Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

«Ӕз ссардтон ӕцӕг сӕрибардзинад»

«Ӕз ссардтон ӕцӕг сӕрибардзинад»
  • РАЙГУЫРД: 1981 АЗЫ

  • БӔСТӔ: АИШ

  • РАЗДӔР: УЫД «СӔФТ ФЫРТ»

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.

Ӕз райгуырдтӕн, Огайойы цӕугӕдоны был чи ис, уыцы горӕт Маундсвиллы, штат Хурныгуылӕн Виргинийӕн (АИШ) йӕ цӕгат фарс. Мах уыдыстӕм цыппар сывӕллоны – ӕртӕ лӕппуйы ӕмӕ иу чызг. Ӕз уыдтӕн дыккаг. Хъӕлдзӕг кӕй уыдыстӕм, уый, ӕвӕццӕгӕн, дзурын дӕр нӕ хъӕуы. Мӕ ныййарджытӕ уыдысты кусаг, ӕнӕхин ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕм. Кӕд хъӕздыг нӕ уыдыстӕм, уӕддӕр нӕхи фаг кодтам. Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ нӕ нӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ хъомыл кодтой Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ.

Фӕлӕ гыццыл куы фестырдӕр дӕн, уӕд мӕ зӕрдӕ ӕндӕр цӕмӕдӕр ӕхсайын райдыдта. Хъуыды-иу кодтон, мӕ цард Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы аразон, уӕд мын уый исты пайда уыдзӕн, зӕгъгӕ. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ ӕцӕг амондджын уыдзынӕн, цы мӕ фӕнды, уый куы аразон, ӕрмӕстдӕр уӕд. Гыццыл фӕстӕдӕр ӕмбырдтӕм нал цыдтӕн. Уыцы зондыл ацыдысты мӕ хистӕр ӕфсымӕр ӕмӕ мӕ кӕстӕр хо дӕр. Нӕ ныййарджытӕ тынг архайдтой, цӕмӕй нын баххуыс кодтаиккой, фӕлӕ мах къӕрттӕй цъула не ’ппӕрстам.

Уӕд ӕй ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодтон, цы сӕрибардзинадмӕ бӕллыдтӕн, уый мӕ йӕхицӕн цагъар кӕй скӕндзӕн. Иухатт скъолайӕ хӕдзармӕ куы цыдтӕн, уӕд мын ме ’мбал тамако радта, ӕмӕ йӕ ӕз дӕр бадымдтон. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ мӕ рохтӕ феуӕгъд сты – ӕвзӕр митыл бафтыдтӕн. Фӕстӕдӕр фӕцахуыр дӕн наркотиктыл, фыднозт кӕнын райдыдтон ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ кодтон. Цалдӕр азы дӕргъы уыдтӕн, адӕймаг тынг кӕуыл сахуыр вӕййы ӕмӕ цардӕн тӕссаг кӕмӕй у, ахӕм наркотикты цагъар. Уыцы цъымарайы арфӕй-арфдӕр ныгъуылдтӕн ӕмӕ мын цӕмӕй ӕхца фаг кодтаид, уый тыххӕй мӕхӕдӕг дӕр наркотиктӕ уӕй кӕнын райдыдтон.

Фӕлӕ мын ме ’фсарм ӕнцой нӕ лӕвӕрдта ӕмӕ мын ӕдзух мӕ зӕрдыл лӕууын кодта, раст фӕндагыл кӕй нӕ лӕууын. Фӕлӕ хъуыды кодтон, фӕстӕмӕ мын фӕндаг нал ис, зӕгъгӕ. Кӕд-иу ӕдзух адӕмы ’хсӕн уыдтӕн, зӕгъӕм, исты бадты кӕнӕ концерты, уӕддӕр-иу мӕм афтӕ каст, цыма иунӕг дӕн, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ ницӕмӕй рухс кодта. Мӕ ныййарджытӕ куыд хорз ӕмӕ ӕгъдауджын адӕм уыдысты, ууыл-иу куы хъуыды кодтон, уӕд-иу мӕм диссаг каст, ахӕм уавӕрмӕ куыд ӕрхаудтӕн.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.

Кӕд мӕхимӕ афтӕ каст, ӕмӕ мӕ ницыуал рауайдзӕн, уӕддӕр мыл иннӕтӕ сӕ къух нӕ ауыгътой. 2000-ӕм азы мӕ мӕ ныййарджытӕ семӕ акодтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты конгресмӕ. Тынг мӕ нӕ фӕндыд, фӕлӕ ацыдтӕн. Уӕдӕ ме ’фсымӕр дӕр ӕмӕ мӕ хо дӕр конгресмӕ кӕй ацыдысты, уый диссаг куыннӕ уыд!

