Дыккаг закъон 4:1—49

4  Ӕмӕ ныр, Израилы адӕм, байхъусут, цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ уын цы закъӕттӕ амонын, уыдонмӕ. Ӕххӕст сӕ кӕнут, цӕмӕй цӕрат+ ӕмӕ цӕмӕй бацӕуат, уӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕ уын кӕй дӕтты, уыцы зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бацахсат.  Цы ныхӕстӕ уын фӕдзӕхсын, уыдонмӕ мацы бафтаут ӕмӕ дзы мацы аппарут+. Фидар хӕцут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытыл, ӕз уын кӕй дзурын, уыдоныл.  Сымах уӕхи цӕстӕй федтат, Йегъовӕ Фегоры раз куыд бакодта, уый: Фегоры Ваалы+ фӕдыл чидӕриддӕр ацыд, уыдоны уӕ Хуыцау Йегъовӕ уе ’хсӕнӕй фесӕфта+.  Фӕлӕ сымах, уӕ Хуыцау Йегъовӕйыл ӕнувыд чи у*, уыдон+, уе ’ппӕт дӕр абон удӕгас стут.  Ӕз уын бацамыдтон йӕ уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ йӕ закъӕттӕ+, мӕ Хуыцау Йегъовӕ мын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ, цӕмӕй уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрат, кӕдӕм цӕут ӕмӕ кӕй бацахсдзыстут, уыцы зӕххыл.  Фидар сыл хӕцут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕд, ӕппӕт ацы уагӕвӕрдты тыххӕй-иу цы адӕмтӕ фехъусой, уыдон уындзысты уӕ зонд+ ӕмӕ уе ’мбаргӕдзинад+, ӕмӕ дзурдзысты: „Ацы стыр адӕм ӕцӕгӕйдӕр сты зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ адӕм“+.  Кӕцы стыр адӕммӕ+ сты йӕ хуыцӕуттӕ афтӕ хӕстӕг, нӕ Хуыцау Йегъовӕ махмӕ куыд хӕстӕг у, кӕдфӕнды йӕм ма кувӕм, уӕддӕр?+  Стӕй кӕцы стыр адӕмӕн ис, ӕз уын абон кӕй дӕттын, уыцы закъоны хуызӕн раст уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ?+  Ӕрмӕст дӕхимӕ кӕс ӕмӕ дӕ уд хъахъхъӕн+, цӕмӕй ма ферох кӕнай, дӕхи цӕстӕй цы федтай+, уыдӕттӕ ӕмӕ цӕмӕй цӕрӕнбонтӕм дӕ зӕрдӕйы уой+. Ӕмӕ сӕ хъуамӕ радзурай дӕ цотӕн ӕмӕ дӕ цоты цотӕн+. 10  Радзур сын, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз Хоривы+ куы лӕууыдтӕ, уӕд цы ’рцыд, уый тыххӕй. Йегъовӕ мын уӕд загъта: „Адӕмы мӕ разы ӕрӕмбырд кӕн, цӕмӕй мын мӕ ныхӕстӕ фехъусой+, цӕмӕй мӕнӕй тӕрсын сахуыр уой+ ӕмӕ мӕ тӕрсой, цалынмӕ а зӕххыл цӕрой, уӕдмӕ, ӕмӕ сӕ цоты дӕр ууыл сахуыр кӕной“+. 11  Ӕмӕ сымах дӕр ӕрбацыдыстут ӕмӕ хохрӕбын ӕрлӕууыдыстут. Хох та кодта судзгӕ, арт хӕццӕ кодта суанг арвмӕ*. Уым уыди саудалынг ӕмӕ сау мигъ+. 12  Ӕмӕ Йегъовӕ уемӕ дзурын райдыдта арты астӕуӕй+. Сымах ныхас хъуыстат, фӕлӕ уынгӕ никӕй кодтат+. Хъуыстат ӕрмӕст хъӕлӕс+. 13  Ӕмӕ уын Хуыцау фехъусын кодта йӕ бадзырд+ – Дӕс дзырды*+, ӕмӕ уын бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕнат. Уый фӕстӕ сӕ ныффыста дыууӕ къӕйдурыл+. 14  Ӕмӕ уыцы рӕстӕг Йегъовӕ мӕнӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй уын бацамыдтаин йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ йӕ закъӕттӕ, цӕмӕй уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрат, кӕдӕм цӕут ӕмӕ кӕй бацахсдзыстут, уыцы зӕххыл+. 