1 Коринфӕгтӕм 1:1—31

1  Павел, Хуыцауы фӕндӕй+ хуынд чи ’рцыд, цӕмӕй уа Йесо Чырыстийы апостол+, не ’фсымӕр Сосфенимӕ+  фыссы Коринфмӕ+, Хуыцауы ӕмбырдмӕ. Хуыцау уӕ ссыгъдӕг кодта+ ӕмӕ стут Йесо Чырыстиимӕ иудзинады, ӕрхуыдта уӕ, цӕмӕй сыгъдӕджытӕ уат+. Стӕй фыссы, алы ран дӕр нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номыл йӕ ныфс чи дары*+, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр. Уый у уыдоны Хицау дӕр ӕмӕ мах Хицау дӕр+.  Нӕ Фыд Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы+ стыр хорзӕх+ ӕмӕ фарнӕй хайджын ут+.  Сымах тыххӕй ӕдзухдӕр Хуыцауӕн бузныг фӕзӕгъын, Йесо Чырыстийы фӕрцы+ уын йе стыр хорзӕхӕй кӕй бахай кодта, уый тыххӕй+.  Йесоимӕ иудзинады кӕй стут, уый фӕрцы алцӕмӕй дӕр схъӕздыг стут+: уӕ бон у Хуыцауы ныхас, куыд ӕмбӕлы, афтӕ хъусын кӕнын, стӕй алцыдӕр зонут+.  Афтӕ кӕй у, уый та уымӕй бӕрӕг у, ӕмӕ уӕм Чырыстийы+ тыххӕй хъусын кӕныны хъуыддаг ӕрфидар.  Гъемӕ, нӕ Хицау Йесо Чырысти куы раргом уа+, уымӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, сымах цух ницавӕр хӕрзиуӕгӕй стут+.  Ӕмӕ уын Хуыцау хъару дӕтдзӕн+ кӕронмӕ дӕр, цӕмӕй уӕм нӕ Хицау Йесо Чырыстийы+ бон+ фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа+.  Сымах уый тыххӕй чи ӕрхуыдта, цӕмӕй йӕ Фыртимӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстиимӕ, иудзинады уат+, уыцы Хуыцау иузӕрдион+ Хуыцау у. 10  Ме ’фсымӕртӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй+ уын фӕдзӕхсын+: уе ’ппӕт дӕр дзурут ӕмхуызон+, къордтыл ма дихтӕ кӕнут+, фӕлӕ ут иу зондыл хӕст ӕмӕ ӕмхуызон хъуыды кӕнут+. 11  Хлойӕйы хӕдзаронтӕй базыдтон+, уӕ кӕрӕдзиимӕ быцӕу кӕй кӕнут. 12  Мӕн уый фӕнды зӕгъын, ӕмӕ уӕ чи афтӕ дзуры: «Ӕз Павелы фӕдылдзӕуӕг дӕн», чи – «ӕз Аполлосы»+, чи – «ӕз Кифӕйы», чи та – «ӕз Чырыстийы». 13  Чырысти ныддихтӕ+. Ау, сымах тыххӕй хъӕдыл Павелы байтыгътой? Ӕви Павелы номыл райстат донаргъуыд?+ 14  Бузныг Хуыцауӕн, Крисп+ ӕмӕ уӕ Гайы+ йеддӕмӕ никӕмӕн радтон донаргъуыд, 15  ӕмӕ сымахӕй никӕй бон у зӕгъын, донаргъуыд мӕ номыл кӕй райста. 16  О, хӕдӕгай, Стефаны хӕдзаронтӕн дӕр ма радтон донаргъуыд+. Фӕлӕ ма ӕндӕр искӕмӕн донаргъуыд радтон, уый нӕ хъуыды кӕнын. 