Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

03 УРОК

Библийыл ӕууӕндӕн ис?

Библийыл ӕууӕндӕн ис?

Библи нын зӕрдӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты ӕвӕры ӕмӕ дзы ис бирӕ уынаффӕтӕ. Иуӕй дӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕнды базонын, цы фыст дзы ис, уый. Иннӕмӕй та йыл, чи зоны, не ’ууӕндыс. Ахӕм рагон чиныджы цы фыст ис, ууыл цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм? Цымӕ уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр йӕ цардӕй райгонд уа? Бирӕты уый уырны, ӕмӕ, чи зоны, дӕу дӕр бауырна. Ӕркӕс цалдӕр бӕлвырдгӕнӕнмӕ.

1. Цымӕ Библийы ӕцӕг хабӕрттӕ фыст ис?

Библи йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй дзы фыст ис, «ӕцӕг цы у, уый» (Екклесиаст 12:10). Ис дзы, ӕцӕгдӕр чи ’рцыд, ахӕм хабӕртты ӕмӕ, ӕцӕгдӕр чи цард, ахӕм адӕмы кой. (Бакӕс Лукайы 1:3; 3:1, 2.) Историктӕй ӕмӕ археологтӕй бирӕтӕ зӕгъынц, Библийы цы рӕстӕджыты, адӕмы, бынӕтты ӕмӕ хабӕртты кой ис, уыдон ӕрымысгӕ кӕй не сты.

2. Кӕд Библи рагон чиныг у, уӕддӕр ыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис?

Библийы ахӕм хабӕртты кой ис, ӕмӕ сӕ куы фыстой, уӕд адӕм уыдӕтты тыххӕй нырма ницы зыдтой. Зӕгъӕм, ис дзы наукӕимӕ баст хабӕртты кой, фӕлӕ уыцы рӕстӕг бирӕты уыцы хабӕрттӕ нӕ уырныдтой. Абон та наукӕйӕн цы бантыст, уый фӕрцы уыдӕттӕ дызӕрдыггаг нал сты. Библийы цы фыст ис, ууыл «ис ӕууӕндӕн... ӕнустӕм, мыггагмӕ» (Псалом 111:7, 8).

3. Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, ууыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис?

Библийы ис бирӕ пехуымпарӕдтӕ a. Уыцы пехуымпарӕдты фыст ӕрцыд, «цы нӕма ӕрцыд, уыдӕттӕ» (Исай 46:10). Цы хабӕртты кой-иу дзы уыд, уыдон-иу сӕххӕст сты бирӕ фӕстӕдӕр, фыст-иу куыддӕриддӕр ӕрцыдысты, афтӕ. Библийы ма бӕстон фыст ӕрцыд, нӕ рӕстӕджы цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый дӕр. Ацы урочы дзырд цӕуы цалдӕр пехуымпарадыл. Ӕмӕ лыстӕг хабӕртты онг куыд сӕххӕст сты, уый диссаг у!

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, абон наукӕ куыд бӕлвырд кӕны, Библийы цы фыст ис, уый раст кӕй у. Стӕй ӕркӕс Библийӕ цалдӕр пехуымпарадмӕ.

4. Ахуыргӕндтӕ разы сты, Библийы цы фыст ис, уыимӕ

Раджы заман адӕм хъуыды кодтой, ӕмӕ зӕхх цӕуылдӕр лӕууы. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.

Дӕ хъус ӕрдар, иу-3 500 азы размӕ Иовы чиныджы фыст цы ’рцыд, уымӕ. Бакӕсут Иов 26:7 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ацы стихы афтӕ фыст кӕй ис, «зӕхх ӕрцауыгъта ницӕуыл», зӕгъгӕ, уый диссаг цӕмӕн у?

Ӕрдзы мидӕг дон куыд зилдух кӕны, уый ахуыргӕндтӕ базыдтой ӕрмӕстдӕр 19 ӕнусы. Фӕлӕ-ма дӕ хъус ӕрдар, Библийы иу-3 500 азы размӕ фыст цы ’рцыд, уымӕ. Бакӕсут Иов 36:27, 28 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Ӕрдзы мидӕг дон куыд зилдух кӕны, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый диссаг цӕмӕн у?

