Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ: ДУНЕЙЫ КӔРОН. ТӔРСЫН ДЗЫ ХЪӔУЫ?

Дунейы кӕрон – тӕрсынц дзы, ӕнхъӕлмӕ йӕм кӕсынц, нымады дӕр сӕм нӕу

Дунейы кӕрон – тӕрсынц дзы, ӕнхъӕлмӕ йӕм кӕсынц, нымады дӕр сӕм нӕу

Бирӕтӕ куыд дзырдтой, афтӕмӕй 2012 азы 21 декабры дунейы хъуамӕ стыр ивындзинӕдтӕ ӕрцыдаид. Ды та куыд хъуыды кодтай? Цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастӕ, уымӕй кӕнгӕ уыд, ӕнцонтӕй сулӕфыдтӕ, фыдӕнхъӕл фӕдӕ ӕви дын уӕлдай нӕ уыд, уый. Цымӕ ацы хабарӕй бӕрӕг нӕу, фидӕны цы уыдзӕн, уый фӕдыл адӕммӕ цы хъуыдытӕ вӕййы, уыдон алы хатт раст кӕй нӕ вӕййынц?

Цы зӕгъӕн ис, Библи цы «дунейы фӕуды [кӕроны]» кой кӕны, уый тыххӕй та? (Матфейы 24:3, «Ног Фӕдзӕхст», 2004) Иуӕй-иутӕ тӕрсынц, зӕхх кӕй басудздзӕн, уымӕй. Иннӕты цымыдис кӕны, кӕроны рӕстӕг цы уыдзӕн, уый. Бирӕтӕ та бафӕлладысты, иууылдӕр, кӕрон хӕстӕг кӕй у, уый тыххӕй кӕй дзурынц, уымӕй. Цымӕ ӕцӕгдӕр исты уыдзӕн? Хабар бӕлвырдӕй куыд у?

Ӕвӕццӕгӕн дӕм диссаг фӕкӕсдзӕн, дунейы кӕроны тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый куы базонай. Дунейы кӕронмӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Библи ӕрмӕст уый не ’мбарын кӕны, фӕлӕ ма дзы фыст ис, иуӕй-иутӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕй кӕй бафӕллайдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ кӕрон ӕгӕр фӕстиат кӕны. Ӕркӕсӕм-ма, адӕммӕ дунейы кӕроны тыххӕй арӕхдӕр цы фарстатӕ вӕййы, уыдонӕн Библи цавӕр дзуапп дӕтты, уымӕ.

Зӕхх ӕцӕгдӕр басудздзӕн?

БИБЛИ ЗӔГЪЫ: «Ды [Хуыцау] зӕхх сӕвӕрдтай фидар бындурыл, ӕмӕ ӕнустӕм, мыггагмӕ дӕр, нӕ фенкъуысдзӕн» (ПСАЛОМ 104:5).

Зӕхх никуы фесӕфдзӕн – нӕдӕр судзгӕ бакӕндзӕн, нӕдӕр ӕндӕр истӕй аххосӕй фесӕфдзӕн. Библи зӕгъы, зӕхх кӕй у адӕмы цӕрӕнбынат ӕнустӕм. Псаломы 37:29 стихы фыст ис: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 115:16; Исай 45:18).

Хуыцау зӕхх куы сфӕлдыста, уӕд загъта, ӕппӕт дӕр кӕй уыд «тынг хорз», ӕмӕ абоны онг дӕр йӕ хъуыды нӕ аивта (Райдиан 1:31). Хуыцаумӕ ахӕм фӕнд нӕй, цӕмӕй зӕхх фесафа, фӕлӕ зӕрдӕ ’вӕры, «зӕхх чи сафы, уыдоны... [кӕй] фесафдзӕн», ома йӕ фесафын кӕй нӕ бауадздзӕн (Раргомад 11:18).

Фӕлӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс, уӕд 2 Петры 3:7 стих куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ. Уыцы стихы фыст ис: «Ныртӕккӕйы арв ӕмӕ зӕхх ӕвӕрд сты артӕй басудзынмӕ». Уӕдӕ ацы стихмӕ гӕсгӕ афтӕ нӕ уайы, ӕмӕ зӕхх басудздзӕн? Библийы ныхӕстӕ «арв», «зӕхх» ӕмӕ «арт» арӕх комкоммӕ ӕмбаргӕ нӕ вӕййынц. Зӕгъӕм, Райдианы 11:1 стихы фыст ис: «Уыцы рӕстӕг ӕгас зӕххыл дӕр уыди иу ӕвзаг». Ам дзырд «зӕхх» амоны адӕммӕ.

