Псалом 127:1—5

Зарӕг, горӕтмӕ цӕугӕйӕ. Соломоны псалом. 127  Хӕдзар Йегъовӕ куы нӕ араза+,Уӕд дзӕгъӕлы фыдӕбон кӕнынц йӕ аразджытӕ+.Горӕт Йегъовӕ куы нӕ хъахъхъӕна+,Уӕд дзӕгъӕлы лӕууы хъахъхъӕнӕг+.   Дзӕгъӕлы у, райсомӕй раджы кӕй сыстут+Ӕмӕ ӕмбисӕхсӕвмӕ кӕй не ’рбадут+.Дзӕгъӕлы у, уӕ къӕбӕр хидкалгӕйӕ кӕй хӕрут+.Хуыцау, кӕй уарзы, уымӕн ракӕны ахӕм хорздзинад, цӕмӕй адджын фынӕй кӕна+.   Фырттӕ сты бынтӕ Йегъовӕйӕ+,Зӕнӕг у йӕ лӕвар+.   Тыхджын адӕймаджы къухы фаттӕ куыд сты+,Афтӕ сты, лӕгӕн йе ’рыгонӕй чи райгуырд, уыцы фырттӕ+.   Амондджын у, йӕ фатдон сӕ чи байдзаг кодта+, уыцы адӕймаг.Уыдон нӕ фӕхудинаг уыдзысты+,Уымӕн ӕмӕ сӕ фырттӕ горӕты кулдуары раз ныхас кӕндзысты се знӕгтимӕ.

Фиппаинӕгтӕ