Псалом 1:1—6

1  Амондджын+ у уыцы адӕймаг, фыдгӕнджыты зондыл чи нӕ цӕуы+,Тӕригъӕдджынты фӕндагыл чи нӕ лӕууы+Ӕмӕ, иннӕтыл чи худы, уыдонимӕ чи нӕ бады+.   Уыцы адӕймагӕн циндзинад хӕссы Йегъовӕйы закъон+,Ӕмӕ йын йӕ закъон ӕхсӕвӕй-бонӕй кӕсы сабыр хъӕлӕсӕй+.   Уый уыдзӕн доны был сагъд бӕласы хуызӕн+,Йӕ афоныл дыргъ чи дӕтты+Ӕмӕ йӕ сыфтӕр кӕмӕн нӕ хус кӕны+.Цыфӕнды ма араза – алцыдӕр ын бантысдзӕн+.   Фыдгӕнджытӕ та афтӕ не сты.Уыдон сты, дымгӕ кӕй ахӕссы, уыцы зыгуымы хуызӕн+.   Уымӕ гӕсгӕ фыдгӕнджытӕ тӕрхоны рӕстӕг фидар нӕ фӕлӕудзысты+,Ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ рӕстгӕнджыты ’хсӕн нӕ уыдзысты+.   Йегъовӕ зоны рӕстгӕнджыты фӕндаг+,Фыдгӕнджыты фӕндаг та фесӕфдзӕн+.

Фиппаинӕгтӕ