Уӕдӕ 2 Петры 3:7 стих кӕцӕй ис у, уыцы скъуыддзагӕй бӕрӕг у, дзырд дзы цы арв ӕмӕ артыл цӕуы, уыдон дӕр комкоммӕ ӕмбаргӕ не сты. 5 ӕмӕ 6 стихты кӕроны рӕстӕг барст цӕуы, Нойы заман цы Доны хъаймӕт уыд, уыимӕ. Доны хъаймӕты бабын рагон дуне, фӕлӕ зӕхх нӕ фесӕфт. Уӕд бабын сты, фыдхъуыддӕгтӕ чи кодта, уыцы адӕм, ома «зӕхх». Бабын ис «арв» дӕр, ома уыцы адӕмӕн сӕ хицӕуттӕ (Райдиан 6:11). Афтӕ 2 Петры 3:7 стихы дзырд цӕуы, фыдгӕнджытӕ ӕмӕ сын разамынд чи дӕтты, уыдон ӕнустӕм кӕй фесӕфдзысты, цыма ӕртӕй басудздзысты, уыйау.

Дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд стӕй цы уыдзӕн?

БИБЛИ ЗӔГЪЫ: «Дуне... фӕивгъуыйы ӕмӕ йӕ монцтӕ дӕр, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм» (1 ИОАННЫ 2:17).

Цы «дуне» фӕивгъуыйы, уый зӕхх нӕу. Уый амоны, Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ чи нӕ цӕры, уыцы адӕммӕ. Адӕймагӕн йӕ аппендицит куы фӕцӕйтоны, ӕмӕ йын мӕлӕтӕй тӕссаг куы вӕййы, уӕд ын ӕй хирург ралыг кӕны. Афтӕ тагъд Хуыцау дӕр фыдгӕнджыты фесафдзӕн, цӕмӕй хорз адӕм зӕххыл амондджынӕй цӕрой (Псалом 37:9). Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, дунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый у цины хабар.

Дунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕй ӕцӕгдӕр тӕрсын кӕй нӕ хъӕуы, уый бӕрӕг у Библийы иуӕй-иу тӕлмацтӕй. Уыдоны дзырдбаст, «дунейы кӕрон», зӕгъгӕ, тӕлмацгонд у афтӕ: «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон» кӕнӕ «ӕнусы кӕрон» (Матфейы 24:3, «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994). Уӕдӕ кӕд адӕм дӕр ӕмӕ зӕхх дӕр нӕ фесӕфдзысты, уӕд цымӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уый фӕстӕ ног ӕнус, кӕнӕ ног цардӕвӕрд, кӕй ралӕудзӕн? Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй ралӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ дзы фыст ис «ӕрцӕуинаг цардӕвӕрды» тыххӕй (Лукайы 18:30, фиппаинаг).

Чырысти фидӕны тыххӕй дзургӕйӕ загъта, «ӕппӕт дӕр ногӕй [кӕй] сараздзӕн». Уыцы рӕстӕг адӕм Чырыстийы фӕрцы цӕрдзысты, райдианы Хуыцаумӕ цы фӕндон уыд, уымӕ гӕсгӕ (Матфейы 19:28). Уӕд цин кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ хайджын уыдзыстӕм ахӕм арфӕдзинӕдтӕй:

Кӕд Хуыцауы фӕндон, ома нӕ нӕхи пайдайӕн цы домы, уый, ӕххӕст кӕнӕм, уӕд, дунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕй хъуамӕ тӕрсгӕ ма кӕнӕм, фӕлӕ йӕм хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм.

Дунейы кӕрон ӕцӕгдӕр тагъд уыдзӕн?

БИБЛИ ЗӔГЪЫ: «Куы уынат, ӕмӕ адӕттӕ цӕуынц, уӕд ӕй зонут: Хуыцауы паддзахад ӕрхӕстӕг» (ЛУКАЙЫ 21:31).

Профессор Ричард Кил йӕ чиныджы фыссы, зӕгъгӕ, «царды уавӕртӕ ӕнӕнхъӕлӕджы куы фӕивынц ӕмӕ бӕстӕ куы сӕмтъеры вӕййы, уӕд иууылдӕр райдайынц дунейы кӕроны кой кӕнын». Уӕлдайдӕр та, цард афтӕ кӕй фӕивта, уый сӕ бон бамбарын кӕнын куы нӕ вӕййы, уӕд (The Last Days Are Here Again).

Фӕлӕ пехуымпартӕ кӕроны тыххӕй, сӕ рӕстӕджы цы ӕвзӕр хабӕрттӕ цыд, уыдон бамбарын кӕныны тыххӕй нӕ фыстой. Уыдон Хуыцауы фӕндӕй ныффыстой, дунейы кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ кӕны, уымӕ чи амондзӕн, уыцы хабӕртты тыххӕй. Ӕркӕс-ма цалдӕр пехуымпарадмӕ ӕмӕ ахъуыды кӕн, абон ӕххӕст кӕнынц ӕви нӕ.

  • Уыдзӕн хӕстытӕ, ӕххормагдзинад, зӕххӕнкъуыстытӕ, хос кӕмӕн нӕй, ахӕм низтӕ (Матфейы 24:7; Лукайы 21:11).

