Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у

Раст диныл хӕст стут ӕви нӕ, ууыл уӕ сывӕллон дызӕрдыг кӕнын куы райдайа, уӕд цы ис саразӕн?

Раст диныл хӕст стут ӕви нӕ, ууыл уӕ сывӕллон дызӕрдыг кӕнын куы райдайа, уӕд цы ис саразӕн?

Сывӕллӕттӕ куы бахъомыл вӕййынц, уӕд сӕ бирӕтӕ равзарынц, сӕ ныййарджытӕ цы диныл хӕст вӕййынц, уыцы дин (2 Тимофеймӕ 3:14). Фӕлӕ иууылдӕр нӕ. Зӕгъӕм, дӕ сывӕллонмӕ дӕ дины тыххӕй фарстатӕ фӕзынд. Куыд ын у дӕ бон баххуыс кӕнын? Ацы статьяйы дзырд цӕуы, ахӕм уавӕры Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд бакӕнынц, ууыл.

«Мӕ ныййарджытӕ цы диныл хӕст сты, уый мӕ зӕрдӕмӕ нал цӕуы. Афтӕ цӕрын мӕ нал фӕнды» (Корӕ *, 18 азы).

РАСТ диныл хӕст кӕй дӕ, ууыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕныс. Уырны дӕ, раст цӕрын куыд хъӕуы, уый ӕрмӕстдӕр Библийӕ кӕй ис базонӕн. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы зондыл дӕ сывӕллоны дӕр аразыс (Дыккаг закъон 6:6, 7). Фӕлӕ, зӕгъӕм, сывӕллон бахъомыл ӕмӕ йӕ нал фӕнды уыцы фӕндагыл цӕуын? Гыццылӕй йӕ зӕрдӕмӕ чи цыд, уыцы диныл кӕд ныр дызӕрдыг кӕнын райдыдта, уӕд цы ис бакӕнӕн? (Галатӕгтӕм 5:7)

Афтӕ куы рауайа, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд, зӕгъгӕ, хорз ныййарӕг нӕ дӕн, мӕ сывӕллоны Хуыцауы фӕндагыл сӕвӕрын мӕ бон нӕ баци. Куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй хъуыддаг ӕрмӕст уый мидӕг нӕ вӕййы. Дӕ зӕрдыл дар: дӕ сывӕллон дын дӕ диныл дызӕрдыг кӕнын куы райдайа, уӕд йемӕ куыд ныхас кӕндзынӕ, уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн, йӕ зӕрдӕмӕ йӕ ӕввахсдӕр айсдзӕн, ӕви йыл йӕ зӕрдӕ бынтондӕр сивдзӕн. Дӕ сывӕллонимӕ уый фӕдыл хыл кӕнын куы райдайай, уӕд, зӕгъӕн ис, йемӕ карз тохы кӕй бацыдтӕ, фӕлӕ дӕ рох ма уӕд, уыцы тохы ӕнӕмӕнгӕй кӕй фӕхӕрд уыдзынӕ, уый (Колоссӕгтӕм 3:21).

Бирӕ хуыздӕр у апостол Павел куыд загъта, афтӕ кӕнын: «Хицауы цагъар... хъуамӕ хыл ма кӕна, фӕлӕ хъуамӕ алкӕимӕ дӕр уа фӕлмӕн, иннӕты ахуыр кӕнынмӕ арӕхса... йӕхиуыл хӕцын фӕраза» (2 Тимофеймӕ 2:24). Дӕ сывӕллон дӕ куы фӕрса, цӕуыл ӕууӕндыс, уымӕй, уӕд цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, «иннӕты ахуыр кӕнынмӕ» кӕй арӕхсыс, уый?

