Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

9 ХАЙ

Йегъовӕйӕн ӕнӕхъӕн бинонтӕй лӕггад кӕнут

Йегъовӕйӕн ӕнӕхъӕн бинонтӕй лӕггад кӕнут

«Бакувут арв [ӕмӕ] зӕхх... Сфӕлдисӕгӕн» (Раргомад 14:7)

Куыд федтай, афтӕмӕй ацы брошюрӕйы ис, дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ бинонтӕн дӕр стыр ӕххуыс чи фӕуыдзӕн, бирӕ ахӕм уагӕвӕрдтӕ Библийӕ. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй амондджын уай. Уымӕ гӕсгӕ Библи зӕрдӕ ’вӕры, царды дын ӕппӕты ахсджиагдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы уа, уӕд дӕ цы хъӕуы, «ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр [дын] уыдзӕни» (Матфейы 6:33). Йегъовӕйы тынг фӕнды, цӕмӕй йе ’мбал уай. Уӕдӕ алы фадатӕй дӕр пайда кӕн, цӕмӕй йӕм баввахс уай. Уымӕй стырдӕр кад ма цы хъуамӕ уа! (Матфейы 22:37, 38).

1 ЙЕГЪОВӔМӔ ӔВВАХСДӔР КӔН

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «„Ӕз уыдзынӕн уӕ фыд, сымах та уыдзыстут мӕ фырттӕ ӕмӕ мӕ чызджытӕ“,– зӕгъы Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕ» (2 Коринфӕгтӕм 6:18). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йе ’ввахс ӕмбал суай. Уый тыххӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр у кувын. Йегъовӕ зӕгъы, «ӕппынӕдзух кув», зӕгъгӕ (1 Фессалоникӕгтӕм 5:17). Бӕллы, цӕмӕй йын дӕ хъуыдытӕ ӕмӕ, цӕуыл тыхсыс, уый дзурай (Филиппӕгтӕм 4:6). Дӕ бинонтимӕ иумӕ Хуыцаумӕ куы кувай, уӕд ӕй уындзысты, куыд тынг ыл ӕууӕндыс, уый.

Фӕлӕ Хуыцауимӕ ӕрмӕст ныхас кӕнын фаг нӕу, хъуамӕ ма йӕм хъусгӕ дӕр кӕнай. Уый тыххӕй та йын хъӕуы йӕ Ныхас ахуыр кӕнын ӕмӕ библиӕмбарынгӕнӕн литературӕ кӕсын (Псалом 1:1, 2). Цы базоныс, ууыл-иу хъуыды кӕн (Псалом 77:11, 12). Хуыцаумӕ ма хъусдзынӕ, ӕдзух чырыстон ӕмбырдтӕм куы цӕуай, уӕд (Псалом 122:1–4).

Йегъовӕмӕ ма баввахс уыдзынӕ, иннӕтӕн дӕр йӕ диссаджы миниуджыты ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй куы дзурай, уӕд. Йегъовӕйы тыххӕй цас арӕхдӕр дзурай, уыйас ӕм ӕввахсдӕр кӕндзынӕ (Матфейы 28:19, 20).

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Алы бон дӕр-иу Библи кӕсынӕн ӕмӕ кувынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕн.

  • Уӕ бинонтӕн ирхӕфсӕнтӕй сӕйрагдӕр уӕнт уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгтӕ.

2 УӔ БИНОНТЫ АХУЫР УЫН ЦИНЫ РӔСТӔГ УӔД

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8). Уӕ бинонты ахуырӕн хъуамӕ уа график, ӕмӕ хъуамӕ уӕ бинонты ахуыр уыцы графикмӕ гӕсгӕ цӕуа (Райдиан 18:19). Фӕлӕ ӕрмӕст уый фаг нӕу. Уӕ царды Хуыцауӕн алкӕддӕр хъуамӕ уа бынат. Дӕ бинонтӕ Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕндзысты, семӕ Хуыцауы тыххӕй куы ныхас кӕнай, «хӕдзары куы бадай, фӕндагыл куы цӕуай, куы-иу схуыссай ӕмӕ-иу куы сыстай», уӕд (Дыккаг закъон 6:6, 7). Дӕуӕн дӕр дӕ нысан Йесо Навины нысаны хуызӕн уӕд. Уый загъта: «Ӕз ӕмӕ мӕ бинонтӕ лӕггад кӕндзыстӕм Йегъовӕйӕн» (Йесо Навин 24:15).

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Уӕ бинонты ахуыры-иу равзарут, алкӕмӕн дӕр уӕ пайда чи уыдзӕн, ахӕм ӕрмӕг.