Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Maremagnum/Corbis Documentary via Getty Images

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Армагеддон Израилы райдайдзӕн? Библийы цы фыст ис?

Армагеддон Израилы райдайдзӕн? Библийы цы фыст ис?

 Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй Армагеддон зӕххыл иу кӕцыдӕр ран нӕ уыдзӕн. Армагеддон у Хуыцауы хӕст. Уыцы хӕсты Хуыцау хӕцдзӕн, ӕнӕхъӕн зӕххыл цыдӕриддӕр хицауӕдтӕ ис, уыдоны ныхмӕ.

  •   Ӕмӕ паддзӕхты ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон чи хуыйны, уыцы бынатмӕ» (Раргомад 16:14, 16).

 Дзырд «Армагеддон» равзӕрд дзуттаг дзырдӕй Хар Мегиддо́н ӕмӕ нысан кӕны «Мегиддойы хох». Мегиддо уыди рагон Израилы горӕттӕй сӕ иу. Уымӕ гӕсгӕ чидӕртӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Армагеддоны хӕст Израилы уыдзӕн. Фӕлӕ нӕдӕр горӕт Мегиддойы алыварс, нӕдӕр ӕндӕр кӕцыдӕр ран Ӕввахс Скӕсӕны уыйбӕрц бынат нӕй, цӕмӕй дзы «ӕгас дунейы паддзӕхтӕ» се ’фсӕдтимӕ бацӕуой.

 Раргомады чиныджы хабӕрттӕ ӕвдыст сты «алыхуызон нысӕнттӕй», ома сӕ комкоммӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы (Раргомад 1:1). Армагеддоны кой куы кӕнӕм, уӕд уый зӕххыл цавӕрдӕр бынатмӕ нӕ амоны. Бӕлвырдӕй уый амоны, адӕмтӕ куы ӕрӕмбырд уой, цӕмӕй фӕстаг хатт Хуыцауы хицауады ныхмӕ рацӕуой, уымӕ (Раргомад 19:11–16, 19–21).