Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5 ХАЙ

Уӕ кӕрӕдзийы бинонтимӕ фӕрнӕй цӕрут

Уӕ кӕрӕдзийы бинонтимӕ фӕрнӕй цӕрут

«Ут хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон» (Колоссӕгтӕм 3:12)

Адӕймаг йӕ цард искӕимӕ куы баиу кӕны, уӕд дыууӕйӕ свӕййынц ног бинонтӕ. Ӕмӕ кӕд дӕ ныййарджыты уарзыс, уӕддӕр дын ныр зӕххы цъарыл дӕ цардӕмбалӕй зынаргъдӕр ничи ис. Ууыл, чи зоны, уӕ ныййарджытӕ тагъд ма сахуыр уой. Фӕлӕ уын Библийы уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уӕ кӕрӕдзийы ныййарджытимӕ дӕр фӕрнӕй цӕрат ӕмӕ дӕ цардӕмбалимӕ дӕр кӕрӕдзийыл ноджы ӕнувыддӕр уат. Ацы статьяйы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонӕй пайда кӕнӕн ис, дзырд иннӕ хиуӕттыл куы цӕуа, уӕд дӕр.

1 УӔ НЫЙЙАРДЖЫТӔН АРГЪ КӔНУТ

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады» (Ефесӕгтӕм 6:2). Цасфӕнды дыл куы цӕуа, уӕддӕр хъуамӕ дӕ ныййарджытӕн кад кӕнай ӕмӕ сӕ нымайай. Стӕй дӕ цардӕмбалӕн дӕр йӕ хӕс у, цӕмӕй йӕ ныййарджытыл тыхса. «Уарзондзинад хӕлӕг нӕ кӕны» (1 Коринфӕгтӕм 13:4; Галатӕгтӕм 5:26). Уӕдӕ дӕм афтӕ ма кӕсӕд, ӕмӕ дӕ цардӕмбал йӕ ныййарджытимӕ ӕнгом куы уа, уӕд дӕуӕй адард уыдзӕн.

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Уӕхи хизут ахӕм ныхӕстӕй: «Дӕ бинонтӕ мӕ ӕдзух ӕфхӕргӕ кӕнынц». Кӕнӕ: «Цыфӕнды ма аразон – дӕ мады зӕрдӕмӕ никуы фӕцӕуы».

  • Архай, дӕ цардӕмбал хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый бамбарыныл.

2 КУЫ ХЪӔУА, УӔД-ИУ ФИДАР ФӔЛӔУУ

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар» (Райдиан 2:24). Адӕймаг бинонтӕ куы скӕны, уӕд дӕр ма йӕ ныййарджытӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма ныр дӕр сывӕллон у ӕмӕ ӕнӕ уыдоны уынаффӕтӕй цӕрын нӕ базондзӕн.

Дӕ цардӕмбалимӕ-иу баныхас кӕнут, уӕ ныййарджытимӕ ӕрмӕстдӕр цавӕр хъуыддӕгты фӕдыл уынаффӕ кӕндзыстут, ӕмӕ-иу сын уый фӕстӕ уӕ хъуыды уӕзданӕй бамбарын кӕнут. Семӕ-иу ӕргом, фӕлӕ фӕлмӕн ныхас кӕнут (Ӕмбисӕндтӕ 15:1). Сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ фӕразон куы уат, уӕд уӕ бинонтимӕ хӕларӕй цӕрдзыстут ӕмӕ «уарзондзинады фӕрцы кӕрӕдзийӕн бардзыстут» (Ефесӕгтӕм 4:2).

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уын уӕ ныййарджытӕ ӕгӕр бирӕ уынаффӕтӕ дӕттынц, уӕд дӕ цардӕмбалимӕ аныхас кӕн, ӕрмӕст мӕстыйӕ нӕ.

  • Ахӕм уавӕрты куыд кӕндзыстут, уый фӕдыл иу хъуыдымӕ ӕрцӕут.