Псалом 146:1—10

146  Кадджын кӕнут Йагъы!+Кадджын кӕн Йегъовӕйы, о мӕ уд+.   Ӕз Йегъовӕйы кадджын кӕндзынӕн цӕрӕнбонты+.Зардзынӕн мӕ Хуыцауӕн, цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ+.   Уӕ зӕрдӕ ма дарут кадджын лӕгтыл+,Адӕймаджы фыртыл, уымӕн ӕмӕ йӕ бон нӕу ирвӕзын кӕнын+.   Йӕ царды тых* рацӕуы+, ӕмӕ сыджытмӕ аздӕхы+.Уыцы бон фесӕфынц йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр+.   Амондджын у уыцы адӕймаг, Иаковы Хуыцау йе ’ххуысгӕнӕг кӕмӕн у+,Йӕ ныфс йӕ Хуыцау Йегъовӕйыл чи дары+.   Уый скодта арв ӕмӕ зӕхх+,Денджыз ӕмӕ сӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уый+.Уый иузӕрдион у ӕнустӕм+.   Уый рахӕцы, кӕй сайынц, уыдоны сӕрыл+.Ӕххормаг чи у, уыдонӕн дӕтты хӕринаг+.Йегъовӕ ссӕрибар кӕны, ахст чи у, уыдоны+.   Йегъовӕ байгом кӕны куырмыты цӕстытӕ+.Йегъовӕ схӕцы, йӕ ныфс кӕмӕн асаст, уыдоныл+.Йегъовӕ уарзы рӕстгӕнджыты+.   Йегъовӕ хъахъхъӕны ӕрцӕуӕггӕгты+.Ӕххуыс кӕны сидзӕртӕн ӕмӕ идӕдзтӕн+,Фыдгӕнджытӕн та сӕ фӕндаг+ ныззылынтӕ кӕны+. 10  Йегъовӕ паддзах уыдзӕн ӕнустӕм+.Дӕ Хуыцау, о Сион, паддзах уыдзӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+.Кадджын кӕнут Йагъы!+

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.