Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

01 УРОК

Библи дын куыд баххуыс кӕндзӕн?

Библи дын куыд баххуыс кӕндзӕн?

Ӕвӕццӕгӕн, алы адӕймаг дӕр фӕхъуыды кӕны цардыл, адӕм зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц, цӕмӕн мӕлынц ӕмӕ фидӕны цы уыдзӕн, ууыл. Стӕй ма фӕхъуыды кӕнӕм, зӕгъӕм, цӕрыны фаг ӕхца куыд бакусӕм ӕмӕ цы хъӕуы, цӕмӕй нӕ бинонтӕ амондджын уой. Бирӕтӕ царды ахсджиагдӕр фарстатӕн дзуапп ссардтой Библийы. Стӕй ма дзы ссардтой, царды сӕ чи бахъӕуы, ахӕм уынаффӕтӕ. Библи пайда у алкӕмӕн дӕр!

1. Библийы дзуапп цавӕр фарстатӕн ис?

Библийы дзуапп ссарӕн ис ахӕм ахсджиаг фарстатӕн: цард куыд фӕзынд? Адӕймаг цӕмӕн цӕры? Ӕнаххос адӕм зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц? Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы? Кӕд адӕм се ’ппӕт дӕр сабыр цардмӕ бӕллынц, уӕд зӕххыл уыйбӕрц хӕстытӕ цӕмӕн цӕуы? Зӕхх цы бауыдзӕн? Ацы фарстатӕн дзуапп агурын хъӕуы, ӕмӕ сын милуангай адӕм Библийы дзуапп ссардтой, ӕмӕ ныр амондджын сты.

2. Библи нын царды куыд ӕххуыс кӕны?

Библийы ис хорз уынаффӕтӕ, зӕгъӕм, ахӕм фарстаты фӕдыл: бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй къаддӕр мӕт кӕнӕм? Нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй нӕ куыст бауарзӕм? Ацы чиныджы фӕрцы демӕ исчи Библи куы ахуыр кӕна, уӕд ацы фарстатӕн ӕмӕ ма ӕндӕр фарстатӕн дӕр Библийӕ дзуапп базондзынӕ. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, Библийы цы фыст ис, уыимӕ: «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр [ома, Библийы цыдӕриддӕр фыст ис, уый]... пайда у» (2 Тимофеймӕ 3:16).

Ацы чиныг Библийы бӕсты нӕу. Фӕлӕ йӕ нысан у, цӕмӕй дын Библи иртасынӕн баххуыс кӕна. Уымӕ гӕсгӕ, урокты цы стихтӕ ис, уыдон-иу бакӕс ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн, цы ахуыр кӕныс, уыимӕ куыд баст сты.

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, Библи иннӕтӕн куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ, дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Библи кӕсын уарзай. Стӕй ма базон, хорз цӕмӕн у, цӕмӕй дын исчи Библи ӕмбарынӕн ӕххуыс кӕна.

3. Библи нын раст фӕндаг амоны

Библи абарӕн ис фанаримӕ. Фанар нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ къах мацӕуыл скъуырӕм ӕмӕ, разӕй цы ис, уый уынӕм. Уыйау нын Библи дӕр ӕххуыс кӕны раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн ӕмӕ фидӕны цы уыдзӕн, уый базонынӕн.

Бакӕсут Псалом 119:105 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Ацы псалом чи ныффыста, уый Библи цӕимӕ абарста?

  • Ды та Библийы тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

4. Библи нын нӕ фарстатӕн дзуапп дӕтты

Иу сылгоймагӕн бирӕ азты дӕргъы ӕнцой цы фарстатӕ нӕ лӕвӕрдтой, уыдонӕн Библийы дзуапп ссардта. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Сылгоймагмӕ цавӕр фарстатӕ уыд?

  • Библи ахуыр кӕнын кӕй райдыдта, уый йын куыд баххуыс кодта?

Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй фарстатӕ дӕттын хъӕуы. Бакӕсут Матфейы 7:7 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Библийӕ дӕ цавӕр фарстатӕн фӕнды дзуапп базонын?

5. Дӕ бон у, ӕмӕ Библи кӕсын бауарзай

Бирӕтӕ уарзынц Библи кӕсын, ӕмӕ сын уый пайда хӕссы. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Ӕрыгӕттӕ кӕсыны тыххӕй цы дзурынц?

  • Кӕд ӕнӕуи кӕсын нӕ уарзынц, уӕддӕр Библи кӕсын сӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуы?

Библийы цы амындтӕ ис, уыдон нын дӕттынц удӕнцой ӕмӕ ныфс. Бакӕсут Ромӕгтӕм 15:4 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ацы стихы цы удӕнцойы ӕмӕ ныфсы кой ис, уый тыххӕй дӕ фылдӕр базонын фӕнды?

6. Цӕмӕй Библи хуыздӕр ӕмбарӕм, уый тыххӕй нӕ фӕхъӕуы иннӕты ӕххуыс

Бирӕтӕ зӕгъынц, Библи кӕсынӕй уӕлдай ма сын пайда кӕй у, искӕимӕ йыл кӕй фӕныхас кӕнынц, уый дӕр. Бакӕсут Хъуыддӕгтӕ 8:26–31 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

Ефиопаг нӕлгоймаджы хъуыди ӕххуыс, цӕмӕй Фыстад бамбӕрстаид. Абон дӕр бирӕтӕ зӕгъынц, Библи хуыздӕр кӕй фембарынц, искӕимӕ йыл куы фӕныхас кӕнынц, уӕд

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Библи чи ахуыр кӕны, уый йӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы сафы».

  • Исчи дын афтӕ куы зӕгъа, уӕд ын цы зӕгъдзынӕ? Цӕмӕн?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Библийы ис дзуаппытӕ царды ахсджиагдӕр фарстатӕн ӕмӕ, царды чи бахъӕуы, ахӕм уынаффӕтӕ. Уымӕй уӕлдай ма нын Библи дӕтты удӕнцой ӕмӕ ныфс.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Библийы цавӕр уынаффӕтӕ ис?

  • Библийы дзуапп цавӕр фарстатӕн ис?

  • Библийӕ дӕ дзуапп цавӕр фарстатӕн фӕнды базонын?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, Библи куыд баххуыс кодта, йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ йӕхимӕ ӕгуыдзӕг чи каст ӕмӕ мадзура чи уыд, ахӕм нӕлгоймагӕн.

«Мӕ ног амондджын цард куыд райдыдта» (2:53)

Дуне кӕй къухы ис, уый фӕдыл бирӕтӕ рӕдыд хъуыдыйыл хӕст сты. Базон, Библийы та уый тыххӕй цы фыст ис.

«Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?» (ӕнӕхъӕнӕй) (3:14)