Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕстмӕ цӕуылнӕ цӕуынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕстмӕ цӕуылнӕ цӕуынц?

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕстмӕ кӕй нӕ цӕуынц, уымӕн ис цалдӕр аххосаджы.

  1.   Хъусынц Хуыцаумӕ. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ «сӕ хъаматӕй сараздзысты гутӕттӕ» ӕмӕ «хӕцын дӕр нал ахуыр кӕндзысты» (Исай 2:4).

  2.   Хъусынц Чырыстимӕ. Чырысти апостол Петрӕн загъта: «Дӕ хъама йӕ бынаты сӕвӕр, уымӕн ӕмӕ чидӕриддӕр йӕ къухмӕ хъама райса, уый йӕ мӕлӕт хъамайӕ ссардзӕн» (Матфейы 26:52). Афтӕмӕй Чырысти равдыста, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ хӕцӕнгарз сӕ къухмӕ дӕр кӕй нӕ исдзысты.

     Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ «ацы дунейӕ не сты», ома политикӕимӕ баст хъуыддӕгты нӕ фӕархайынц (Иоанны 17:16). Уыдон алыхуызон змӕстыты нӕ фӕархайынц ӕмӕ, хӕцын чи уарзы, уыдонимӕ сын иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис.

  3.   Иннӕты уарзынц. Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй «кӕрӕдзийы уарзой» (Иоанны 13:34, 35). Уымӕ гӕсгӕ, кӕцыфӕнды бӕстӕйы ма цӕрой, иууылдӕр сты ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ, ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ нӕ хӕцдзысты (1 Иоанны 3:10–12).

  4.   Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты фӕзмынц. «Дин ӕмӕ хӕсты тыххӕй энциклопеди»-йы (Encyclopedia of Religion and War) фыст ис: «Чырыстийы рагон фӕдылдзӕуджытӕ нӕ цыдысты нӕдӕр хӕстмӕ, нӕдӕр ӕфсадмӕ», уымӕн ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕ Чырыстийы ныхӕсты ныхмӕ сты. Уый сын загъта, цӕмӕй «се знӕгты дӕр уарзой». Немыцаг теолог Петер Майнхольд дӕр Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгты тыххӕй загъта: «Уый гӕнӕн нӕ уыд, цӕмӕй Чырыстон дӕр уай ӕмӕ ӕфсӕддон дӕр».

Адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кусынц, адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц ӕмӕ, кӕм цӕрынц, уыцы бӕстӕйы ӕдасдзинадӕн тӕссаг не сты. Библийы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ, хицауадӕн аргъ кӕнынц.

  •   «Хицӕуттӕн коммӕгӕс ут» (Ромӕгтӕм 13:1).

  •   «Уӕдӕ, паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн» (Матфейы 22:21).

 Афтӕмӕй, закъонмӕ гӕсгӕ архайӕм, хъалон фидӕм ӕмӕ, хицауад адӕмы хорзӕн цавӕрдӕр хъуыддаг куы фӕаразы, уӕд фӕстӕ нӕ фӕлӕууӕм.