Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

«Фӕстаг бонты» кӕнӕ «кӕроны рӕстӕджы» кӕй цӕрӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

«Фӕстаг бонты» кӕнӕ «кӕроны рӕстӕджы» кӕй цӕрӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

Дзуапп Библийӕ

 Библийы фыст ис, «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ», уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, уый тыххӕй, зӕгъӕм, дунейы цы хабӕрттӕ цӕудзӕн ӕмӕ адӕм цыхуызӕн уыдзысты (Матфейы 24:3). Цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый Библи хоны «фӕстаг бонтӕ» кӕнӕ «кӕроны рӕстӕг» (2 Тимофеймӕ 3:1; Данел 8:19).

Библийы «фӕстаг бонты» тыххӕй цавӕр пехуымпарӕдтӕ ис фыст?

 Библийы фыст ис, уыцы иу рӕстӕг чи цӕудзӕн, бирӕ ахӕм хабӕртты тыххӕй, ӕмӕ уыдон иумӕ сты фӕстаг бонты нысан (Лукайы 21:7). Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ.

 Хӕстытӕ алы рӕтты. Йесо загъта: «Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ» (Матфейы 24:7). Раргомады 6:4 стихы та хӕст ӕвдыст у барӕджы хуызы. Уымӕн «лӕвӕрд ӕрцыд зӕххӕй сабырдзинад айсыны бар».

 Ӕххормагдзинад. Йесо загъта: «Стӕй куы иу ран, куы иннӕ ран адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг» (Матфейы 24:7). Раргомады чиныджы ма фыст ис ӕндӕр барӕджы тыххӕй дӕр. Уыцы барӕг кӕй рацыд, уый амоны, зӕххыл бирӕ рӕтты адӕмӕн хӕринаг кӕй нӕ фаг кӕндзӕн, уымӕ (Раргомад 6:5, 6).

 Стыр зӕххӕнкъуыстытӕ. Йесо загъта, зӕххӕнкъуыстытӕ кӕй уыдзӕн (Матфейы 24:7; Лукайы 21:11). Стыр зӕххӕнкъуыстытӕ ӕгас дунейы дӕр адӕмӕн бирӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕнынц ӕмӕ дзы тынг бирӕтӕ фӕмард вӕййы.

 Низтӕ. Йесо загъта, кӕй-иу «сыстдзӕн фыднизтӕ» (Лукайы 21:11).

 Фыдхъуыддӕгтӕ. Кӕд адӕм фыдхъуыддӕгтӕ алкӕддӕр кодтой, уӕддӕр Йесо загъта, фӕстаг бонты «фыдхъуыддӕгтӕ кӕй сарӕх уыдзысты» (Матфейы 24:12).

 Адӕм зӕхх сафдзысты. Раргомады 11:18 стихы фыст ис, адӕм зӕхх кӕй сафдзысты. Ӕмӕ уый алыхуызӕтты араздзысты. Адӕм ӕрмӕст ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ нӕ араздзысты, фӕлӕ ма ӕрдзӕн дӕр зиан хӕсдзысты.

 Адӕмы зондахаст ӕвзӕрырдӕм фӕивдзӕн. 2 Тимофеймӕ 3:1–4 стихы фыст ис, бирӕтӕ «хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзысты, уыдзысты мӕнгард... уыдзысты зындзырд, иннӕты фыдкой кӕндзысты, хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, уыдзысты ӕгъатыр, хорздзинад нӕ уарздзысты, кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты, уыдзысты хивӕнд, сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕсдзысты».

 Бинонтӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд нал уыдзысты. 2 Тимофеймӕ 3:2, 3 стихты фыст ис, бирӕ «бинонты ’хсӕн уарзондзинад [кӕй] нал уыдзӕн» ӕмӕ «сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ [кӕй] нӕ кӕсдзысты».

 Адӕм Хуыцауы нал уарздзысты. Йесо загъта: «Адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн» (Матфейы 24:12). Йесо уый кой кодта, ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр Хуыцауы нал уарздзысты. 2 Тимофеймӕ 3:4 стихы та фыст ис, зӕгъгӕ, фӕстаг бонты адӕм «Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ».

