2 Тимофеймӕ 2:1—26

2  Уӕдӕ, мӕ хъӕбул+, амӕй фӕстӕмӕ дӕр дӕхи фидар кӕн+, Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы цы стыр хорзӕхӕй+ стӕм хайджын, уымӕй.  Ӕмӕ бирӕ ӕвдисӕнты+ раз мӕнӕй цы фехъуыстай, уыдӕттӕ бацамон ӕууӕнкджын адӕймӕгтӕн, ӕмӕ уӕд уыдонӕн дӕр сӕ бон уыдзӕн уыдӕттӕ иннӕтӕн амонын+.  Цы зындзинӕдтӕ ӕвзарыс+, уыдонӕн фӕраз, Йесо Чырыстийы хъӕбатыр ӕфсӕддонӕн+ куыд ӕмбӕлы, афтӕ.  Иу ӕфсӕддон+ дӕр ӕндӕр хъуыддӕгты фӕдыл ӕхца бакусыны тыххӕй нӕ ацӕудзӕн+, цӕмӕй, ӕфсадмӕ йӕ чи райста, уый дзы райгонд уа.  Стӕй адӕймаг ерыс-хъӕзтыты+ архайгӕйӕ хъазты уагӕвӕрдты сӕрты куы ахиза, уӕд хӕрзиуӕг нӕ райсдзӕн.  Зӕххы тыллӕгӕй фыццаг, чи йыл фӕфыдӕбон кодта, уыцы зӕхкусӕг хъуамӕ бахӕра+.  Ӕдзухдӕр хъуыды кӕн, цы дын дзурын, уыдӕттыл. Нӕ Хицау дын ратдзӕн ӕмбаргӕдзинад+ алы хъуыддаджы дӕр.  Дӕ зӕрдыл дар, Йесо Чырысти мӕрдтӕй кӕй райгас+ ӕмӕ Давиды байзӕддаг+ кӕй уыд, ӕз цы хорз хабар хъусын кӕнын+, уымӕ гӕсгӕ.  Ӕз зындзинӕдтӕ дӕр уыцы хорз хабары тыххӕй ӕвзарын, суанг ма мӕ фыдгӕнӕгау рӕхыстӕй дӕр сбастой+. Фӕлӕ Хуыцауы ныхас рӕхыстӕй баст нӕу+. 10  Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ алцӕмӕн дӕр быхсын, ӕвзӕрст+ чи у, уыдоны тыххӕй, цӕмӕй Йесо Чырыстийы фӕрцы уыдон дӕр фервӕзой ӕмӕ ӕнусон кадӕй схайджын уой+. 11  Раст сты ацы ныхӕстӕ+: кӕд йемӕ амардыстӕм, уӕд йемӕ цӕргӕ дӕр кӕндзыстӕм+; 12  кӕд фидар лӕууӕм, уӕд йемӕ паддзӕхтӕ дӕр уыдзыстӕм+; куы йӕ ныууадзӕм+, уӕд нӕ уый дӕр ныууадздзӕн; 13  мах иузӕрдион куы нӕ уӕм, уӕддӕр уый уыдзӕн иузӕрдион+, уымӕн ӕмӕ, йӕхиуыл йӕ зӕрдӕ сива, уый йӕ бон нӕу. 14  Адӕттӕ сын сӕ зӕрдыл лӕууын кӕн+, Хуыцауы раз сӕ фӕдзӕхс+, цӕмӕй цыдӕр дзырдтыл ма быцӕу кӕной+ – уыцы быцӕутӕ ӕппындӕр ницы пайда сты, уымӕн ӕмӕ сӕм чи хъусы, уыдонӕн хӕссынц зиан. 15  Ӕппӕт хъарутӕй архай, цӕмӕй Хуыцауы раз ӕрлӕууай аккагӕй+, йӕ куысты тыххӕй йӕ цӕсгом кӕмӕн нӕ судзы+, рӕстдзинады ныхас раст чи амоны ӕмӕ йӕ раст чи ӕмбарын кӕны+, ахӕм кусӕгӕй+. 