Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

12 СӔР

Хуыцауы хӕлар цӕй фӕрцы суыдзынӕ?

Хуыцауы хӕлар цӕй фӕрцы суыдзынӕ?

1. Цымӕ Хуыцау алкӕй куывдтытӕ дӕр хъусы?

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕм адӕм иууылдӕр кувой ӕмӕ йӕм афтӕмӕй баввахс уой (Псалом 65:2). Фӕлӕ алкӕй куывдтытӕ нӕ хъусы. Зӕгъӕм, лӕг йӕ бинойнаджы куы ӕфхӕра, уӕд ын Хуыцау йӕ куывдтытӕ нӕ хъусдзӕн (1 Петры 3:7). Раджы заманты израилӕгтӕ ӕвзӕр митыл куы бафтыдысты, уӕд уыдонӕн дӕр сӕ куывдтытӕ нал хъуыста. Фӕлӕ адӕймаг цыфӕнды стыр тӕригъӕдтӕ ма сараза, уӕддӕр куы ӕрфӕсмон кӕна, уӕд ын Хуыцау йӕ куывд фехъусдзӕн. Уӕдӕ Хуыцаумӕ кувын у стыр кад ӕмӕ йын хъуамӕ аргъ кӕнӕм. Бакӕс Исайы 1:15; 55:7.

Бакӕс видеороликмӕ «Хуыцау алы куывд дӕр хъусы?»

2. Кувын куыд хъӕуы?

Йегъовӕ у не Сфӕлдисӕг, ӕмӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр уымӕ кувӕм (Матфейы 4:10; 6:9). Стӕй тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ йӕм хъуамӕ кувӕм Йесо Чырыстийы номӕй – уый йӕ цард радта нӕ тӕригъӕдты тыххӕй (Иоанны 14:6). Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй кувгӕйӕ ӕдзух уыцы иу ныхӕстӕ кӕнӕм кӕнӕ, чидӕр кӕй ныффыста, ахӕм куывдтытӕ кӕсӕм. Уый фӕнды, цӕмӕй йын дзурӕм, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Бакӕс Матфейы 6:7; Филиппӕгтӕм 4:6, 7.

Хуыцаумӕ нӕхинымӕр куы кувӕм, уӕддӕр нӕ фехъусдзӕн (1 Самуилы 1:12, 13). Уый нын дзуры, цӕмӕй йӕм кӕдфӕнды дӕр кувӕм. Зӕгъӕм, нӕ бон кувын у райсомӕй ӕмӕ изӕрӕй, хӕрды размӕ кӕнӕ, исты зындзинадыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд. Бакӕс Псалом 55:22; Матфейы 15:36.

3. Ӕцӕг чырыстӕттӕ иумӕ цӕмӕн ӕрӕмбырд вӕййынц?

Адӕймаг Хуыцаумӕ баввахс уа ӕмӕ йӕ хӕлар суа, уый ӕнцон нӕу, уымӕн ӕмӕ нӕ алыварс адӕмӕн сӕ фылдӕр Хуыцауӕй дард сты. Стӕй нын Хуыцау зӕрдӕ цы рӕсугъд фидӕнӕй бавӕрдта, уый дӕр сӕ нӕ уырны (2 Тимофеймӕ 3:1, 4; 2 Петры 3:3, 13). Уӕдӕ мах хъӕуы Хуыцауы адӕмимӕ ӕмбӕлын, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм. Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:24, 25.

Хуыцауы чи уарзы, уыцы адӕмы ’хсӕн куы уӕм, уӕд ӕм ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм. Ӕмӕ нын ахӕм фадат та вӕййы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты. Уым иннӕты уырнындзинад уынгӕйӕ нӕхи уырнындзинад дӕр бафидар вӕййы. Бакӕс Ромӕгтӕм 1:11, 12.

4. Хуыцауы хӕлар цӕй фӕрцы суыдзынӕ?

Хуыцауы Ныхасӕй цы базоныс, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд уый фӕрцы йӕ хӕлар суыдзынӕ. Хъуыды кӕн йӕ хъуыддӕгтыл, йӕ уынаффӕтыл ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл. Йӕ Ныхасыл арф куы хъуыды кӕнай, уӕд хуыздӕр ӕмбардзынӕ, йӕ уарзт ӕмӕ йӕ зонд куыд ӕнӕкӕрон сты, уый. Бакӕс Йесо Навин 1:8; Псалом 1:1–3.

Цӕмӕй Хуыцауы хӕлар суай, уый тыххӕй йыл хъуамӕ дӕ зӕрдӕ дарай, хъуамӕ дӕм уа фидар уырнындзинад. Фӕлӕ уырнындзинад дидинӕгӕй уӕлдай нӕу – ӕдзухдӕр ӕм хъӕуы зилын. Уӕдӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр хъуыды кӕнай, цӕуыл ӕууӕндын, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, зӕгъгӕ. Бакӕс Матфейы 4:4; Дзуттӕгтӕм 11:1, 6.

5. Хуыцауы хӕлар куы суай, уӕд дын уый цы пайда уыдзӕн?

Йегъовӕ тыхсы, чи йӕ уарзы, уыдоныл. Ӕххуыс сын кӕны, цӕмӕй сӕ уырнындзинад ма фӕцуда ӕмӕ ӕнусон царды фӕндагӕй ма фӕиппӕрд уой (Псалом 91:1, 2, 7–10). Стӕй сӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕхи хизой, адӕймагӕн зиан чи хӕссы ӕмӕ фӕсмойнаг кӕй тыххӕй фӕвӕййы, ахӕм хъуыддӕгтӕй. Йегъовӕ йӕ хӕлӕртты кӕны царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл. Бакӕс Псалом 73:27, 28; Иаковы 4:4, 8.