Псалом 115:1—18

115  Мах не стӕм кады аккаг, о Йегъовӕ, мах не стӕм+,Фӕлӕ скадджын кӕн дӕ ном+Де ’нувыд уарзтмӕ гӕсгӕ, дӕ рӕстдзинадмӕ* гӕсгӕ+.   Цӕмӕн хъуамӕ дзурой адӕмтӕ+,Цӕй, кӕм ис сӕ Хуыцау, зӕгъгӕ?+   Махӕн нӕ Хуыцау ис уӕлӕрвты+.Цыдӕриддӕр ӕй фӕндыд, уый сарӕзта+.   Уыдоны хуыцӕуттӕ та сты ӕвзист ӕмӕ сызгъӕринӕй+,Зӕххон адӕймаджы къухӕй конд+.   Ис сын дзых, фӕлӕ дзургӕ нӕ кӕнынц+.Ис сын цӕстытӕ, фӕлӕ нӕ уынынц+.   Ис сын хъустӕ, фӕлӕ нӕ хъусынц+.Ис сын фындз, фӕлӕ тӕф не ’мбарынц+.   Ис сын къухтӕ, фӕлӕ сын сты мард+.Ис сын къӕхтӕ, фӕлӕ цӕугӕ нӕ кӕнынц+.Ӕмӕ сӕ дзыхӕй сыпп дӕр нӕ хауы+.   Уыдонау уыдзысты сӕ аразджытӕ дӕр+,Йӕ зӕрдӕ сыл чи дары, уыдон се ’ппӕт дӕр+.   О Израил, дӕ зӕрдӕ дар Йегъовӕйыл+,Уый у де ’ххуысгӕнӕг ӕмӕ дӕ уарт+. 10  О Аароны хӕдзарвӕндаг, уӕ зӕрдӕ дарут Йегъовӕйыл+,Уый у уе ’ххуысгӕнӕг ӕмӕ уӕ уарт+. 11  Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдон, уӕ зӕрдӕ дарут Йегъовӕйыл+,Уый у уе ’ххуысгӕнӕг ӕмӕ уӕ уарт+. 12  Йегъовӕ нӕ нӕ ферох кодта, уый раарфӕ кӕндзӕн+,Раарфӕ кӕндзӕн Израилы адӕмӕн+,Раарфӕ кӕндзӕн Аароны хӕдзарвӕндагӕн+. 13  Раарфӕ кӕндзӕн, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдонӕн+,Хуымӕтӕг адӕмӕн ӕмӕ номдзыд адӕмӕн+. 14  Йегъовӕ уӕ сбирӕ кӕндзӕн+,Уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ фыртты дӕр+. 15  Сымах арфӕгонд стут Йегъовӕйӕ+,Арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕгӕй+. 16  Уӕлӕрвтӕ сты Йегъовӕйы+,Зӕхх та радта адӕймаджы фырттӕн+. 17  Мӕрдтӕ Йагъы нӕ кадджын кӕнынц+,Нӕ йӕ кадджын кӕны, ӕнустӕм чи бамыр, уыдонӕй иу дӕр+. 18  Фӕлӕ мах арфӕ кӕндзыстӕм Йагъӕн+Ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр+.Кадджын кӕнут Йагъы!+

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «ӕцӕгдзинадмӕ».