Ӕмбаргӕ у

Фыццаг уал базон, дӕ сывӕллон афтӕ хъуыды кӕнын цӕмӕн райдыдта, уый. Зӕгъӕм:

  • Мыййаг ӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕмбырды никӕй хъӕуы, стӕй йын дзы ӕмбӕлттӕ дӕр нӕй? «Тынг мӕ фӕндыд, цӕмӕй мын ӕмбӕлттӕ уыдаид, ӕмӕ ме ’мкъласӕгтӕй кӕимӕдӕрты балымӕн дӕн. Фӕлӕ уый мӕ уырнындзинадыл ӕвзӕрырдӕм фӕзынд. Ахӕм уавӕры уыдтӕн цалдӕр азы. Хуыцауы хъуыддӕгтыл мӕ къух тынгдӕр уый тыххӕй ауыгътон, ӕмӕ мӕ ме ’мбӕлттӕ ӕвзӕр зондыл арӕзтой. Ныр бирӕ цӕуылдӕрты фӕсмон кӕнын» (Ленор, 19 азы).

  • Мыййаг, йӕ ныфс нӕ хӕссы, цӕуыл ӕууӕнды, уый тыххӕй дзурын? «Цӕуыл ӕууӕндыдтӕн, уый тыххӕй скъолайы ме ’мкъласӕгтӕн дзурын ӕфсӕрмы кодтон. Тарстӕн, ӕнахуыр адӕймаджы ном мыл куы сбада ӕмӕ мӕ куы хынджылӕг кӕной, ай уырнон у, зӕгъгӕ. Иннӕты хуызӕн чи нӕ уыд, уыдонӕй сӕхи дард ластой, ӕмӕ мӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй мемӕ дӕр сӕхи афтӕ дардтаиккой» (Рамон, 23 азы).

  • Библийы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй хъӕуы, уый йӕм, мыййаг, зын кӕсы? «Афтӕ мӕм кӕсы, ӕмӕ, Хуыцау зӕрдӕ цы ӕнусон цардӕй ӕвӕры, уый цыма бӕрзонд асины цъуппыл ис, ӕз та йыл нырма мӕ къах ӕвӕргӕ дӕр не ’ркодтон. Стӕй йӕм, мӕнмӕ гӕсгӕ, тагъд нӕ бахӕццӕ уыдзынӕн. Уыцы „асинмӕ“ схизын афтӕ тынг тӕрсын, ӕмӕ мӕ фӕлтау ницы хъӕуы» (Рене, 16 азы).

Йемӕ-иу аныхас кӕн

Дӕ сывӕллоны та цы тыхсын кӕны? Цӕмӕй йӕ базонай, уый тыххӕй йын йӕхи бафӕрс. Фӕлӕ уӕ ныхас хылмӕ куыд ма асайа, ууыл бацархай. Иаковы 1:19 стихы ис хорз уынаффӕ: «Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ, дзурын ӕмӕ мӕсты кӕнынмӕ та тагъд ма кӕна». Дӕ сывӕллонимӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕн. «У бирӕфӕразон ӕмӕ [йӕ] арӕхстджынӕй ахуыр кӕн» – иннӕтимӕ куыд фӕразон вӕййыс ӕмӕ уыдонимӕ куыд фӕныхас кӕныс, афтӕ (2 Тимофеймӕ 4:2).

Зӕгъӕм, кӕд дӕ сывӕллоны ӕмбырдтӕм цӕуын нӕ фӕнды, уӕд базон, цӕуылнӕ йӕ фӕнды, уый. Ӕрмӕст йемӕ фӕлмӕнӕй дзур. Дӕлдӕр цы дӕнцӕг ис, уый ӕвдисы, ныййарӕджы, зӕгъӕм, фыды, йӕ фыртимӕ ныхас кӕнын куыд нӕ хъӕуы, уый.

Фырт: Нал мӕ фӕнды ӕмбырдтӕм цӕуын.

Фыд: [Мӕстыйӕ] Уый та дӕ куыд нал фӕнды?

Фырт: Сфӕлмӕцын ӕмбырды!

Фыд: Хуыцауы койӕ сфӕлмӕцыс? Уый та дын ног хабар! Цалынмӕ мӕ хӕдзары цӕрыс, уӕдмӕ мӕ разӕй ӕмбырдмӕ тъӕбӕртт кӕндзынӕ – фӕнда дӕ ӕви нӕ, уӕддӕр!

