Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Хуыцау ӕнӕуи цавӕрдӕр тых у?

Хуыцау ӕнӕуи цавӕрдӕр тых у?

Дзуапп Библийӕ

 Хуыцауы тыхӕн кӕрон нӕй. Цы миллиардгай стъалытӕ сфӕлдыста, уыдоны тыххӕй Библийы фыст ис: «Уӕ цӕстытыл-ма хӕрдмӕ схӕцут ӕмӕ акӕсут. Ӕппӕт уыдӕттӕ чи сфӕлдыста? Сфӕлдыста сӕ, стъалыты ӕфсад чи ракӕны, уый – алкӕцы дӕр йӕхи нымӕцмӕ гӕсгӕ, алкӕцы дӕр дзы [Хуыцау] хоны йӕ номӕй. Йе стыр хъаруйы ӕмӕ йе стыр тыхы фӕрцы иууылдӕр лӕууынц сӕ бынӕтты» (Исай 40:25, 26).

 Фӕлӕ Хуыцау цавӕрдӕр стыр тых йеддӕмӕ ницы у? Нӕ, Библийы фыст ис, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у уарзын дӕр ӕмӕ цӕмӕйдӕрты та йе сӕфт уынын дӕр (Псалом 11:5; Иоанны 3:16). Библийӕ ма базонӕн ис, адӕмӕн сӕ митӕй сӕ бон кӕй у Хуыцауӕн циндзинад ӕрхӕссын дӕр ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнын дӕр (Псалом 78:40, 41).