Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Дунейы кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн?

Дунейы кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн?

Дзуапп Библийӕ

 Дунейы кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый базоныны тыххӕй хъӕуы бамбарын, Библийы дзырд «дуне» цӕмӕ фӕамоны, уый. Грекъаг дзырд ко́смос арӕхдӕр фӕтӕлмац кӕнынц дзырд «дуне»-йӕ ӕмӕ фылдӕр хатт фӕамоны адӕммӕ, арӕхдӕр та, Хуыцауӕй дард чи у ӕмӕ йын йӕ фӕндон чи не ’ххӕст кӕны, уыдонмӕ (Иоанны 15:18, 19; 2 Петры 2:5). Иуӕй-иу хатт ко́смос фӕамоны дин, политикӕ ӕмӕ коммерциимӕ цыдӕриддӕр баст у, уыдӕттӕм (1 Коринфӕгтӕм 7:31; 1 Иоанны 2:15, 16) a.

«Дунейы кӕрон» цы у?

 Бирӕ Библиты «дунейы кӕрон»-ӕй цы дзырдбаст ӕрцыд тӕлмац, уый ма ратӕлмац кӕнӕн ис дзырдбастӕй «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон» кӕнӕ «ӕнусы кӕрон» (Матфейы 24:3, «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994). Ацы дзырдбаст уымӕ нӕ амоны, ӕмӕ зӕхх кӕнӕ йыл цы адӕм цӕры, уыдон иууылдӕр фесӕфдзысты. Уый амоны, дин, политикӕ ӕмӕ коммерциимӕ цыдӕриддӕр баст у, уыдӕттӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕ (1 Иоанны 2:17).

 Библи куыд дзуры, афтӕмӕй «фыдгӕнджытӕ фесӕфдзысты», ӕмӕ уӕд хорз адӕм зӕххыл амондджынӕй цӕрдзысты (Псалом 37:9–11). Фыдгӕнджытӕ фесӕфдзысты «стыр бӕллӕхы» рӕстӕг. Стыр бӕллӕх фӕуыдзӕн Армагеддоны хӕстӕй (Матфейы 24:21, 22; Раргомад 16:14, 16).

Дунейы кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн?

 Йесо Чырысти загъта: «Уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – уый зоны ӕрмӕстдӕр мӕ Фыд» (Матфейы 24:36, 42). Стӕй ма загъта, кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы, адӕм «цы сахат ӕнхъӕл нӕ уой, уыцы сахат» (Матфейы 24:44).

 Кӕд уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат мах нӕ зонӕм, уӕддӕр Чырысти радзырдта, дунейы кӕроны размӕ цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уый тыххӕй (Матфейы 24:3, 7–14). Библи уыцы рӕстӕг хоны «кӕроны рӕстӕг» ӕмӕ «фӕстаг бонтӕ» (Данел 12:4; 2 Тимофеймӕ 3:1–5).

Дунейы кӕроны фӕстӕ ма исты баззайдзӕн?

 О. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, зӕхх «ӕнустӕм, мыггагмӕ дӕр, нӕ фенкъуысдзӕн» (Псалом 104:5). Ӕмӕ йыл адӕм дӕр цӕрдзысты. Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29). Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй ӕппӕты райдианы цы фӕнд уыд, уый сӕххӕст уыдзӕн:

a Грекъаг дзырд айо́н дӕр иуӕй-иу Библиты тӕлмац ӕрцыд дзырд «дуне»-йӕ. Ӕмӕ афтӕ тӕлмац куы ’рцӕуы, уӕд уый дӕр фӕамоны дин, политикӕ ӕмӕ коммерциимӕ цыдӕриддӕр баст у, уыдӕттӕм.