Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХУЫЦАУ ХӔСТЫТӔМ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫ?

Нӕ рӕстӕджы Хуыцау хӕстытӕм цы цӕстӕй кӕсы

Нӕ рӕстӕджы Хуыцау хӕстытӕм цы цӕстӕй кӕсы

Абон дӕр адӕм сты ӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст. Бирӕтӕ Хуыцаумӕ ӕххуысы тыххӕй дзыназынц ӕмӕ сӕ фӕнды базонын, искуы сӕ зындзинӕдтӕй фервӕздзысты ӕви нӕ. Цымӕ сын Хуыцау сӕ лӕгъстӕтӕ хъусы? Цы зӕгъӕн ис, йе ’фхӕрджытимӕ чи тох кӕны, уыдонӕй та? Цымӕ Хуыцау ахӕм хӕстытӕ растыл нымайы ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны?

Армагеддон у, ӕппӕт хӕстытӕн дӕр кӕрон чи скӕндзӕн, уыцы хӕст

Ацы хабар дын ӕрхӕсдзӕн удӕнцой: Хуыцау уыны, абон адӕм куыд хъизӕмар кӕнынц, уый ӕмӕ сын тагъд сӕ хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзӕн (Псалом 72:13, 14). Хуыцау йӕ Ныхас Библийы ныфс ӕвӕры, «зындзинӕдтӕ чи ӕвзары, уыдонӕн» удӕнцой кӕй ратдзӕн. Кӕд? «Нӕ Хицау Йесо уӕлӕрвтӕй куы фӕзына, уӕд. Уый фӕзындзӕн йӕ тыхджын зӕдтимӕ... ӕмӕ, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй йӕ маст райсдзӕн» (2 Фессалоникӕгтӕм 1:7, 8). Йесо уӕлӕрвтӕй фӕзындзӕн фидӕны, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕсты», хонынц ма йӕ Армагеддон дӕр (Раргомад 16:14, 16).

Фидӕны цы хӕст уыдзӕн, уым Хуыцау фыдгӕнджытимӕ тох кӕнынмӕ арвитдзӕн адӕмы нӕ, фӕлӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы ӕмӕ иннӕ хъомысджын зӕдты. Уӕларвон ӕфсад кӕрон скӕндзӕн, зӕххыл цыдӕриддӕр фыддзинад ис, уымӕн (Исай 11:4; Раргомад 19:11–16).

Хуыцау хӕстытӕм раздӕр цы цӕстӕй касти, абон дӕр сӕм ахӕм цӕстӕй кӕсы. Нӕ рӕстӕджы дӕр Хуыцау хӕст расиддзӕн, цӕмӕй фесафа, иннӕты чи ӕфхӕры ӕмӕ сын алы фыдмитӕ чи кӕны, уыдоны. Фӕлӕ алкӕддӕр куыд уыди, афтӕ ныр дӕр ӕрмӕстдӕр Хуыцау скъуыддзаг кӕны, уыцы хӕст кӕд хъуамӕ райдайа ӕмӕ дзы чи хъуамӕ хӕца, уый. Уӕдӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй Хуыцау ӕмгъуыд скодта, фыддзинадӕн кӕрон кӕм скӕндзӕн ӕмӕ, иннӕты чи ӕфхӕры, уыдоны кӕм фесафдзӕн, уыцы хӕст кӕд райдайдзӕн, уымӕн. Уымӕй уӕлдай ма аскъуыддзаг кодта, уыцы хӕсты кӕй тох кӕндзӕн йӕ Фырт, Йесо Чырысти. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ абон зӕххыл цы хӕстытӕ цӕуы, уыдон Хуыцауы фӕндонӕй кӕй нӕ цӕуынц, кӕд кӕмӕдӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ рӕстдзинады сӕрыл сты, уӕддӕр.

Ӕрхӕссӕм ахӕм дӕнцӕг. Фыд хӕдзары куы нӕ уыди, уӕд йӕ дыууӕ фырты хыл кӕнын райдыдтой. Кӕцыдӕр рӕстӕг сӕ хыл фӕуагътой ӕмӕ сӕ фыдмӕ телефонӕй бадзырдтой. Иу иннӕйы сардыдта, фыццаг мӕ уый ныццавта, зӕгъгӕ. Иннӕ та загъта, йӕхи аххос кӕй уыд. Алчи дӕр сӕ хъуыды кодта, фыд йӕ сӕрыл кӕй рахӕцдзӕн. Фӕлӕ фыд сӕ дыууӕмӕ дӕр куы байхъуыста, уӕд сын загъта, цӕмӕй мауал хыл кодтаиккой ӕмӕ йӕм банхъӕлмӕ кастаиккой, куы ӕрбацӕуон, уӕд хабар равзардзыстӕм, зӕгъгӕ. Лӕппутӕ иу гыццыл ӕрсабыр сты ӕмӕ та стӕй ногӕй кӕрӕдзимӕ фесты. Сӕ фыд куы ’рбацыд, уӕд сӕ дыууӕйы дӕр бафхӕрдта, йӕ ныхасмӕ йын кӕй нӕ байхъуыстой, уый тыххӕй.