  • Фыдхъуыддӕгтӕ сарӕх уыдзысты (Матфейы 24:12).

  • Зӕхх сафдзысты (Раргомад 11:18).

  • Адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарзаг, Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ (2 Тимофеймӕ 3:2, 4).

  • Бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн (2 Тимофеймӕ 3:2, 3).

  • Дунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ кӕны, уымӕ цы хабӕрттӕ амонынц, уыдон сӕ фылдӕрмӕ нымады дӕр не уыдзысты (Матфейы 24:37–39).

  • Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд цӕудзӕн (Матфейы 24:14).

Йесо куыд загъта, афтӕмӕй, «ӕппӕт адӕттӕ» куы уынӕм, уӕд ӕй зондзыстӕм, дунейӕн йӕ кӕрон тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн (Матфейы 24:33). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы бӕлвырдгӕнӕнтӕ уынынц ӕмӕ сӕ уырны, хабар ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынц адӕмӕн 236 бӕстӕйы.

Кӕрон, ӕнхъӕл кӕд уыдысты, уӕд кӕй не ’рцыд, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ никуы ӕрцӕудзӕн?

БИБЛИ ЗӔГЪЫ: «Афтӕ куы дзурой: „Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!“, уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн се сӕфт, арыны афон сылгоймагӕн йӕ тухитӕ ӕнӕнхъӕлӕджы куыд райдайынц, афтӕ, ӕмӕ ницы хуызы аирвӕздзысты» (1 ФЕССАЛОНИКӔГТӔМ 5:3).

Дунейы кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн, уый Библи бары сывӕрджын сылгоймаджы арыны тухитимӕ – уыцы тухитӕ бавзары ӕнӕмӕнгӕй ӕмӕ йын райдайынц ӕнӕнхъӕлӕджы. Дунейы кӕроны размӕ цы рӕстӕг уыдзӕн, уый дӕр абарӕн ис, сывӕрджын сылгоймаджы уавӕримӕ, уымӕн ӕмӕ сывӕллон гуыбыны куыд фӕрӕзы, афтӕ мад тынгӕй-тынгдӕр фембары, йӕ арыны афон кӕй ӕрхӕццӕ кӕны, уый. Йӕ дохтыр ын, чи зоны, зӕгъа, сывӕллон цы бон райгуырдзӕн, уый. Фӕлӕ уыцы бон куы нӕ райгуыра, уӕд дӕр сылгоймаг нӕ дызӕрдыг кӕндзӕн, тагъд ын кӕй райгуырдзӕн, ууыл. Уӕдӕ кӕд кӕрон, адӕм ӕм куы ӕнхъӕлмӕ кастысты, уӕд не ’рцыд, уӕддӕр нӕхи цӕстӕй уынӕм, «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уый бӕлвырдгӕнӕнтӕ (2 Тимофеймӕ 3:1).

Фӕлӕ, чи зоны, ахъуыды кӕнай, зӕгъгӕ, кӕд, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уымӕн бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уӕд сӕ уыйбӕрц адӕм цӕуылнӕ уынынц, зӕгъгӕ. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, кӕрон куы ӕрхӕстӕг уа, уӕд ын бирӕтӕ йӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ницӕмӕ дардзысты. Фӕстаг бонты цард ӕвзӕрырдӕм кӕй аивдзӕн, ууыл нӕ сӕтдзысты, фӕлӕ хынджылӕг кӕндзысты: «Нӕ фыдӕлтӕ куы амардысты, уӕдӕй нырмӕ ницы фӕивта, алцыдӕр у, дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ куыддӕриддӕр уыд, афтӕ» (2 Петры 3:3, 4). Цыбырдзырдӕй, бӕрӕг уыдзӕн, фӕстаг бонтӕ кӕй сты, фӕлӕ бирӕтӕм уый нымады дӕр нӕ уыдзӕн (Матфейы 24:38, 39).

Кӕрон ӕввахс кӕй у, уымӕн Библийы цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдонӕй ацы статьяйы ӕркастыстӕм ӕрмӕстдӕр цалдӕрмӕ *. Фылдӕр базонын дӕ нӕ фӕндид? Кӕд о, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕмӕн зӕгъ, цӕмӕй демӕ Библи ахуыр кӕнын райдайой. Библи ахуыр кӕнӕн ис дӕ хӕдзары кӕнӕ дӕ кӕм фӕнды, ӕндӕр ахӕм ран, йе та суанг телефонӕй дӕр. Хардз кӕнын дӕ рӕстӕг йеддӕмӕ ницы бахъӕудзӕн, фӕлӕ уый фӕрцы цы базондзынӕ, уый афтӕ зынаргъ у, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй.

^ 39 абз. Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 9 сӕр, «Ӕцӕгдӕр „фӕстаг бонты“ цӕрӕм?». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.