Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Праслен, Сейшелы сакъадӕхтӕ, 1881 азы йӕ генерал Гордон схуыдта Едемы цӕхӕрадон

Дзӕнӕт зӕххыл. Ӕрымысгӕ ӕви ӕцӕг хабар?

Дзӕнӕт зӕххыл. Ӕрымысгӕ ӕви ӕцӕг хабар?

Дзӕнӕт! Балцы кӕдӕм ацӕуӕн ис, уый фыст кӕм вӕййы, ахӕм рӕсугъд брошюрӕты адӕймаджы фӕхонынц дзӕнӕты хуызӕн бынӕттӕм, цӕмӕй баулӕфа ӕмӕ йе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр ферох кӕна. Фӕлӕ йӕ алчидӕр зоны, ахӕм балцӕй хӕдзармӕ куы ӕрыздӕха, уӕд та йӕ цард, куыд уыд, афтӕ кӕй уыдзӕн.

Фӕлӕ уӕддӕр адӕм дзӕнӕтмӕ бӕллынц, ӕмӕ фӕзыны фарстатӕ: «Дзӕнӕт ӕрымысгӕ хабар йеддӕмӕ ӕндӕр ницы у? Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд ӕм цӕмӕ бӕллӕм? Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ дзӕнӕт уа?»

ДЗӔНӔТ АРГЪАУ У?

Ӕнусты дӕргъы адӕмы фӕндыд базонын, дзӕнӕт ӕцӕгдӕр уыди ӕви нӕ? Уый базонын сӕ уый тыххӕй фӕндыд, ӕмӕ Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, уыди «цӕхӕрадон скӕсӕнырдыгӕй, Едемы». Цымӕ уыцы цӕхӕрадоны диссагӕй цы уыд? Библийы фыст ис: «Йегъовӕ Хуыцау зӕххӕй сзайын кодта алыхуызон рӕсугъд ӕмӕ, сӕ дыргъ хӕрынӕн кӕмӕн бӕззыд, ахӕм бӕлӕстӕ». Цӕхӕрадон уыд рӕсугъд ӕмӕ йӕ бынат дӕр уыди аив. Фӕлӕ ӕппӕты диссагдӕр та уыд «царды бӕлас... цӕхӕрадоны астӕу» (Райдиан 2:8, 9).

Уымӕй уӕлдай ма Райдианы чиныджы дзырд цӕуы, цӕхӕрадонӕй цы цыппар цӕугӕдоны цыд, уыдоны тыххӕй. Уыцы цӕугӕдӕттӕй дыууӕ абон дӕр зындгонд сты. Уыдон сты Тигр (кӕнӕ Хиддекел) ӕмӕ Евфрат (Райдиан 2:10–14, фиппаинаг). Уыцы дыууӕ цӕугӕдоны кӕлынц Персы донбакӕлӕнмӕ, абон Ирак кӕм ис, уый уылты, раздӕр уыд рагон Персы хай.

Уӕдӕ диссаг нӕу, зӕххон дзӕнӕт персайнаг аивады тынг арӕх кӕй ӕмбӕлы. Филадельфийы аивадон музейы (Пенсильвани, АИШ) ис 16-ӕм ӕнусы конд персайнаг гауыз. Уыцы гауызыл ис рӕсугъд нывӕфтыд: ӕхгӕд цӕхӕрадон, бӕлӕстӕ ӕмӕ дидинджытӕ. Персайнаг дзырдбаст «ӕхгӕд цӕхӕрадон» нысан кӕны дзӕнӕт дӕр, ӕмӕ гауызыл цы ныв ис, уый ӕвдисы, Библийы Едемы цӕхӕрадоны тыххӕй цы фыст ис, уый.

Ӕгас дунейы дӕр бирӕ адӕмтӕм ис радзырдтӕ дзӕнӕты тыххӕй. Адӕм зӕххыл кӕй апырх сты, уымӕ гӕсгӕ дзӕнӕты тыххӕй ӕцӕг хабар сзыгъуыммӕ кодтой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй дзырдтой. Ӕмӕ ӕнусты дӕргъы схӕццӕ алыхуызон адӕмты ахуырӕдтимӕ ӕмӕ сӕ таурӕгъты дӕр ӕмбӕлы. Абон дӕр адӕм рӕсугъд бынӕтты кой куы фӕкӕнынц, уӕд фӕзӕгъынц, дзӕнӕт, зӕгъгӕ.

АГУЫРДТОЙ ДЗӔНӔТ

Ног бынӕттӕ басгарынмӕ-иу чи ацыд, уыдонӕй кӕйдӕрты фӕндыд базонын, ныртӕккӕ чи нал ис, уыцы дзӕнӕт кӕм уыд уый. Зӕгъӕм, 1881 азы бритайнаг ӕфсады генерал Чарлз Гордон Сейшелы сакъадӕхтыл куы уыд ӕмӕ ӕмбисонды рӕсугъд бынат Валле-де-Мэ, зӕгъгӕ, куы федта, уӕд загъта, зӕгъгӕ, ай у Едемы цӕхӕрадон (Валле-де-Мэ ныртӕккӕ нымад у ӕппӕтдунеон хӕзнайыл). 15-ӕм ӕнусы италиаг денджыздзау Христофор Колумб дӕр афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Едемы цӕхӕрадон ссардта, сакъадах Эспаньолӕйыл куы ӕрлӕууыд, уӕд (ныр у Доминиканы Республикӕ ӕмӕ Гаити).

