Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Армагеддоны хӕст цы у?

Армагеддоны хӕст цы у?

Дзуапп Библийӕ

 Армагеддоны хӕст у фӕстаг хӕст зӕххон хицауӕдты ӕмӕ Хуыцауы ’хсӕн. Уыцы хицауӕдтӕ ӕмӕ, сӕ фарс чи у, уыдон суанг ныр дӕр Хуыцауы ныхмӕ цӕуынц ӕмӕ сӕ йӕ коммӕ кӕсын нӕ фӕнды (Псалом 2:2). Армагеддоны хӕсты зӕххон хицауӕдтӕ сӕфт ӕрцӕудзысты (Данел 2:44).

 Дзырд «Армагеддон» Библийы ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр иу ран, Раргомады 16:16 стихы. Ацы пехуымпарады фыст ис, «дзуттагау Армагеддон чи хуыйны, уыцы бынатмӕ» кӕй ӕрӕмбырд уыдзысты «ӕгас дунейы паддзӕхтӕ», «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕстмӕ» (Раргомад 16:14).

 Армагеддоны чи хӕцдзӕн? Йесо Чырысти рацӕудзӕн уӕларвон ӕфсӕдтимӕ, цӕмӕй Хуыцауы знӕгтыл фӕуӕлахиз уа (Раргомад 19:11–16, 19–21). Уыцы знӕгтӕм хауынц, Хуыцауы ныхмӕ чи цӕуы ӕмӕ йӕ чи ницӕмӕ дары, уыдон (Йезекил 39:7).

 Армагеддоны хӕст Ӕввахс Скӕсӕны уыдзӕн? Нӕ. Армагеддоны хӕст уыдзӕн ӕгас зӕххыл дӕр (Йереми 25:32–34; Йезекил 39:17–20).

 Армагеддон, хатт ма йӕ ратӕлмац кӕнынц «Хармагедон» (дзуттагау Хар Мегиддо́н), нысан кӕны «Мегиддойы хох». Мегиддо уыди рагон Израилы горӕттӕй сӕ иу. Историктӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй уыцы ран ӕрцыд бирӕ стыр хӕстытӕ, кӕцыдӕрты тыххӕй дзы нӕ бон у бакӕсын Библийы дӕр (Тӕрхонгӕнджыты 5:19, 20; 2 Паддзӕхты 9:27; 23:29). Фӕлӕ Армагеддон рагон Мегиддомӕ ’ввахс цавӕрдӕр бынатмӕ нӕ амоны. Уым стыр хох нӕй, стӕй Изреелы дӕлвӕзы уыйбӕрц бынат нӕй, цӕмӕй дзы, Хуыцауы ныхмӕ чи хӕцдзӕн, уыдон иууылдӕр бацӕуой. Армагеддоны зӕххон хицауӕдтӕ ӕрӕмбырд уыдзысты, цӕмӕй Хуыцауы ӕвӕрд хицауадимӕ схӕцой.

 Армагеддоны хӕсты цы уыдзӕн? Хуыцау йӕ хъаруйӕ куыд спайда кӕндзӕн, уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ зонӕм, раджы заманты-иу Хуыцауы хӕцӕнгӕрзтӕ кӕй уыдысты, зӕгъӕм, их, зӕххӕнкъуыст, донивылд, зынг ӕмӕ сондон, арвӕрттывд ӕмӕ низтӕ, ӕмӕ та сӕ йӕ бон кӕй у ногӕй спайда кӕнын (Иов 38:22, 23; Йезекил 38:19, 22; Аввакум 3:10, 11; Захари 14:12). Хуыцауы знӕгтӕй иуӕй-иутӕ афтӕ схӕццӕ уыдзысты, ӕмӕ кӕрӕдзи марынмӕ фӕуыдзысты. Фӕлӕ йӕ стӕй бамбардзысты, семӕ Хуыцау кӕй хӕцы (Йезекил 38:21, 23; Захари 14:13).

 Цымӕ Армегеддоны дуне фесӕфдзӕн? Зӕхх нӕ фесӕфдзӕн, уымӕн ӕмӕ нын ӕй Хуыцау радта, цӕмӕй йыл ӕнустӕм цӕрӕм (Псалом 37:29; 96:10; Екклесиаст 1:4). Армагеддоны адӕм се ’ппӕт нӕ фесӕфдзысты. «Тынг бирӕ адӕм», ома Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, фервӕздзысты (Раргомад 7:9, 14; Псалом 37:34).

 Библийы дзырд «дуне» иуӕй-иу хатт фӕамоны, Хуыцауы коммӕ кӕсын кӕй нӕ фӕнды, уыцы адӕммӕ (1 Иоанны 2:15–17). Ӕмӕ Армагеддон «дунейы фӕуд [ома кӕрон]» уыцы хуызы уыдзӕн, ӕмӕ ӕгоммӕгӕс адӕм фесӕфдзысты (Матфейы 24:3, «Ног Фӕдзӕхст», 2004).

 Армагеддон кӕд райдайдзӕн? Йесо, Армагеддоны хӕстӕй чи фӕуыдзӕн, уыцы «стыр бӕллӕхы» кой куы кодта, уӕд загъта: «Уыцы бон ӕмӕ сахаты тыххӕй ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – ӕрмӕст ӕй Фыд зоны» (Матфейы 24:21, 36). Фӕлӕ Библийӕ базонӕн ис, Армагеддон кӕй райдайдзӕн, Йесо уӕлӕрвты Паддзах куы суа, уый фӕстӕ, ӕмӕ Паддзах та сси 1914 азы (Матфейы 24:37–39).