 Уырнӕг адӕм цӕстмӕ митӕ кӕндзысты. 2 Тимофеймӕ 3:5 стихы фыст ис, бирӕтӕ сӕхи афтӕ кӕй ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауӕн кувӕг адӕм сты, афтӕмӕй та йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ нӕ цӕрдзысты.

 Библийы пехуымпарӕдтӕ хуыздӕр ӕмбарын райдайдзысты, уыимӕ, фӕстаг бонтӕм чи хауы, уыдон дӕр. Данелы чиныджы фыст ис, «кӕроны рӕстӕджы» бирӕтӕ Библийы рӕстдзинад хуыздӕр ӕмбарын кӕй райдайдзысты, уыимӕ ацы пехуымпарӕдтӕ дӕр (Данел 12:4).

 Хорз хабар хъусын кӕндзысты ӕгас зӕххыл дӕр. Йесо загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» (Матфейы 24:14).

 Фӕстаг бонты бӕлвырдгӕнӕнтӕ бирӕтӕ ницӕмӕ дардзысты ӕмӕ сыл худдзысты. Йесо загъта, адӕмӕн сӕ фылдӕр кӕй ницӕмӕ дардзысты, кӕрон кӕй ӕрхӕстӕг кӕны, уымӕн цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдон (Матфейы 24:37–39). Уый нӕ, фӕлӕ 2 Петры 3:3, 4 стихты куыд фыст ис, афтӕмӕй ма бирӕтӕ уыцы бӕлвырдгӕнӕнтыл худгӕ дӕр кӕндзысты ӕмӕ дзурдзысты, уыдӕттӕ ӕппындӕр ницӕуыл дзурӕг сты, зӕгъгӕ.

 Пехуымпарӕдтӕ иууылдӕр сӕххӕст уыдзысты. Йесо загъта, фӕстаг бонты тыххӕй пехуымпарӕдтӕ се ’ппӕт дӕр уыцы иу рӕстӕг кӕй ӕххӕст кӕндзысты, ӕрмӕстдӕр цалдӕр кӕнӕ сӕ фылдӕр нӕ, фӕлӕ (Матфейы 24:33).

Ӕцӕгдӕр «фӕстаг бонты» цӕрӕм?

 О. Дунейы уавӕртӕй, стӕй Библийы хронологийӕ бӕрӕг у, фӕстаг бонтӕ кӕй райдыдтой 1914 азы, Фыццаг дунеон хӕст куы райдыдта, уӕд. Бакӕс видеороликмӕ «1914 азӕй дуне фӕивта». Фенӕн дзы ис, абон дуне цы уавӕры ис, уый ууыл дзурӕг кӕй у, ӕмӕ фӕстаг бонты цӕрӕм.

 1914 азы Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты бартӕ йӕ къухмӕ райста, ӕмӕ йӕ фыццаг хъуыддӕгтӕй иу уыд, Хӕйрӕджы ӕмӕ дӕлимонты уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ кӕй раппӕрста, уый (Раргомад 12:7–12). Хӕйрӕг адӕмыл кӕй ӕндавы, уый бӕрӕг у, цы ’взӕр зондахаст сын ис ӕмӕ цы фыдмитӕ кӕнынц, уымӕй. Ӕмӕ Библи дӕр фӕстаг бонтӕ «тынг уӕззау рӕстӕг» уый тыххӕй хоны (2 Тимофеймӕ 3:1).

 Дуне ахӕм уӕззау уавӕры кӕй ис, уый бирӕты мӕты ӕфтауы. Мӕт кӕнынц, уымӕн ӕмӕ адӕм кӕрӕдзиимӕ нӕ фидауынц. Чидӕртӕ ма суанг тӕрсгӕ дӕр кӕнынц, адӕм кӕрӕдзи куы ныццӕгъдой, уымӕй.

 Фӕлӕ ис, абон цытӕ цӕуы, уыдон ныфс кӕй уадзынц, ахӕм адӕм дӕр. Уыдоны фидарӕй уырны, тагъд Хуыцауы Паддзахад ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн (Данел 2:44; Раргомад 21:3, 4). Уыцы адӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ ӕмӕ сын удӕнцой хӕссынц Йесойы ныхӕстӕ: «Кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн» (Матфейы 24:13; Михей 7:7).