17  Мӕн Чырысти донаргъуыд дӕттынмӕ нӕ рарвыста+, фӕлӕ хорз хабар хъусын кӕнынмӕ, стӕй уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ хъусынгӕнгӕйӕ зондджын ныхӕстӕ кӕнон+, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ, Чырысти хъизӕмӕртты хъӕдыл кӕй амард, уый ницы пайда у. 18  Сӕфты фӕндагыл чи ис, уыдон, хъизӕмӕртты хъӕды тыххӕй цы дзурӕм+, уый нымайынц ӕнӕзонддзинадыл+. Мах та, ирвӕзындзинады фӕндагыл чи ис, уыдон+, уый мидӕг уынӕм Хуыцауы тых+. 19  Афтӕ фыст у: «Зондджынтӕн сӕ зонд фесафдзынӕн+, ӕмбаргӕтӕн се ’мбаргӕдзинад+ ницӕмӕ ӕрдардзынӕн»+. 20  Кӕм сты зондджын лӕгтӕ? Кӕм сты чиныджыдӕснытӕ?+ Кӕм сты ацы цардӕвӕрды+ быцӕууарзджытӕ?+ Хуыцау ӕй нӕ равдыста, ацы дунейы зонд ӕнӕзонддзинад кӕй у?+ 21  Хуыцауы зонд афтӕ рабӕрӕг: дуне йӕ зондӕй+ Хуыцауы куы нӕ базыдта+, уӕд Хуыцау сфӕнд кодта, мах кӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ иннӕтӕ ӕнӕзонддзинадыл+ кӕй нымайынц, уыцы хабары фӕрцы уырнджыты фервӕзын кӕнын. 22  Дзуттӕгтӕ курынц диссӕгтӕ+, грекъӕгтӕ агурынц зонд+. 23  Мах та хъусын кӕнӕм, хъӕдыл кӕй байтыгътой+, уыцы Чырыстийы тыххӕй. Уыцы хабар дзуттӕгтӕн у цӕлхдур+, иннӕ адӕмтӕн та – ӕнӕзонддзинад+. 24  Фӕлӕ, хуынд чи у, уыдонӕн та – дзуттӕгтӕн дӕр ӕмӕ грекъӕгтӕн дӕр – Чырыстийы уылты раргом Хуыцауы тых+ ӕмӕ Хуыцауы зонд+, 25  уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕй цы цӕуы, уый кӕд искӕмӕ ӕнӕзонддзинад кӕсы, уӕддӕр, адӕмы цӕсты цы у зондджын, уымӕй зондджындӕр у. Ӕмӕ, Хуыцауӕй цы цӕуы, уый кӕд кӕмӕдӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ лӕмӕгъ у, уӕддӕр, адӕмы цӕсты цы у тыхджын, уымӕй тыхджындӕр у+. 26  Ме ’фсымӕртӕ, сымах ӕй уӕхицӕй зонут, Хуыцау кӕй ӕрхуыдта+, уыдонӕй бирӕ кӕй нӕй, адӕмы цӕсты зондджын+ чи у, тыхджын+ чи у кӕнӕ кадджын мыггагӕй чи у, ахӕмтӕ. 27  Хуыцау равзӕрста, дунейы цӕсты ӕнӕзонд чи у, уыдоны+, цӕмӕй фӕхудинаг кӕна зондджынты. Хуыцау равзӕрста, дунейы цӕсты лӕмӕгъ чи у, уыдоны, цӕмӕй фӕхудинаг кӕна тыхджынты+. 28  Хуыцау равзӕрста, дунейы цӕсты кадджын чи нӕу ӕмӕ сӕ сӕрмӕ кӕй нӕ хӕссынц, уыдоны+ – адӕм ницӕуыл цы нымайынц+, уый, цӕмӕй, цыдӕр ӕнхъӕл цӕмӕй сты, уый фесафа, 29  Хуыцауы раз йӕхицӕй сӕрыстыр куыд ничи уа+. 30  Фӕлӕ сымах Хуыцауы фӕрцы Йесо Чырыстиимӕ стут иудзинады – уый нын раргом кодта Хуыцауы зонд+, уый фӕрцы нымад ӕрцыдыстӕм рӕстгӕнджытыл+, уый фӕрцы ссыгъдӕг стӕм+, уый нӕ балхӕдта*, ӕмӕ ссӕрибар стӕм+, 31  цӕмӕй уа, фыст куыддӕриддӕр у, афтӕ: «Сӕрыстыр чи у, уый сӕрыстыр уӕд Йегъовӕйӕ»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ном чи ары».
Комк. «ахӕсты аргъ бафыста».