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йын ныййарджытӕ йӕ закъӕттӕ сӕ сывӕллӕттӕн амоной, сывӕллӕттӕ та сӕ ныййарджыты коммӕ кӕсой (Ефесӕгтӕм 6:1). Фӕлӕ иу ныййарӕджы дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй, йӕ хӕдзары дины фӕдыл цы уаг ӕмӕ ӕгъдау ис, уый йӕ сывӕллон роботау ӕххӕст кӕна ӕмӕ ӕмбырдтӕм ӕвӕндонӕй цӕуа. Дӕу дӕр куыннӕ фӕндид, цӕмӕй дӕ сывӕллон ӕмбырдтӕм цӕуа, Йегъовӕйы кӕй уарзы ӕмӕ йын пайда кӕй хӕссынц, уый кӕй ӕмбары, уый тыххӕй.

Уыцы хъуыддаджы йын цӕмӕй хуыздӕр баххуыс кӕнай, уый тыххӕй дӕ хъӕуы базонын, Хуыцауы хъуыддӕгтӕм ахӕм цӕстӕй цӕмӕн кӕсы, уый. Уый дӕ зӕрдыл дар ӕмӕ бакӕс, дӕлдӕр цы дӕнцӕг ис, уый. Ды дӕр дӕ фыртимӕ афтӕ куы ныхас кӕнай, уӕд дӕ, чи зоны, хуыздӕр бамбара.

Фырт: Нал мӕ фӕнды ӕмбырдтӕм цӕуын.

Фыд: [Фӕлмӕнӕй] Цӕуылнӕ?

Фырт: Уымӕн ӕмӕ сфӕлмӕцын!

Фыд: Сахат кӕнӕ дыууӕ сахаты куы фӕбадай, уӕд, чи зоны, фӕлмӕцгӕ дӕр скӕнай. Ӕппӕты тынгдӕр та дӕ цы тыхсын кӕны?

Фырт: Нӕ йӕ зонын. Мӕнмӕ гӕсгӕ, дзӕгъӕлы цӕуын ӕмбырдтӕм.

Фыд: Де ’мбӕлттӕ хъуыды кӕнынц афтӕ?

Фырт: Йӕ бӕллӕх дӕр уый у, ӕмӕ мын иу ӕмбал дӕр нӕй, растдӕр зӕгъгӕйӕ та, нал ис! Иунӕг ӕмбал мын уыд, ӕмӕ уый дӕр ам нал цӕры, ӕмӕ ныр, кӕимӕ аныхас кӕнон, уый дӕр нал ис. Алчидӕр йӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн цӕры, ӕз та нымады дӕр никӕмӕ дӕн!

Куыд федтам, афтӕмӕй фыд йӕ фыртимӕ фӕлмӕнӕй кӕй аныхас кодта, уый фӕрцы базыдта, йӕ фырты цыдӕр кӕй тыхсын кӕны, ома йын ӕмбӕлттӕ кӕй нӕй, уый. Уый фӕрцы ма йӕ къухы бафтыд ӕндӕр хъуыддаг дӕр – йӕ фырт ыл тынгдӕр ӕууӕндын райдыдта ӕмӕ йын иннӕ хатт йӕ хъуыдытӕ ӕргом дзурын афтӕ зын нӕ уыдзӕн. (Кӕс рамкӕ  «Хиуылхӕцгӕ у!».)

Бирӕ ӕрыгӕттӕ фӕстӕдӕр бамбарынц, сӕ уырнындзинад сын чи фӕкъуылымпы кӕны, уыцы зындзинӕдты сӕрты сӕ бон ахизын куы бауа, уӕд уый сӕхиуыл дӕр ӕмӕ сӕ уырнындзинадыл дӕр хуыздӕрырдӕм кӕй фӕзындзӕн. Ӕркӕсӕм, уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы Рамоны хабармӕ. Рамон-иу куы ахъуыды кодта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у, уый скъолайы куы базоной, ууыл, уӕд-иу йӕ сурхид акалд. Фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр бамбӕрста, цӕуыл ӕууӕндыд, уый тыххӕй дзурын ӕй тӕрсын кӕй нӕ хъуыд, кӕд ыл худгӕ дӕр кодтой, уӕддӕр. Рамон дзуры:

«Иухатт мӕ скъолайы иу лӕппу хынджылӕг кӕнын райдыдта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕн, уый тыххӕй. Тынг стыхстӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕнӕхъӕн кълас дӕр хъуыста. Ӕмӕ уӕд ныхас иннӕрдӕм аздӕхтон ӕмӕ йын йӕхи бафарстон, дӕхӕдӕг та цӕуыл ӕууӕндыс, зӕгъгӕ. Диссаг, фӕлӕ уый мӕнӕй тынгдӕр стыхст! Ӕмӕ йӕ уӕд бамбӕрстон, ме ’мгӕрттӕй бирӕтӕ цӕуылдӕрты кӕй ӕууӕндынц, фӕлӕ цӕуыл, уый сӕхӕдӕг дӕр не ’мбарынц. Мӕнӕн ма мӕ бон бамбарын кӕнын уӕддӕр у, цӕуыл ӕууӕндын, уый. Ӕфсӕрмы хъуамӕ ӕз ма кӕнон, фӕлӕ уыдон

УЫНАФФӔ. Дӕ сывӕллоны бафӕрс, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у, уымӕ цы цӕстӕй кӕсы. Исты пайда йын у? Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у, уый тыххӕй, мыййаг, зындзинӕдтӕ ’взары? Йӕ пайда фылдӕр у ӕви йӕ зындзинӕдтӕ фылдӕр сты? Бафӕрс ӕй, афтӕ йӕм цӕмӕн кӕсы (Марчы 10:29, 30). Йӕ бон у йӕ дзуаппытӕ гӕххӕттыл ныффыссын: галиуырдыгӕй ныффыссӕд, цавӕр зындзинӕдтӕ ’взары, рахизырдыгӕй та – Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у, уый йын цы пайда у. Афтӕмӕй йӕ уавӕрмӕ фӕрсырдыгӕй бакӕсдзӕн ӕмӕ йӕ бон уыдзӕн алцӕуылдӕр лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын.

Дӕ сывӕллон ахуыр кӕны «арф хъуыды кӕнын»

Ныййарджытӕ ӕмӕ ахуыргӕндтӕ бафиппайдтой, гыццыл сывӕллӕттӕ куыд хъуыды кӕнынц ӕмӕ, рӕзгӕ кары чи вӕййы, уыдон куыд хъуыды кӕнынц, уый кӕрӕдзийӕ кӕй хицӕн кӕны (1 Коринфӕгтӕм 13:11). Стыртӕй уӕлдай гыццылтӕн алцыдӕр бӕлвырд у – цы сын зӕгъай, ууыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕндзысты. Зӕгъӕм, гыццыл сывӕллонӕн куы зӕгъай, алцыдӕр Хуыцау сфӕлдыста, зӕгъгӕ, уӕд ӕй уайтагъд бауырны (Райдиан 1:1). Фӕлӕ стырдӕр чи у, уымӕ, чи зоны, фӕзына ахӕм фарстатӕ: «Кӕцӕй йӕ зонын, ӕмӕ Хуыцау ис? Кӕд Хуыцау адӕмы уарзы, уӕд цӕуылнӕ исты саразы, цӕмӕй ӕвзӕрдзинад мауал уа? Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ Хуыцауӕн нӕдӕр райдиан ис, нӕдӕр ын кӕрон уыдзӕн?» (Псалом 90:2).

Чи зоны дӕм афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ иугӕр дӕ сывӕллонмӕ ахӕм фарстатӕ фӕзынд, уӕд йӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ. Фӕлӕ, чи зоны, хъуыддаг бынтон ӕндӕрхуызон рауайа. Адӕймаг йӕ фарстатӕн дзуапп куы ссары, уӕд йӕ уырнындзинад бафидар вӕййы (Хъуыддӕгтӕ 17:2, 3).

Уымӕй уӕлдай, афтӕмӕй дӕ сывӕллон ахуыр кӕны «арф хъуыды кӕнын» (Ромӕгтӕм 12:1, 2). Уый фӕрцы та йӕ бон у ӕмбарын, гыццылӕй йӕ бон бамбарын цы нӕ уыд, уый, ома чырыстон динӕн «йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ, йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ арф» (Ефесӕгтӕм 3:18). Иугӕр дӕм дӕ сывӕллон фарстатӕ дӕтты, уӕд уыцы фадатӕй спайда кӕн, ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕнды, ууыл ын лӕмбынӕг ахъуыды кӕнынӕн баххуыс кӕн. Афтӕмӕй йӕхицӕн сбӕлвырд кӕндзӕн, раст диныл хӕст кӕй у, уый (Ӕмбисӕндтӕ 14:15; Хъуыддӕгтӕ 17:11).