15  Йегъовӕ Хоривы уемӕ арты астӕуӕй куы дзырдта, уӕд уынгӕ никӕй фӕкодтат+. Уӕдӕ уӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕнут+, 16  цӕмӕй сӕфты фӕндагыл ма ныллӕууат+ ӕмӕ уӕхицӕн гуымирытӕ ма саразат ӕмӕ мацӕй ныв скӕнат: нӕдӕр нӕлгоймаджы ныв, нӕдӕр сылгоймаджы ныв+; 17  зӕххыл чи цӕры, уыцы сырдтӕй+ ӕмӕ, уӕлӕрвты чи тӕхы, уыцы базырджын мӕргътӕй иуы ныв дӕр+; 18  зӕххыл цӕрӕгойӕ цы змӕлы, уыдонӕй ӕмӕ, зӕххӕй дӕлдӕр дӕтты цы кӕсӕгтӕ+ ис, уыдонӕй иуы ныв дӕр. 19  Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй, арвмӕ куы скӕсат ӕмӕ хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ – арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдон* – куы фенат, уӕд ма фӕрӕдийат ӕмӕ сын ма райдайат табу кӕнын ӕмӕ кувын+,– уӕ Хуыцау Йегъовӕ арвы бын ӕппӕт адӕмтӕн дӕр кӕй радта, уыдонӕн+. 20  Фӕлӕ сымах Йегъовӕ равзӕрста ӕмӕ уӕ ракодта ӕфсӕйнаг пецӕй+, Египетӕй, цӕмӕй суыдаиккат йӕ адӕм+, абон куыддӕриддӕр у, афтӕ. 21  Сымах тыххӕй мӕм уӕд Йегъовӕ смӕсты+ ӕмӕ расомы кодта, ӕз кӕй нӕ ахиздзынӕн Иорданы фаллаг фарсмӕ ӕмӕ кӕй нӕ бацӕудзынӕн, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын бынӕн кӕй дӕтты, уыцы хорз зӕхмӕ+. 22  Ӕз амӕлдзынӕн ацы зӕххыл+, Иорданы фаллаг фарсмӕ нӕ ахиздзынӕн. Фӕлӕ сымах ахиздзыстут фаллаг фарсмӕ ӕмӕ уыцы хорз зӕхх сымах бауыдзӕн. 23  Уӕхимӕ кӕсут, ма ферох кӕнут, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уемӕ цы бадзырд скодта, уый+ ӕмӕ уӕхицӕн ма саразут нӕдӕр гуымирытӕ, нӕдӕр, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ кӕй тыххӕй бафӕдзӕхста, уыдонӕй иуы ныв дӕр+. 24  Дӕ Хуыцау Йегъовӕ у, ӕппӕт дӕр чи ныхъуыры, ахӕм арт+. Уый домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уай иузӕрдион+. 25  Уыцы зӕххыл уын цот ӕмӕ цоты цот куы рацӕуа ӕмӕ дзы бирӕ куы фӕцӕрат, фӕлӕ уый фӕстӕ сӕфты фӕндагыл куы ныллӕууат+ ӕмӕ куы саразат гуымирытӕ+ науӕд цӕйфӕнды ныв дӕр,– ахӕм фыддзинад куы саразат уӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты+ ӕмӕ йӕ афтӕмӕй куы бафхӕрат,– 26  уӕд мын арв ӕмӕ зӕхх ӕвдисӕн+: Иорданы фаллаг фарсмӕ ахизгӕйӕ кӕй бацахсдзыстут, уыцы зӕххӕй уайтагъд фесӕфдзыстут. Бирӕ йыл нӕ фӕцӕрдзыстут, уымӕн ӕмӕ фӕцагъды уыдзыстут+. 27  Йегъовӕ уӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзӕн+ ӕмӕ уӕ Йегъовӕ цы адӕмтӕм фӕсурдзӕн, уыдоны ’хсӕн уӕ бирӕ нал баззайдзӕн+. 28  Ӕмӕ уым кувдзыстут, адӕймаджы къухӕй конд чи у, уыцы хуыцӕуттӕн+, хъӕдӕй ӕмӕ дурӕй конд+ хуыцӕуттӕн, уынгӕ дӕр чи нӕ кӕны, хъусгӕ дӕр ӕмӕ хӕргӕ дӕр ӕмӕ тӕф дӕр чи не ’мбары+. 29  Уым уӕ Хуыцау Йегъовӕйы агурын куы райдайат, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг ссардзыстут+, уымӕн ӕмӕ йӕ агурдзыстут ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй+. 30  Фӕстагмӕ дыл ӕппӕт ацы ныхӕстӕ куы сӕххӕст уой ӕмӕ дыл уынгӕджы бон куы скӕна, уӕд раздӕхдзынӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ+ ӕмӕ йӕм хъусдзынӕ+. 31  Дӕ Хуыцау Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау+. Уый дӕ нӕ ныууадздзӕн, нӕ дӕ фесафдзӕн ӕмӕ, дӕ фыдӕлтимӕ кӕй скодта ӕмӕ сын кӕй тыххӕй расомы кодта, уыцы бадзырд+ нӕ ферох кӕндзӕн. 32  Ӕрхъуыды-ма кӕн, ды кӕй не ’рӕййӕфтай, уыцы рӕстӕджытӕ+, Хуыцау зӕххыл адӕймаджы цы бон сфӕлдыста+, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ цытӕ уыди. Ӕмӕ-ма акӕс арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ. Ахӕм стыр диссаг ма искуы ӕрцыд? Науӕд ма ахӕм хабар искуы исчи фехъуыста?