Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | КОРРУПЦИ КӔМ НАЛ УЫДЗӔН, АХӔМ ХИЦАУАД

Хуыцауы Паддзахад – коррупци кӕм нӕй, ахӕм хицауад

Хуыцауы Паддзахад – коррупци кӕм нӕй, ахӕм хицауад

«Хицауады кусджытӕ дӕр адӕм сты, ӕмӕ адӕм та иууылдӕр ӕмхиц сты коррупцимӕ»,– афтӕ загъта Никарагуайы сӕйраг аудитор, хицауады кусджыты ’хсӕн коррупци фесафӕн цӕуылнӕ ис, уый тыххӕй йӕ хъуыдытӕ куы дзырдта, уӕд.

Адӕм ӕрмӕст сӕхиуыл куы хъуыды кӕной ӕмӕ алцыдӕр сӕхи пайдайӕн куы аразой, уӕд, уыцы адӕм сӕхицӕй цы хицауад равзарой, уым дӕр ӕнӕмӕнг коррупци уыдзӕн. Уӕдӕ, цӕмӕй хицауады коррупци ма уа, уый тыххӕй уыцы хицауад хъуамӕ адӕмӕй ма уа. Раст ахӕм хицауады кой кӕны Библи. Уыцы хицауад у Хуыцауы Паддзахад, Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты кӕй тыххӕй ахуыр кодта кувын, уыцы паддзахад (Матфейы 6:9, 10).

Хуыцауы Паддзахад у ӕцӕг хицауад ӕмӕ разамынд дӕтты уӕлӕрвтӕй. Уый баивдзӕн зӕххон хицауӕдтӕ се ’ппӕт дӕр (Псалом 2:8, 9; Раргомад 16:14; 19:19–21). Уыцы Паддзахад адӕмӕн цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдонӕй иу у, хицауады кусджыты ’хсӕн коррупци кӕй нал уыдзӕн, уый. Ӕркӕсӕм, Паддзахад цы ӕхсӕз хъуыддаджы сраст кӕндзӕн, уымӕ.

1. БАРТӔ

ЗЫНДЗИНАД. Хицауад кусгӕ дӕр ӕмӕ цӕргӕ дӕр кӕны адӕмы ӕхцайӕ, сӕйраджыдӕр цы хъалонтӕ ӕмӕ фиддонтӕ фидынц, уыдонӕй. Ӕмӕ уыйбӕрц ӕхцаимӕ кӕй архайынц, уый хицауады кусджытӕй кӕйдӕрты сразӕнгард кӕны давынмӕ. Иннӕтӕ та гӕртӕмттӕ райсынц, къаддӕр фиддонтӕ кӕнӕ хъалонтӕ фидын кӕй фӕнды, уыдонӕй. Афтӕмӕй сын бауромӕн нал вӕййы – хицауад хъалонтыл схӕцы, цӕмӕй, цы давынц, уый тынг ма разына, ӕмӕ уый тыххӕй коррупци стынгдӕр вӕййы. Ахӕм уавӕрты фылдӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, рӕстӕй чи цӕры, уыдон.

ЙӔ ХОС. Хуыцауы Паддзахадӕн бартӕ радта Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕ * (Раргомад 11:15). Уыцы хицауады хъалонтӕ ӕмбырд кӕнын нӕ хъӕуы, цӕмӕй архайа. Уый нӕ, фӕлӕ ма Хуыцауы стыр тыхы фӕрцы ӕмӕ йӕ рӕдаудзинады фӕрцы Паддзахад, йӕ дӕлбар чи цӕра, уыцы адӕмы цух ӕппындӕр ницӕмӕй уадздзӕн (Исай 40:26; Псалом 145:16).

2. ХИЦАУ

ЗЫНДЗИНАД. «Цӕмӕй коррупцийӕн кӕрон ӕрцӕуа, уый тыххӕй райдайын хъӕуы уӕлейӕ»,– загъта Сьюзан Роуз-Аккерман, йӕ кой цыди фыццаг статьяйы. Хицауад куы фӕархайы, цӕмӕй пъӕлицӕ кӕнӕ таможнӕйы кусджыты ’хсӕн коррупци мауал уа, фӕлӕ хицауады кусджыты ’хсӕн та уымӕ йӕ хъус куы нӕ фӕдары, уӕд ыл адӕм нал феууӕндынц. Суанг тынг ӕнӕзӕрдӕхудт хицау дӕр йӕ туджы рахӕссы ӕнӕххӕстдзинад. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «зӕххыл нӕй иу ахӕм раст адӕймаг дӕр, ӕрмӕст хорздзинад чи аразы» (Екклесиаст 7:20).

