст дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ»+. 41  Йесо йын тынг фӕтӕригъӕд кодта+, ӕмӕ йӕм йӕ къух бадардта, андзӕвыд ыл ӕмӕ йын загъта: «Фӕнды мӕ. Сдзӕбӕх у»+. 42  Ӕмӕ лӕгӕн йӕ хъотыр уайтагъд ӕрбайсӕфт, ӕмӕ сдзӕбӕх+. 43  Уый фӕстӕ йын загъта, ныр ацу, зӕгъгӕ. Ӕрмӕст ын ныффӕдзӕхста: 44  «Хъусыс, ацы хабар макӕмӕн радзур. Фӕлӕ ацу, дӕхи сауджынӕн фенын кӕн+, ӕмӕ, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ нывонд ӕрхӕсс+, цӕмӕй, кӕй сдзӕбӕх дӕ, уый сауджынтӕ базоной»+. 45  Фӕлӕ лӕг куы ацыд, уӕд уыцы хабар алы ран дзурын райдыдта ӕмӕ йӕ дӕрдтыл айхъуысын кодта. Уый тыххӕй Йесойӕн горӕтмӕ ӕргомӕй бацӕуӕн нал уыди, ӕмӕ-иу горӕты ӕдде, адӕм кӕм нӕ уыд, уым баззад. Фӕлӕ йӕм уӕддӕр алы рӕттӕй цыдысты ӕмӕ цыдысты+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕс Мл 3:1, ст. ацы хай ист у уырдыгӕй.
Кӕнӕ «сыгъдӕг удӕй»; «уд» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Комк. «синагогӕмӕ».
Комк. «Хуыцауы Сыгъдӕг».
Кӕнӕ «Цыдӕр ног ахуырад!»
Кӕс Мф 2:4, фип.