Конгрессы куы бадтӕн, уӕд мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, иу азы размӕ ам рок-концерты куы уыдтӕн, уый. Уыцы концертимӕ абаргӕйӕ конгрессы цы федтон, уый мын мӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта. Концерты куы уыдтӕн, уӕд дзы уыйбӕрц бырон уыд, ӕмӕ диссаг, адӕм кӕрӕдзи тамакойы фӕздӕгӕй уынгӕ дӕр нӕ кодтой. Чи дзы уыд, уыдонӕн сӕ фылдӕр уыдысты тынг тызмӕгхуыз, стӕй музыкӕ дӕр ахӕм уыд, ӕмӕ адӕймагмӕ цӕрын дӕр нал цыд. Конгрессы та мӕ алыварс уыд ӕцӕг амондджын адӕм, тынг мыл бацин кодтой, кӕд сӕ рагӕй нал федтон, уӕддӕр. Конгресс кӕм цыд, уым иу быроны мур дӕр нӕ уыд, программӕйы цы хъуыдытӕ уыд, уыдон та адӕймаджы стыр ныфс уагътой. Библи адӕймаджы хуыздӕрырдӕм кӕй ивы, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ дис кодтон, рӕстдзинады фӕндаг куыд ныууагътон, ууыл (Исай 48:17, 18).

«Библи мын баххуыс кодта, цӕмӕй наркотиктӕ кӕнгӕ дӕр ӕмӕ уӕй дӕр мауал кодтаин ӕмӕ хорз адӕймаг суыдаин»

Конгрессы фӕстӕ мӕхицӕн загътон, ӕмбырдтӕм та кӕй райдайдзынӕн цӕуын. Ме ’фсымӕрыл ӕмӕ мӕ хойыл дӕр конгресс афтӕ тынг фӕзынд, ӕмӕ уыдоны дӕр бафӕндыд ногӕй ӕмбырдтӕм цӕуын. Не ’ртӕ дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдтам.

Мӕ зӕрдӕмӕ тынг бахъардта иу стих. Уый уыд Иаковы 4:8 стих: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн». Бамбӕрстон ӕй, цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уыдаин, уый тыххӕй мӕ мӕ царды уаг аивын кӕй хъуыд. Уымӕй уӕлдай ма мӕ хъуыди ныууадзын мӕ тамако, мӕ нозт ӕмӕ наркотиктӕ (2 Коринфӕгтӕм 7:1).

Мӕ раздӕры ӕмбӕлтты ныууагътон ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн мӕхицӕн ног ӕмбӕлттӕ ссардтон. Мемӕ Библи цы хистӕр нӕлгоймаг ахуыр кодта, уый мын тынг баххуыс кодта. Ӕдзух мӕм телефонӕй дзырдта ӕмӕ-иу мӕ арӕх абӕрӕг кодта. Абоны онг дӕр уыцы ӕфсымӕр у мӕ хуыздӕр ӕмбӕлттӕй иу.

2001-ӕм азы уалдзӕджы донаргъуыд райстон, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сдӕн. Афтӕ бакодтой ме ’фсымӕр ӕмӕ мӕ хо дӕр. Ӕнӕхъӕн бинонтӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй райдыдтам, ууыл нӕ ныййарджытӕ ӕмӕ нӕ кӕстӕр ӕфсымӕр куыд цин кодтой, уый зӕгъӕн дӕр нӕй.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.

Ӕз афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕ адӕймагӕн йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ сбӕттынц, фӕлӕ йӕ ныр ӕмбарын, уыдонимӕ кӕй ницы ис абарӕн. Библи мын баххуыс кодта, цӕмӕй наркотиктӕ кӕнгӕ дӕр ӕмӕ уӕй дӕр мауал кодтаин ӕмӕ хорз адӕймаг суыдаин.

Ӕз амондджын дӕн, уымӕн ӕмӕ мын ӕнӕхъӕн дунейы дӕр ис бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Уыдон кӕрӕдзи ӕнӕхин уарзтӕй уарзынц ӕмӕ иумӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц (Иоанны 13:34, 35). Уымӕй уӕлдай ма схайджын дӕн ӕндӕр арфӕдзинадӕй дӕр – ис мын, тынг кӕй уарзын ӕмӕ аргъ кӕмӕн кӕнын, ахӕм диссаджы цардӕмбал, Адрианнӕ. Не Сфӕлдисӕгӕн иумӕ кӕй лӕггад кӕнӕм, уый нын у стыр цины хос.

Абон мӕ удыдзӕбӕхӕн нӕ цӕрын, фӕлӕ лӕггад кӕнын ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй – мӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнын, ӕмбарын сын кӕнын, Хуыцауы Ныхас сын куыд баххуыс кӕндзӕн, уый. Уыцы хъуыддаг мын хӕссы стыр циндзинад. Мӕ бон фидарӕй зӕгъын у, Библийы фӕрцы мӕ цард кӕй фӕивта. Ӕз ссардтон ӕцӕг сӕрибардзинад.