Йесо не сразы зӕххыл ӕппӕты стырдӕр гӕртам райсыныл

ЙӔ ХОС. Хуыцау йӕ Паддзахады Сӕргълӕууӕгӕй сӕвӕрдта Йесо Чырыстийы. Уый ӕнӕххӕст адӕмӕй уӕлдай ӕвзӕрдзинад никуы сараздзӕн. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Йесо не сразы зӕххыл ӕппӕты стырдӕр гӕртам райсыныл – «дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ ӕмӕ сӕ кад». Йесо уыдӕттӕ райстаид, ацы дунейы хицау Хӕйрӕгӕн ӕрмӕстдӕр иу хатт куы бакуывтаид, уӕд (Матфейы 4:8–10; Иоанны 14:30). Чырыстийы хъизӕмарӕй куы мардтой, уӕддӕр Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта – йӕ рыстытӕ фӕсабыр кӕнынӕн наркотик бануазыныл не сразы, уымӕн ӕмӕ, цы арӕзта, уый нал ӕмбӕрстаид (Матфейы 27:34). Йесойы хъуыддӕгтӕй рабӕрӕг, уый аккаг кӕй у, цӕмӕй уыцы Паддзахады Сӕргълӕууӕг уа. Хуыцау ӕй фӕстӕмӕ уӕларвон цардмӕ райгас кодта ӕмӕ ныр у Паддзах уӕлӕрвты (Филиппӕгтӕм 2:8–11).

3. ӔДАСДЗИНАД

ЗЫНДЗИНАД. Бирӕ бӕстӕты рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ вӕййы ӕвзӕрстытӕ, цӕмӕй, дам, хицӕуттӕй, йӕ бартӕй раст чи нӕ пайда кӕны, уыдоны сӕ бынӕттӕй сисӕн уа. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та суанг хъӕздыг бӕстӕты дӕр уыцы ӕвзӕрстыты рӕстӕг фӕкӕнынц бирӕ сайӕн митӕ. Хъӕздыг адӕм арӕх ӕхцайӕ феххуыс кӕнынц, ӕвзӕрстыты чи фӕархайы, уыдонӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ тынг бандавынц, хицауады чи кусы ӕмӕ дзы чи кусдзӕн, уыдоныл.

Иугонд Штатты Сӕйраг тӕрхондоны раздӕры тӕрхонгӕнӕг Джон Пол Стивенс ныффыста, зӕгъгӕ, хъӕздгуытӕ афтӕ кӕй архайынц, уый тӕссаг у цалдӕр хъуыддаджы. Иу уый, ӕмӕ «хицауад закъонмӕ гӕсгӕ нӕ равзарынц ӕмӕ кусгӕ дӕр ӕвзӕр фӕкӕны, ӕмӕ ма йыл уымӕй уӕлдай адӕм дӕр нал феууӕндынц». Уӕдӕ диссаг нӕу, ӕгас дунейы дӕр бирӕ адӕммӕ афтӕ кӕй кӕсы, ӕмӕ коррупци политикон партитӕй тынгдӕр никуы ис.

ЙӔ ХОС. Хуыцауы Паддзахады бӕсты ӕндӕр хицауад кӕй нал уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕрстытӕ дӕр нал хъӕудзӕн ӕмӕ афтӕмӕй адӕмӕн сайыны фадат дӕр нал уыдзӕн (Данел 7:13, 14). Хуыцау йӕ Паддзахады Сӕргълӕууӕджы йӕхӕдӕг кӕй равзӕрста, уымӕ гӕсгӕ адӕмы хъӕлӕс кӕнын дӕр нӕ хъӕуы, стӕй йӕ ивгӕ дӕр нӕ бакӕндзысты. Уыцы Паддзахад фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ у. Уымӕ гӕсгӕ нӕ ныфс ис, йӕ хъуыддӕгтӕ алы хатт дӕр кӕй уыдзысты йӕ адӕмы пайдайӕн ӕмӕ сын ӕнустӕм хорздзинад кӕй хӕсдзысты.

