Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Left: Yasser Qudaih/Anadolu via Getty Images; right: RONALDO SCHEMIDT/AFP via Getty Images

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Хӕстытӕ кӕд нал уыдзӕн? Библийы цы фыст ис?

Хӕстытӕ кӕд нал уыдзӕн? Библийы цы фыст ис?

 «Рӕстӕг ӕрцыд, цӕмӕй иууылдӕр ӕрсабыр уой ӕмӕ уавӕр фӕхуыздӕр уа. Ныр се ’ппӕты дӕр куыд хъӕуы сӕхиуыл хӕцын, афтӕ никуы». Ацы ныхӕстӕ загъта Иугонд Нациты Организацийы генералон секретарь Антониу Гутерриш, Иран Израилыл 2024 азы 13 апрелы, сабаты, цалдӕр сӕдӕ дроны ӕмӕ ракетӕйы куы ауагъта, уый фӕстӕ.

 Хӕст ӕрмӕст Ӕввахс Скӕсӕны нӕ цӕуы.

 «Дыккаг дунеон хӕстӕй фӕстӕмӕ абон дунейы цас хӕстытӕ ӕмӕ быцӕутӕ цӕуы, уыйбӕрц никуы цыд, ӕмӕ фӕзындысты 2 миллиард адӕймаджы цардыл, ома адӕмӕн сӕ цыппӕрӕм хайыл» (Иугонд Нациты Организацийы Ӕдасдзинады совет, 2023 аз, 26 январь).

 Хӕстытӕ ӕмӕ быцӕутӕ кӕм цӕуы, уыцы бӕстӕтӕй иуӕй-иутӕ сты Израил, Газӕ, Сири, Азербайджан, Украинӕ, Судан, Эфиопи, Нигер, Мьянмӕ ӕмӕ Гаити a.

 Хӕстытӕ кӕд нал уыдзӕн? Хицӕуттӕн сӕ бон суыдзӕн сабыр цард скӕнын? Библийы цы фыст ис?

Хӕстытӕ ӕмӕ Библийы пехуымпарӕдтӕ

 Ӕнӕхъӕн дунейы хӕстытӕ ӕмӕ быцӕутӕ кӕй цӕуы, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ тагъд ӕппӕт хӕстытӕн дӕр кӕрон ӕрцӕудзӕн. Хӕстытӕ кӕй цӕуы, уымӕй ӕххӕст кӕны, нӕ рӕстӕджы тыххӕй Библийы цы пехуымпарад ис, уый. Цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый Библи хоны «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон» (Матфейы 24:3).

  •   «Хъусдзыстут хӕстыты кой хӕстӕг ӕмӕ дард рӕттӕй. […] Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ» (Матфейы 24:6, 7).

 Бакӕс статья «„Фӕстаг бонты“ кӕнӕ „кӕроны рӕстӕджы“ кӕй цӕрӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у?», цӕмӕй базонай, абон хӕстытӕ кӕй цӕуы, уымӕй Библийы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уый.

Хӕстытӕн кӕрон чи скӕндзӕн, уыцы хӕст

 Библийы фыст ис, хӕстытӕ кӕй нал уыдзӕн. Фӕлӕ сын кӕрон адӕм не скӕндзысты. Кӕрон сын ӕрцӕудзӕн Армагеддоны, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕсты» (Раргомад 16:14, 16). Уый фӕстӕ Хуыцау сӕххӕст кӕндзӕн, адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры уый – схайджын сӕ кӕндзӕн ӕнусон фарнӕй (Псалом 37:10, 11, 29).

 Хуыцауы хӕсты тыххӕй фылдӕр базондзынӕ статьяйӕ «Армагеддоны хӕст цы у?»

a ACLED Conflict Index, “Ranking violent conflict levels across the world” (2024 аз, январь)