Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

02 УРОК

Библи нын ныфс ӕвӕры амондджын фидӕнӕй

Библи нын ныфс ӕвӕры амондджын фидӕнӕй

Адӕм иууылдӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, ӕмӕ уый тыххӕй фӕтыхсынц, фӕмаст кӕнынц кӕнӕ ма суанг зӕрдӕрыст дӕр бавзарынц. Чи зоны, ды дӕр уыдӕттӕй цух нӕ дӕ. Гӕнӕн ис, цавӕрдӕр низӕй рынчын дӕ кӕнӕ та дын чидӕр амард. Ӕмӕ фӕхъуыды кӕныс: «Цымӕ искуы ацы зындзинӕдтӕй фервӕздзыстӕм?» Библийы ацы фарстайӕн цы дзуапп ис, уый дӕ ныфс бауадздзӕн.

1. Библи нын цавӕр фидӕнӕй ӕвӕры ныфс?

Библи нын ӕмбарын кӕны, адӕм уыйбӕрц зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц. Стӕй ма дзы фыст ис, уыцы зындзинӕдтӕ рӕстӕгмӕ кӕй сты ӕмӕ тагъд сӕ кой дӕр кӕй нал уыдзӕн. Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уый нӕ ныфс уадзы. (Бакӕс Йеремийы 29:11, 12.) Уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ зындзинӕдтӕн быхсӕм, цардыл цин кӕнӕм ӕмӕ нӕм амондджын фидӕн кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл ма дызӕрдыг кӕнӕм.

2. Библимӕ гӕсгӕ, фидӕны цард цавӕр уыдзӕн?

Библийы фыст ис, кӕй «нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст». (Бакӕс Раргомад 21:4.) Адӕм кӕмӕй бафӕлладысты, уыцы зындзинӕдтӕ нал уыдзысты, зӕгъӕм, мӕгуырдзинад, хӕрам хъуыддӕгтӕ, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт. Библи зӕрдӕ ӕвӕры, адӕм зӕххыл ӕнустӕм дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты.

3. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидарӕй ӕууӕндай, Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, ууыл?

Бирӕтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, цард кӕй фӕхуыздӕр уыдзӕн, уымӕ. Фӕлӕ уый искуы уыдзӕн, уый фидарӕй сӕ бон зӕгъын нӕу. Фӕлӕ Библи ныфс цӕмӕй ӕвӕры, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн. Ӕмӕ нӕ цӕмӕй уый фидарӕй уырна, уый тыххӕй хъуамӕ Фыстад лӕмбынӕг иртасӕм (Хъуыддӕгтӕ 17:11). Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд дӕ бон уыдзӕн бамбарын, фидӕны тыххӕй дзы цы фыст ис, ууыл ӕууӕндӕн ис ӕви нӕ.

ФЫЛДӔР БАЗОН

Фылдӕр базон, Библи ныфс цавӕр фидӕнӕй ӕвӕры ӕмӕ уыцы ныфс абон адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны.

4. Библийы фыст ис, адӕм ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты ӕмӕ зындзинӕдтӕ кӕй нал уыдзӕн

Дӕлдӕр ис Библийӕ цалдӕр зӕрдӕвӕрды. Дӕ зӕрдӕмӕ дзы тынгдӕр кӕцытӕ цӕуынц? Цӕмӕн?

Бакӕсут, уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ цы стихты фыст сты, уыдон ӕмӕ аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Ацы стихтӕ дӕ ныфс нӕ уадзынц? Куыд дӕм кӕсы, дӕ бинонты ӕмӕ де ’мбӕлтты дӕр ныфс бауадздзысты?

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цавӕр цард нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.

ӔВЗӔРӔЙ НИЦЫУАЛ УЫДЗӔН

АЛЦЫДӔР УЫДЗӔН ХОРЗ

  • Адӕм, рыст цы у, уый нал зондзысты, зӕронд ничиуал кӕндзӕн ӕмӕ ничиуал мӕлдзӕн (Исай 25:8).

  • Иууылдӕр уыдзысты ӕрыгон ӕмӕ ӕнӕниз (Иов 33:25).

  • Хӕринаг уыдзӕн фагӕй фылдӕр, алкӕмӕн дӕр уыдзӕн хорз хӕдзар ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ куыст (Псалом 72:16; Исай 65:21, 22).

  • Раздӕр цы уыд, уый ничиуал ӕрхъуыды кӕндзӕн ӕмӕ уыдӕтты тыххӕй йӕ зӕрдӕ никӕмӕнуал рисдзӕн (Исай 65:17).

  • Адӕм ӕнустӕм диссаджы уавӕрты цӕрдзысты (Псалом 37:29).

5. Библийы фӕрцы адӕймаг цардмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдайы

Дунейы цытӕ цӕуы, уымӕ кӕсгӕйӕ бирӕтӕн сӕ ныфс асаст, чидӕртӕ та мӕсты дӕр свӕййынц. Иуӕй-иутӕ тох кӕнынц, цӕмӕй цард фӕхуыздӕр уа. Фен, Библи цы ныфс дӕтты, уый абон адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Рафикӕ цӕй тыххӕй мӕсты кодта?

  • Библи йын куыд баххуыс кодта, кӕд уавӕр нӕ фӕивта, уӕддӕр?

Библи цы ныфс дӕтты, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу нӕ ныфс ма асӕтта ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр амондджын уӕм. Бакӕсут Ӕмбисӕндтӕ 17:22 ӕмӕ Ромӕгтӕм 12:12 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Куыд хъуыды кӕныс, Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, ууыл куы ’ууӕндай, уӕд дӕ цард фӕхуыздӕр уыдзӕн? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уый бӕргӕ хорз у, фӕлӕ афтӕ никуы уыдзӕн».

  • Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уыдӕттӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ агурын ахсджиаг цӕмӕн у?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Библи нын зӕрдӕ цы амондджын фидӕнӕй ӕвӕры, уый нӕ ныфс уадзы ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны нӕ зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Библи ныфс цӕмӕй ӕвӕры, уый адӕмы цӕмӕн хъӕуы зонын?

  • Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис?

  • Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, ууыл куы ’ууӕндай, уӕд дын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Ныфсӕн цы стыр тых ис, уый тыххӕй фылдӕр базон.

«Ныфс ссарӕн кӕм ис?» (2004 азы 22 апрелы «Райхъал ут!», уырыссаг)

Базон, уӕззау низӕй рынчын чи у, уыдонӕн ныфс куыд ӕххуыс кӕны.

«Уӕззау низӕй рынчын чи у, уыдонӕн Библи баххуыс кӕндзӕн?» (интернет-статья)

Ацы музыкалон видеороликмӕ кӕсгӕйӕ-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, дӕ бинонтимӕ дзӕнӕты амондджынӕй куыд цӕрыс.

«Дӕ цӕстытыл ауайӕд уыцы цард» (3:37)

Бакӕс, адӕмы ӕмӕ цӕрӕгойты бартыл чи тох кодта, иу ахӕм нӕлгоймагӕн йӕ цард куыд фӕивта, Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уый куы базыдта, уӕд.

«Афтӕ нал хъуыды кӕнын, ӕмӕ дуне ӕз хъуамӕ аивон» (2013 азы 1 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)