4. ЗАКЪӔТТӔ

Хуыцауы Паддзахад у ӕцӕг хицауад ӕмӕ разамынд дӕтты уӕлӕрвтӕй

ЗЫНДЗИНАД. Чи зоны, адӕммӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ ног закъӕттӕ куы рауадзой, уӕд уавӕр фӕхуыздӕр уыдзӕн. Фӕлӕ эксперттӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй закъӕттӕ куыд фылдӕр кӕнынц, афтӕ арӕх фылдӕр фадӕттӕ фӕзыны сӕ сӕрты ахизынӕн. Уымӕй уӕлдай ма, коррупцийы ныхмӕ цы закъӕттӕ ӕрымысынц, уыдон ӕрфидар кӕныныл ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕныныл дуне ӕхца ацӕуы, ӕххуыс та уыйбӕрц ницы вӕййынц.

ЙӔ ХОС. Хуыцауы Паддзахад цы закъӕттӕ сфидар кодта, уыдон бирӕ хуыздӕр сты зӕххон хицӕутты закъӕттӕй. Зӕгъӕм, цы ис аразӕн ӕмӕ цы нӕ ис аразӕн, уыдӕттӕн Йесо стыр хыгъд нӕ сарӕзта, фӕлӕ радта иу уагӕвӕрд, арӕх ӕй фӕхонынц сызгъӕрин уагӕвӕрд. Уый у ахӕм: «Уӕдӕ уӕ алы хъуыддаджы дӕр куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр» (Матфейы 7:12). Стӕй зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады закъӕттӕ баст сты, адӕймаг цы аразы, ӕрмӕст уыимӕ нӕ, фӕлӕ йӕ цӕмӕн аразы, уыимӕ дӕр. «Дыккаг фӕдзӕхст дӕр уый хуызӕн у: „Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“» (Матфейы 22:39). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау зӕрдӕтӕ уыны ӕмӕ фӕзоны, адӕймаг уыцы закъӕттӕ ӕххӕст кӕны ӕви нӕ (1 Самуилы 16:7).

5. ЗӔРДӔЙЫ УАГ

ЗЫНДЗИНАД. Коррупци пайда кӕмӕн у, уыдон сты зыд ӕмӕ хиуарзон. Хицауады кусджытӕм ӕмӕ адӕммӕ арӕх вӕййы ахӕм ӕвзӕр миниуджытӕ. Фыццаг статьяйы дзырдтам, Сеулы чи ныппырх, уыцы стыр дуканийы тыххӕй. Хицауады кусджытӕн гӕртам чи радта, уыцы аразджытӕ хорз зыдтой, гӕртам куы радтой, уӕд сӕ уыцы агъуыст саразынӕн кӕй нӕ хъӕудзӕн хӕрзгъӕд ӕрмӕгӕй пайда кӕнын, стӕй арӕзтадон нормӕтӕ ӕххӕст кӕнын дӕр.

Цӕмӕй коррупци мауал уа, уый тыххӕй адӕмы хъӕуы сахуыр кӕнын, цӕмӕй уӕлахиз кӕной, сӕ зонды чи ныффидар, уыцы ӕвзӕр миниуджытыл – зыд кӕнын ӕмӕ хиуарзондзинадыл. Фӕлӕ хицӕутты уый фӕндгӕ дӕр нӕ кӕны ӕмӕ сын фадат дӕр нӕй, цӕмӕй адӕмы ууыл сахуыр кӕной.

ЙӔ ХОС. Хуыцауы Паддзахад коррупци ӕдуидаг тоны. Уый адӕмы ахуыр кӕны, цӕмӕй, уымӕ цы ӕвзӕр фӕндтӕ кӕны, уыдоныл уӕлахиз кӕной *. Уыцы ахуырад сын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй «ног кӕной, сӕ зонд сын чи разӕнгард кӕны, уыцы тых» (Ефесӕгтӕм 4:23). Уыдон нал сты зыд ӕмӕ хиуарзон, фӕлӕ сын цы ис, уымӕй разы сты ӕмӕ иннӕтыл тыхсынц (Филиппӕгтӕм 2:4; 1 Тимофеймӕ 6:6).