Историйы чингуытӕй иуы ис рагон картӕты скъуыддзӕгтӕ, сты 190 фылдӕр, ӕмӕ дзы бирӕты ӕвдыст цӕуынц Адам ӕмӕ Евӕ Едемы цӕхӕрадоны (Mapping Paradise). Се ’хсӕн ис, иу-800 азы кӕуыл цӕуы, ахӕм ӕнахуыр картӕ, уый у Беат Лиебанскийы къухфыстыты къопи. Картӕйы уӕллаг хайы ис гыццыл цыппаркъуымон ӕмӕ йӕ астӕу ис дзӕнӕты ныв, йӕ алы къуымӕй дӕр кӕлы цӕугӕдон, фыст сыл ис Тигр, Евфрат, Фисон ӕмӕ Геон. Уыцы ныв, ӕвӕццӕгӕн, амоны, чырыстон дин зӕххы цыппар къуыммӕ куыд апарахат, уый. Ацы цӕвиттонтӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ кӕд дзӕнӕт кӕм уыд, уый бӕрӕг нал у, уӕддӕр адӕмы хъуыдыйы баззад ӕмӕ йӕм бӕллынц.

17-ӕм ӕнусы цӕрӕг зындгонд англисаг поэт Джон Мильтон ныффыста поэмӕ «Дзӕнӕт куыд фесӕфт». Ныффыста йӕ, Райдианы чиныджы цы хабары кой ис, уымӕ гӕсгӕ: Адам тӕригъӕд куыд сарӕзта ӕмӕ Едемы цӕхӕрадонӕй тард куыд ӕрцыд. Уыцы чиныджы фыст ис, адӕм та зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты: «Уӕд зӕхх иууылдӕр уыдзӕн дзӕнӕт». Цасдӕры фӕстӕ Мильтон уыцы поэмӕйӕн ныффыста йӕ иннӕ хай «Дзӕнӕт ногӕй куыд ралӕууыд».

СӔ ХЪУЫДЫ ФӔИВТА

Уӕдӕ зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыд, фӕлӕ стӕй кӕй фесӕфт, уыцы хъуыды адӕмы зонды алкӕддӕр уыд. Фӕлӕ цымӕ абон йӕ кой цӕуылнӕуал кӕнынц? Уӕлдӕр цы чиныджы кой кодтам, уым фыст уыд, зӕгъгӕ, диниртасджыты нӕ фӕнды разы кӕнын, дзӕнӕт зӕххыл кӕй уыд, уыимӕ (Mapping Paradise).

Аргъуанмӕ чи цӕуы, уыдонӕн сӕ фылдӕры афтӕ ахуыр кӕнынц, зӕгъгӕ, адӕм мӕлӕты фӕстӕ зӕххыл дзӕнӕты нӕ, фӕлӕ уӕлӕрвты цӕрдзысты. Фӕлӕ Библийы Псалом 37:29 фыст ис: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм». Кӕд абоны дуне дзӕнӕт схонӕн нӕй, уӕд цымӕ ацы ныхӕстӕ искуы сӕххӕст уыдзысты? *

ӔГАС ЗӔХХ ДӔР УЫДЗӔН ДЗӔНӔТ

Йегъовӕ Хуыцау райдианы скодта дзӕнӕт ӕмӕ зӕрдӕ бавӕрдта, зӕххыл та ногӕй дзӕнӕт кӕй уыдзӕн. Куыд? Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Чырысти кувын куыд ахуыр кодта, уый: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:10). Уыцы Паддзахад у ӕгас дунейы хицауад, йӕ сӕргъы та ис Йесо Чырысти, ӕмӕ уыдзӕн зӕххон хицауӕдты бӕсты (Данел 2:44). Уыцы Паддзахады фӕрцы Хуыцауы фӕндон сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт.

Пехуымпар Исай Хуыцауы фӕндӕй ныффыста, дзӕнӕты цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый. Уӕд, абон зӕххыл цы змӕстытӕ ис ӕмӕ адӕм цы зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уыдӕттӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн (Исай 11:6–9; 35:5–7; 65:21–23). Мах фӕнды, цӕмӕй цалдӕр минуты рахицӕн кӕнай ӕмӕ ацы стихтӕ дӕ Библийы бакӕсай. Уӕд нӕ дызӕрдыг кӕндзынӕ, Хуыцау коммӕгӕс адӕмӕн диссаджы фидӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодта, ууыл. Уыцы адӕм дзӕнӕты зӕрдӕрухсӕй цӕрдзысты ӕмӕ Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уыдзысты – ӕппӕт уыдӕттӕй ӕнӕхай фӕци Адам (Раргомад 21:3).

Зӕххыл та дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, ууыл нӕ бон цӕмӕн у фидарӕй ӕууӕндын? Уымӕн ӕмӕ нын Библи зӕгъы: «Уӕлӕрвтӕ сты Йегъовӕйы, зӕхх та радта адӕймаджы фырттӕн». Зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уымӕй нын ныфс раджы бавӕрдта, «йӕ бон сайын кӕмӕн нӕу, уыцы Хуыцау» (Псалом 115:16; Титмӕ 1:2). Цӕй диссаджы ныфс нын дӕтты Библи – дзӕнӕт ӕнустӕм!

^ 15 абз. Хъуыраны 21-ӕм сурӕйы «Аль-Анбийа’»-йы («Пехуымпартӕ») 105-ӕм стихы фыст ис: «Мӕ лӕггадгӕнджытӕй рӕстгӕнӕг чи у, уыдон зӕхх бынӕн райсдзысты».