Абон, кӕрӕдзиимӕ чи хӕцы, уыцы адӕмтӕ Хуыцаумӕ ӕххуысы тыххӕй фӕкувынц. Фӕлӕ Хуыцау абоны хӕстыты никӕй фарс у. Йӕ Ныхасы, Библийы, фыст ис, «ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут» ӕмӕ «уӕ маст макӕмӕй исут», зӕгъгӕ (Ромӕгтӕм 12:17, 19). Уымӕй уӕлдай ма адӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕм зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсой, цалынмӕ Армагеддонӕн йӕ рӕстӕг не ’рцӕуа ӕмӕ йӕхӕдӕг архайын нӕ райдайа, уӕдмӕ (Псалом 37:7). Адӕмтӕ Хуыцаумӕ куы нӕ банхъӕлмӕ кӕсынц ӕмӕ сӕхӕдӕг хӕцын куы райдайынц, уӕд уыцы хивӕнд ӕмӕ ӕгъатыр хъуыддӕгтӕй Хуыцау разы нӕ вӕййы. Уӕдӕ Армагеддоны хӕсты Хуыцау адӕмыл йӕ маст ныккалдзӕн ӕмӕ сын сӕ быцӕутӕн ӕнустӕм кӕрон скӕндзӕн, зӕххы кӕрӕтты онг хӕстытӕ кӕй бауромдзӕн, уый фӕрцы (Псалом 46:9; Исай 34:2). Цыбырдзырдӕй, Армагеддон у, ӕппӕт хӕстытӕн дӕр кӕрон чи скӕндзӕн, уыцы хӕст.

Хӕстытӕ кӕй нал уыдзӕн, уый у, Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн цы бирӕ арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр иу. Уыцы Паддзахады кой кодта Йесо йӕ зындгонд куывды: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:10). Хуыцауы Паддзахад ӕрмӕст хӕстытӕн не скӕндзӕн кӕрон, фӕлӕ хӕстытӕ сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй райдайынц, уымӕн – фыддзинадӕн * (Псалом 37:9, 10, 14, 15). Уӕдӕ диссаг нӕу, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ ӕнӕрхъӕцӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Хуыцауы Паддзахады арфӕдзинӕдтӕм (2 Петры 3:13).

Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахад ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн, ӕфхӕрӕн митӕн ӕмӕ фыддзинадӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ ма цас ӕнхъӕлмӕ кӕсын хъӕуы? Библийы фыст пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕй бӕрӕг у, ацы цардӕвӕрдӕн йӕ фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Тагъд Хуыцауы Паддзахад Армагеддоны хӕсты ацы фӕстаг бонтӕн кӕрон скӕндзӕн.

Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй уыцы фӕстаг хӕсты фесӕфдзысты, «Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы», уыдон (2 Фессалоникӕгтӕм 1:8). Фӕлӕ ма ногӕй нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм уый, ӕмӕ Хуыцауӕн никӕй мӕлӕт у ӕхсызгон, суанг фыдгӕнӕджы мӕлӕт дӕр (Йезекил 33:11). Хуыцауы нӕ фӕнды, ӕмӕ уыцы фӕстаг хӕсты исчи фесӕфа. Уымӕ гӕсгӕ батыхст, цӕмӕй Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабар «хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой», цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ (2 Петры 3:8, 9; Матфейы 24:14; 1 Тимофеймӕ 2:3, 4). Абон ӕгас зӕххыл дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар кӕй хъусын кӕнынц, уый фӕрцы адӕмӕн ис фадат, цӕмӕй Хуыцауы базоной, Йесойы тыххӕй хорз хабары коммӕ кӕсой ӕмӕ сӕхи цӕстӕй феной, хӕстытӕ куы нал уа, уыцы бон.

^ 9 абз. Хуыцауы Паддзахад ма фесафдзӕн адӕмы знаджы дӕр – мӕлӕт. Ацы брошюрӕйы, рубрикӕйы «Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ», зӕгъгӕ, куыд фыст ис, афтӕмӕй Хуыцау райгас кӕндзӕн тынг бирӕ адӕмы, уыдонимӕ, хӕстыты чи фӕмард, уыцы адӕмы дӕр.