Ромӕгтӕм 14:1—23

14  Хорз цӕстӕй кӕсут, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн нӕу, ахӕм адӕймагмӕ+, ӕрмӕст, дызӕрдыг цӕуыл кӕны, уым ын тӕрхонгӕнӕг ма ут+.  Иуӕн йӕ уырнындзинад ахӕм у, ӕмӕ алцыдӕр хӕры+. Фидар чи нӕу, уый та хӕры ӕрмӕстдӕр халсартӕ.  Уӕдӕ, алцыдӕр чи хӕры, уый уӕлейӕ дӕлӕмӕ ма кӕсӕд, алцы чи нӕ хӕры, уымӕ+. Алцы чи нӕ хӕры, уый та тӕрхон ма кӕнӕд, алцыдӕр чи хӕры, уымӕн, уымӕн ӕмӕ йӕм Хуыцау хорз цӕстӕй кӕсы.  Ды чи дӕ, ӕмӕ кӕйдӕр цагъарӕн тӕрхонгӕнӕг уай?+ Лӕугӕ кӕны ӕви хаугӕ акодта, уый йӕ хицау равзардзӕн+. Кӕд ахауд, уӕддӕр фӕстӕмӕ слӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ йӕ слӕууын кӕна+.  Чидӕр иу бон иннӕмӕй ахсджиагдӕрыл нымайы+, кӕмӕндӕр та бонтӕ иууылдӕр ӕмхуызон сты+. Алкӕй дӕр хъуамӕ фидарӕй уырна, куыд хъуыды кӕны, уый раст кӕй у.  Кӕцыдӕр бон чи бӕрӕг кӕны, уый йӕ бӕрӕг кӕны Йегъовӕйы кадӕн. Ӕмӕ чи хӕры, уый дӕр хӕры Йегъовӕйы кадӕн+, уымӕн ӕмӕ бузныг Хуыцауӕн фӕзӕгъы+. Ӕмӕ чи нӕ хӕры, уый дӕр Йегъовӕйы кадӕн нӕ хӕры+, ӕмӕ уӕддӕр бузныг фӕзӕгъы Хуыцауӕн+.  Уӕвгӕ, махӕй ӕрмӕст йӕхи тыххӕй ничи цӕры+, ӕмӕ нӕ ӕрмӕст йӕхи тыххӕй дӕр ничи мӕлы.  Цӕргӕ кӕнӕм,– цӕрӕм Йегъовӕйы тыххӕй+, мӕлгӕ кӕнӕм,– мӕлӕм Йегъовӕйы тыххӕй+. Гъемӕ уӕдӕ цӕргӕ кӕнӕм ӕви мӕлгӕ кӕнӕм, уӕддӕр Йегъовӕйы стӕм+.  Чырысти дӕр уый тыххӕй амард ӕмӕ райгас+, цӕмӕй мӕрдтӕн+ дӕр ӕмӕ удӕгӕстӕн+ дӕр уа сӕ Хицау. 10  Уӕдӕ ды де ’фсымӕрӕн цӕмӕн тӕрхон кӕныс?+ Ӕмӕ ды та де ’фсымӕрмӕ уӕлейӕ дӕлӕмӕ цӕмӕн кӕсыс? Не ’ппӕт дӕр Хуыцауы тӕрхоны+ раз ӕрлӕудзыстӕм, 11  уымӕн ӕмӕ афтӕ у фыст: «„Ӕз дӕн удӕгас Хуыцау,– зӕгъы Йегъовӕ+,– ӕмӕ уын сомы кӕнын: алы адӕймаг дӕр мӕ разы ӕрхаудзӕн йӕ зонгуытыл ӕмӕ алы адӕймаг дӕр ӕргом зӕгъдзӕн, ӕз кӕй дӕн Хуыцау“»+. 12  Уӕдӕ нӕ алчидӕр Хуыцауы раз дзуапп ратдзӕн йӕхи тыххӕй+. 13  Гъемӕ уӕдӕ кӕрӕдзийӕн мауал тӕрхон кӕнӕм+, фӕлӕ уӕ алчидӕр йӕхицӕн зӕгъӕд+, ӕфсымӕрӕн+ цӕлхдур кӕй не ’вӕрдзӕн кӕнӕ йын фӕкӕлыны хос кӕй нӕ уыдзӕн+. 14  Нӕ Хицау Йесойы фӕрцы йӕ зонын ӕмӕ мӕ фидарӕй уырны, йӕхи ӕгъдауӕй чъизи кӕй ницы у+. Гъеныр кӕд исчи исты чъизийыл нымайы, уӕд уымӕн у чъизи+. 15  Фӕлӕ кӕд хӕринаджы тыххӕй де ’фсымӕры хъыг кӕныс, уӕд уарзондзинадмӕ гӕсгӕ нал архайыс+. Чырысти кӕй сӕрвӕлтау амард, уый хӕринаджы тыххӕй ма фесаф+. 16  Уӕдӕ архайут, цӕмӕй уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕй ӕвзӕр мачи зӕгъа. 17  Хуыцауы паддзахад+ хӕрд ӕмӕ нозтӕй нӕу+, фӕлӕ рӕстдзинад+, фарн+ ӕмӕ циндзинадӕй+ – Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы. 18  Ацы миниуджытӕ кӕмӕ ис ӕмӕ Чырыстийӕн цагъарау чи лӕггад кӕны, уый ис Хуыцауы хорзӕх дӕр ӕмӕ адӕмы хорзӕх дӕр+. 19  Цӕй уӕдӕ тырнӕм, фарн+ цы хӕссы ӕмӕ кӕрӕдзийы цӕй фӕрцы ис бафидар кӕнӕн, уымӕ+. 20  Хуыцауы къухты фыдӕбон хӕринаджы тыххӕй мауал саф+. О, алцыдӕр сыгъдӕг у, фӕлӕ кӕд адӕймаг, цы хӕры, уымӕй иннӕйы уырнындзинад лӕмӕгъ кӕны*, уӕд уый хорз нӕу+. 21  Цӕйнӕфӕлтау де ’фсымӕр фӕрӕдийа, фӕлтау дзидза дӕр ма хӕр, сӕн дӕр ма нуаз ӕмӕ ӕндӕр ахӕм исты дӕр ма араз+. 22  Цы уырнындзинад дӕм ис, уымӕ гӕсгӕ дӕхӕдӕг архай Хуыцауы раз+. Амондджын у уыцы адӕймаг, ӕмӕ, исты куы саразы, уӕд йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл кӕмӕн нӕ фӕхуды. 23  Дызӕрдыг чи кӕны ӕмӕ афтӕмӕй чи хӕры+, уый та йӕхицӕн стӕрхон кодта, уымӕн ӕмӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ нӕ архайы. Ӕмӕ, уырнындзинадмӕ гӕсгӕ цы нӕу, уый та у тӕригъӕд+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «иннӕмӕн цӕлхдур у».