6. АДӔМ

ЗЫНДЗИНАД. Адӕм амӕй-ай хуыздӕр ӕгъдӕуттыл ахуыр куы вӕййынц ӕмӕ амӕй-ай хуыздӕр бынӕтты куы фӕцӕрынц, уӕддӕр сӕ чидӕртӕ рӕстӕй нӕ фӕархайынц ӕмӕ коррупцийыл бафтынц. Иртасджытӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, хицауадӕн коррупци фесафын сӕ бон раст уый тыххӕй нӕу. Ӕппӕты фылдӕр сӕ ныфс ис, цӕмӕй афтӕ бакӕной, ӕмӕ коррупци тынг ма парахат кӕна ӕмӕ къаддӕр зиан хӕсса.

ЙӔ ХОС. Иугонд Нациты Организаци коррупцийы ныхмӕ цы конвенци рахаста, уым дзырд цӕуы, зӕгъгӕ, коррупцийы ныхмӕ тох кӕныны тыххӕй хицӕуттӕ хъуамӕ адӕмы разӕнгард кӕной, цӕмӕй уой «ӕнӕзӕрдӕхудт, сайгӕ ма кӕной ӕмӕ сӕ ныхасӕн хицау уой». Уый тынг хорз нысан у. Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахад йӕ адӕмы уыцы миниуджытӕм ӕрмӕст разӕнгард нӕ кӕны, фӕлӕ домы, цӕмӕй сӕ царды ӕвдисой. Библийы фыст ис, «зыд адӕймӕгтӕ» ӕмӕ «сайгӕ чи кӕны», уыдон Хуыцауы Паддзахад бынӕн кӕй нӕ райсдзысты (1 Коринфӕгтӕм 6:9–11; Раргомад 21:8).

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау абон дӕр адӕмӕн сӕ бон у ахӕм миниуджытыл кусын. Зӕгъӕм, ахуыргӕнинаг Симоны куы бафӕндыд, цӕмӕй уый дӕр сыгъдӕг тыхӕй схайджын уыдаид, ӕмӕ уый тыххӕй апостолтӕн гӕртам куы лӕвӕрдта, уӕд ын уыдон не сразы сты ӕмӕ йын загътой: «Ӕрфӕсмон кӕн де ’взӕр хъуыддӕгтыл». Симон федта, йе ’взӕр фӕнд куыд тӕссаг уыд, уый ӕмӕ апостолтӕн загъта, цӕмӕй йын скуывтаиккой ӕмӕ уыцы фӕндыл фӕуӕлахиз уыдаид (Хъуыддӕгтӕ 8:18–24).

ЦЫ ИС САРАЗӔН, ЦӔМӔЙ ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАДЫ ДӔЛБАР ЦӔРАЙ

Цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уай, уӕддӕр дын ис фадат, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрай (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35). Уый тыххӕй дӕ цы аразын хъӕуы, уый базондзынӕ, Хуыцауы Паддзахад ӕгас дунейы дӕр адӕмы кӕй ахуыр кӕны, уый фӕрцы, бӕлвырд программӕйы фӕрцы. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй равдисдзысты, адӕмимӕ Библи лӕвар куыд ахуыр кӕнынц, уый. Уымӕн къуыри 10 минуты дӕр фаг у. Уымӕй уӕлдай ма фылдӕр базондзынӕ, «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» цӕй мидӕг ис ӕмӕ уый хицауады коррупцийӕн кӕрон куыд скӕндзӕн, уый дӕр (Лукайы 4:43). Кӕм цӕрыс, уым Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ссар кӕнӕ бацу сайтмӕ jw.org.

Фӕнды дӕ, цӕмӕй демӕ Библи хӕдзары лӕвар ахуыр кӕной?

^ 8 абз. Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном.

^ 22 абз. Кӕс брошюрӕ «Коррупцийӕн искуы кӕрон уыдзӕн?», статья «Коррупци афтӕ парахат кӕм у, уыцы дунейы ӕнӕзӕрдӕхудтӕй цӕрӕн ис?».