Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Хуыцаумӕ куы кувон, уӕд мын баххуыс кӕндзӕн?

Хуыцаумӕ куы кувон, уӕд мын баххуыс кӕндзӕн?

Дзуапп Библийӕ

 Хуыцау ӕххуыс кӕны, йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ йӕм зӕрдӕбынӕй чи кувы, уыдонӕн. Кӕд Хуыцаумӕ никуы куывтай, уӕд дӕ ныфс бауадздзысты, Хуыцауӕй ӕххуыс чи куырдта, уыцы адӕмы цӕвиттонтӕ Библийӕ. Зӕгъӕм:

  •   «Баххуыс мын кӕн, о Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, фервӕзын мӕ кӕн де ’нувыд уарзтмӕ гӕсгӕ» (Псалом 109:26).

  •   «Фехъус мӕ, о Йегъовӕ, ӕмӕ мын дӕ хорзӕх ратт. О Йегъовӕ, ӕххуысгӕнӕг мын у» (Псалом 30:10).

 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы ныхӕстӕ чи ныффыста, уыцы адӕймаг Хуыцауыл тынг ӕууӕндыд. Фӕлӕ Хуыцау хъусы, «зӕрдӕсаст» кӕнӕ «ныфссаст чи у», ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы куывдтытӕ дӕр (Псалом 34:18).

 Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ Хуыцау махӕй тынг дард у ӕмӕ ныл ӕппындӕр нӕ тыхсы. Библийы фыст ис: «Йегъовӕ бады бӕрзондыл, фӕлӕ сӕрныллӕг адӕймаджы уыны, сӕрбӕрзонд чи у, уыимӕ та йын иумӕйагӕй ницы ис» (Псалом 138:6). Чырысти та иухатт йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Сымахӕн... уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр иууылдӕр нымад сты» (Матфейы 10:30). Хуыцау дӕу тыххӕй зоны, дӕхӕдӕг дӕхи тыххӕй кӕй нӕ зоныс, суанг ахӕм лыстӕг хабӕрттӕ дӕр. Уӕдӕ истӕуыл куы тыхсай ӕмӕ йӕм куы кувай, уӕд дӕ куыннӕ хъумӕ фехъуса! (1 Петры 5:7)