  • Цы стихтӕ бакастӕ, уыдоны фӕрцы, Библийы цы фыст ис, ууыл тынгдӕр ӕууӕндын нӕ райдыдтай?

5. Библийы рагацау фыст ӕрцыдысты ахсджиаг хабӕрттӕ

Бакӕсут Исайы 44:27–45:2 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Вавилон куы бацахстой, уымӕй 200 азы размӕ Библийы цавӕр лыстӕг хабӕрттӕ ӕрцыд фыст, куыд ӕй бацахсдзысты, уый тыххӕй?

Историктӕ зӕгъынц, Персы паддзах Кир йе ’фсадимӕ Вавилон кӕй бацахста нӕ эрӕйы размӕ 539 азы. Киры ’фсад, горӕт знӕгтӕй чи хъахъхъӕдта, уыцы цӕугӕдон иннӕрдӕм аздӕхта. Уый фӕстӕ горӕтмӕ кулдуары уылты бацыд, уымӕн ӕмӕ йӕ вавилойнӕгтӕ гомӕй ныууагътой. Киры ’фсад горӕт бацахста, хӕцын дӕр ӕй нӕ бахъуыд, афтӕмӕй. Уӕдӕй рацыд 2 500 азӕй фылдӕр, ӕмӕ Вавилоны бынаты хӕлддзӕгтӕ йеддӕмӕ ницы ис. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Библийы рагацау уый тыххӕй цы загъд уыд, уымӕ.

Бакӕсут Исайы 13:19, 20 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ацы пехуымпарад куыд сӕххӕст?

Вавилоны хӕлддзӕгтӕ абон (Ирак)

6. Библийы рагацау фыст ӕрцыдысты, абон дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон

Библимӕ гӕсгӕ мах цӕрӕм «фӕстаг бонты» (2 Тимофеймӕ 3:1). Дӕ хъус-ма ӕрдар, Библийы нӕ рӕстӕджы тыххӕй цы фыст ис, уымӕ.

Бакӕсут Матфейы 24:6, 7 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Библийы фӕстаг бонты тыххӕй цы фыст ис?

Бакӕсут 2 Тимофеймӕ 3:1–5 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Фӕстаг бонты адӕм цыхуызӕн уыдзысты, уый тыххӕй Библи цы зӕгъы?

  • Дӕ алыварс цӕрӕг адӕммӕ ацы миниуджытӕй кӕцытӕ сты?

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Библийы цы фыст ис, уыдон аргъӕуттӕ сты».

  • Библийыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый дӕ тынгдӕр цӕмӕ гӕсгӕ уырны?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Историктӕ ӕмӕ ахуыргӕндтӕ цы дзурынц, стӕй пехуымпарӕдтӕ кӕй сӕххӕст вӕййынц, уыдӕттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Библийыл ӕууӕндӕн ис.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Библийы ӕцӕг хабӕрттӕ фыст ис?

  • Библи наукӕмӕ гӕсгӕ раст кӕй у, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис?

  • Уырны дӕ, Библийӕ кӕй ис базонӕн, фидӕны цы уыдзӕн, уый? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Библийы наукӕимӕ баст хабӕртты кой кӕм цӕуы, уым алцыдӕр раст у?

«Библи ӕмӕ наукӕ кӕрӕдзи ныхмӕ сты?» (интернет-статья)

Базон, Библийы Грецийы паддзахады тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон куыд сӕххӕст сты.

«Фидарӕй ӕууӕндӕм „пехуымпар-ныхасыл“» (5:22)

Базон, иу нӕлгоймаг Библийы пехуымпарӕдты фӕрцы Библийы тыххӕй йӕ хъуыды куыд аивта.

«Хуыцау мӕ нӕ уырныдта» («Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», № 5, 2017)

a Пехуымпарад у, Хуыцауӕй чи у, ахӕм хабар. Кӕцыдӕр пехуымпарӕдтӕй базонӕн вӕййы фидӕны хабӕртты тыххӕй.