+ 33  Кӕцы адӕмыл ма ӕрцыд ахӕм хабар, ӕмӕ Хуыцауы хъӕлӕс фехъусой, арты астӕуӕй куыд дзуры, уый, сымах ӕй куыд фехъуыстат, афтӕ, ӕмӕ удӕгасӕй баззайой?+ 34  Науӕд Хуыцау кӕцы адӕмы тыххӕй ацыд, цӕмӕй йӕ иннӕ адӕмы ’хсӕнӕй йӕхицӕн ракӕна фӕлварӕнты+, нысӕнтты+, диссӕгты+, хӕсты+, йӕ фидар къух+ ӕмӕ йӕ тыхджын цонджы+ фӕрцы ӕмӕ, адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгты+ фӕрцы? Кӕцы адӕмы тыххӕй сарӕзта уӕ Хуыцау Йегъовӕ, сымах тыххӕй Египеты уӕ цӕстыты раз кӕй сарӕзта, ахӕм хъуыддӕгтӕ? 35  Ӕрмӕстдӕр дӕуӕн равдыста ӕппӕт уыдӕттӕ, цӕмӕй йӕ зонай, Йегъовӕ кӕй у иунӕг ӕцӕг Хуыцау+ ӕмӕ уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау кӕй нӕй+. 36  Уӕларвӕй дын йӕ хъӕлӕс фехъусын кодта, цӕмӕй дын зонд бацамыдтаид. Ӕмӕ дын зӕххыл фенын кодта йӕ пиллон арт, ӕмӕ йын арты астӕуӕй фехъуыстай йӕ ныхӕстӕ+. 37  Фӕлӕ ды удӕгасӕй баззадтӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцау уарзта дӕ фыдӕлты, ӕмӕ сын сӕ байзӕддӕгты равзӕрста+, цӕмӕй суыдаиккой йӕ адӕм, ӕмӕ дӕ йӕхӕдӕг ракодта Египетӕй йе стыр тыхы фӕрцы+, 38  цӕмӕй дын дӕ разӕй фӕсура, дӕуӕй стырдӕр ӕмӕ тыхджындӕр чи у, уыцы адӕмты, сӕ зӕхмӕ дӕ бакӕна ӕмӕ дын ӕй бынӕн ратта, абон куыддӕриддӕр у, афтӕ+. 39  Ды йӕ хорз зоныс, ӕмӕ йӕ хъуамӕ дӕ зӕрдыл дӕр дарай, Йегъовӕ кӕй у иунӕг ӕцӕг Хуыцау уӕлейӕ арвыл ӕмӕ бынӕй зӕххыл+. Уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй+. 40  Ӕххӕст ын кӕн йӕ уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ, ӕз дын абон кӕй дзурын, уыдон, цӕмӕй дӕуӕн+ дӕр ӕмӕ дӕ цотӕн дӕр алкӕддӕр уа хорз ӕмӕ цӕмӕй, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл бирӕ фӕцӕрай»+. 41  Уыцы рӕстӕг Моисей Иорданы ацы фарс, скӕсӕнырдыгӕй, рахицӕн кодта ӕртӕ горӕты+, 42  цӕмӕй-иу уырдӕм алидза марӕг, адӕймагӕй йе сӕфт чи нӕ уыдта+ ӕмӕ йӕ барӕй чи нӕ амардта+, уый. Хъуамӕ алидза уыцы горӕттӕй иумӕ ӕмӕ уым цӕра+. 43  Моисей Рувимы мыггагӕн ӕдзӕрӕг быдыры, уӕлвӕзыл рахицӕн кодта Бецер+, Гады мыггагӕн Галаады рахицӕн кодта Рамоф+, Манассийы+ мыггагӕн та Васаны рахицӕн кодта Голан+. 44  Ай у, Моисей Израилы фырттӕн кӕй радта, уыцы закъон+. 45  Ацы амындтӕ+, уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ закъӕттӕ+ Моисей Израилы фырттӕн фехъусын кодта, Египетӕй куы рацыдысты, уӕд, 46  Иорданы раз, Беф-Фегоры+ цур дӕлвӕзы, аморейты паддзах Сигоны зӕххыл. Сигон цард Есевоны+, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ адӕмы дӕр Моисей ӕмӕ Израилы фырттӕ ныддӕрӕн кодтой, Египетӕй куы рацыдысты, уӕд+. 47  Уыдон бацахстой Сигоны зӕхх ӕмӕ Васаны паддзах Огы+ зӕхх, дыууӕ аморейаг паддзахы зӕххытӕ. Уыдон паддзӕхтӕ уыдысты, Иорданы раз скӕсӕнырдыгӕй цы зӕххытӕ уыди, уым. 48  Сӕ зӕххытӕ уыдысты, Арноны дӕлвӕзы был чи ис, уыцы Ароерӕй+ суанг Сионы, ома Ермоны+, хохы онг, 49  стӕй, Иорданы раз скӕсӕнырдыгӕй чи ис, уыцы Аравӕ+ ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕмӕ суанг, Фасгӕйы+ хохрӕбын чи ис, уыцы Аравӕйы+ денджызы онг.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «чи баныхӕст».
Комк. «арвы зӕрдӕмӕ».
Кӕс Рц 34:28, фип.
Комк. «уӕларвон ӕфсад иууылдӕр».