УЫНАФФӔ. Дӕ сывӕллонимӕ ногӕй аныхас кӕн Библийы сӕйраг ахуырӕдтыл, кӕд сыл дӕхӕдӕг дӕр, стӕй дӕ сывӕллон дӕр нӕ дызӕрдыг кӕнут, уӕддӕр. Дӕ бон ын у зӕгъын, цӕмӕй ахъуыды кӕна ахӕм фарстатыл: «Хуыцау кӕй ис, уый мӕ цӕмӕн уырны? Хуыцау мыл кӕй тыхсы, уый мӕ бон фидарӕй зӕгъын у? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнын, ӕмӕ мын Хуыцауы закъӕттӕ пайда сты?» Ӕцӕг, афтӕ ма рауайӕд, ӕмӕ, дӕ сывӕллоны нӕ фӕнды, фӕлӕ йӕ ды уӕддӕр дӕхи зондыл аразыс. Фӕлтау ын баххуыс кӕн, цӕмӕй йын алы фарстайы фӕдыл дӕр йӕхи хъуыды уа. Уый фӕрцы йын ӕнцондӕр уыдзӕн бамбарын, раст диныл хӕст у ӕви нӕ, уый.

«Фидарӕй [дӕ] цӕуыл баууӕндын кодтой»

Библийы фыст ис ӕрыгон лӕппу Тимофейы тыххӕй. Тимофей кӕд йӕ «гыццылӕй фӕстӕмӕ» зыдта сыгъдӕг Фыстытӕ, уӕддӕр ӕй Павел фӕдзӕхста: «Цы базыдтай ӕмӕ дӕ фидарӕй цӕуыл баууӕндын кодтой, ууыл амӕй фӕстӕмӕ дӕр фидар хӕц» (2 Тимофеймӕ 3:14, 15). Чи зоны ды дӕр дӕ сывӕллонӕн йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ амоныс, Библийы цы фыст ис, уый. Фӕлӕ йын ныр хъуамӕ баххуыс кӕнай, цӕмӕй фидарӕй баууӕнда, цы зоны, ууыл ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар уа.

Ӕрыгӕттӕн фыст чи ӕрцыд, иу ахӕм чиныджы ис ахӕм уынаффӕ ныййарджытӕн: «Цалынмӕ сывӕллон уемӕ цӕры, уӕдмӕ дзы уӕ бон у домын, цӕмӕй уемӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕныны хъуыддӕгты архайа. Фӕлӕ уӕ нысан у, цӕмӕй Хуыцауы фӕндагыл куырмӕджы цӕуӕгау ма цӕуа, фӕлӕ Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ бауарза» («Ответы на твои вопросы», 1-аг том). Дӕ нысан дӕ куы нӕ рох кӕна, уӕд дӕ сывӕллонӕн баххуыс кӕндзынӕ, цӕмӕй «уырнындзинады фидар уа», ӕмӕ уӕд, цы диныл хӕст дӕ, уый ӕрмӕст дӕ царды фӕндаг нӕ уыдзӕн, фӕлӕ суыдзӕн уый царды фӕндаг дӕр * (1 Петры 5:9).

^ 4 абз. Ацы статьяйы нӕмттӕ ивд сты.

^ 40 абз. Фылдӕр базонӕн ис 2009 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй (июль-сентябрь), 10–12 фӕрстӕ ӕмӕ чиныгӕй «Ответы на твои вопросы», 1-аг том, 315–318 фӕрстӕ.

АХЪУЫДЫ КӔН...

  • Цӕуыл ӕууӕндын, уый фӕдыл мӕ сывӕллонмӕ фарстатӕ куы фӕзыны, уӕд йемӕ куыд фӕныхас кӕнын?

  • Ацы статьяйы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон мын мӕ сывӕллонимӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнынӕн куыд баххуыс кӕндзысты?