16  Сыгъдӕг цы у, уый хынджылӕггаг чи кӕны, уыцы дзӕгъӕл ныхӕстӕй та дӕхи хиз+. Ахӕм ныхӕстӕ чи кӕны, уыдон се ’нӕхуыцау хъуыддӕгты фыддӕрӕй-фыддӕр кӕндзысты+, 17  ӕмӕ сӕ ныхас ахӕлиу уыдзӕн, буар сау кӕнын ӕмӕ ӕмбийын куыд райдайы, афтӕ+. Ахӕмтӕ сты Именей ӕмӕ Филит дӕр+. 18  Уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, мӕрдтӕ ныридӕгӕн райгас сты+, ӕмӕ афтӕмӕй раст фӕндагӕй адзӕгъӕл сты+, ӕмӕ ма кӕйдӕрты уырнындзинад дӕр халынц+. 19  Фӕлӕ уӕддӕр, Хуыцау цы фидар бындур сӕвӕрдта, уый лӕууы ӕнӕфӕцудгӕйӕ+ ӕмӕ йыл мыхуырӕвӕрдау фыст ис ахӕм ныхӕстӕ: «Йегъовӕ зоны йӕхиуӕтты»+; ӕмӕ ма ноджыдӕр: «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы+, уыдонӕн фыддзинадимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд»+. 20  Стыр хӕдзары та ӕрмӕст сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ нӕ вӕййы, фӕлӕ ма хъӕдӕй ӕмӕ ӕлыгӕй конд мигӕнӕнтӕ дӕр. Ӕмӕ дзы иутӕ вӕййынц, кадджын хъуыддагӕн чи бахъӕуы, ахӕмтӕ, иннӕтӕ та, ӕнӕуи хъуыддӕгтӕн чи бахъӕуы, ахӕм мигӕнӕнтӕ+. 21  Фӕстӕгтӕй йӕхи чи хизы, уый уыдзӕн, кадджын хъуыддагӕн чи бахъӕуы, ахӕм мигӕнӕн, сыгъдӕг, йӕ хицауӕн хъӕугӕ, алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ+. 22  Уымӕ гӕсгӕ, ӕвзонг адӕймаджы зӕрдӕйы цы монцтӕ фӕзыны, уыдонӕй дард лидз+. Ӕмӕ уый бӕсты тырн рӕстдзинадмӕ+, уырнындзинадмӕ, уарзондзинадмӕ ӕмӕ фарнмӕ+ ӕмӕ дӕхи бӕтт, Хицауыл йӕ ныфс сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи дары, уыдоныл+. 23  Стӕй дӕхи хиз ӕнӕзонд ӕмӕ дзӕгъӕл радзур-бадзуртӕй+, уымӕн ӕмӕ йӕ зоныс, уыдӕттӕ хылтӕм кӕй ӕркӕнынц+. 24  Ӕмӕ Хицауы цагъар та хъуамӕ хыл ма кӕна+, фӕлӕ хъуамӕ алкӕимӕ дӕр уа фӕлмӕн*+, иннӕты ахуыр кӕнынмӕ арӕхса+, исчи йын ӕвзӕрӕй исты куы араза, уӕд йӕхиуыл хӕцын фӕраза+, 25  ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн фӕлмӕнӕй зонд амона+. Кӕд сын Хуыцау ӕрфӕсмон кӕныны фадат раттид+, цӕмӕй, рӕстдзинад* цы у, уый бӕлвырдӕй базоной+, 26  ӕмӕ цӕмӕй сӕхи ӕрӕмбарой ӕмӕ Хӕйрӕджы къӕппӕгӕй+ раирвӕзой, уымӕн ӕмӕ сӕ уый удӕгасӕй+ ӕрцахста йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «уӕздан; сабыр».
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».