Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цымӕ экономикӕйы уавӕр искуы фӕхуыздӕр уыдзӕн?

Цымӕ экономикӕйы уавӕр искуы фӕхуыздӕр уыдзӕн?

 Бирӕ бӕстӕты экономикӕйы уавӕр тынг ӕвзӕр у, ӕмӕ уый тыххӕй адӕм сызмӕнтынц. Уавӕр ноджы фыддӕр фӕци коронавирусы пандемийӕйы рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ хӕдзарӕй ӕддӕмӕ цӕуӕн нӕ уыд, цыдӕртӕ самал кӕнын зын уыди, бирӕтӕн та уый фадат нӕ уыд, цӕмӕй дохтыртӕм ацыдаиккой ӕмӕ сӕхи сдзӕбӕх кодтаиккой. Ӕмӕ ноджы тынгдӕр рабӕрӕг, хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуыртӕ куыд цӕрынц, уый кӕрӕдзийӕ куыд тынг хицӕн кӕны.

 Цымӕ искуы ахӕм рӕстӕг ралӕудзӕн, ӕмӕ адӕм ницы хъуаг ӕййафдзысты? О. Библийӕ базонӕн ис, Хуыцау цы сараздзӕн, цӕмӕй адӕм се ’ппӕт зындзинӕдтӕй дӕр фервӕзой.

Хуыцау экономикӕимӕ баст зындзинӕдтӕн кӕрон скӕндзӕн

 Зындзинад. Адӕмӕн сӕ бон ницы у саразын, цӕмӕй мачи мацы хъуаг ӕййафа.

 Хуыцау цы сараздзӕн. Хуыцау ӕппӕт зӕххон хицауӕдтӕ баивдзӕн йӕхи хицауадӕй – Хуыцауы Паддзахадӕй. Уыцы Паддзахад уӕлӕрвтӕй зӕххӕн разамынд дӕтдзӕн (Данел 2:44; Матфейы 6:10).

 Цард цавӕр уыдзӕн. Хуыцауы Паддзахад ӕнӕхъӕн зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд зындзинӕдтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Мӕгуыр ничиуал уыдзӕн ӕмӕ ничи ницы хъуаг ӕййафдзӕн (Псалом 9:7–9, 18). Адӕмӕн сӕ фыдӕбонӕй сӕ зӕрдӕ райдзӕн, алцыдӕр сын уыдзӕн парахатӕй ӕмӕ сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ рухс кӕндзӕн. Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Адӕм хӕдзӕрттӕ араздзысты ӕмӕ дзы цӕрдзысты, садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты. Афтӕ нӕ уыдзӕн, цӕмӕй хӕдзар саразой, ӕмӕ дзы ӕндӕр исчи цӕра, сӕнӕфсирдон скӕной, ӕмӕ йын йӕ дыргъ ӕндӕр исчи хӕра» (Исай 65:21, 22).

 Зындзинад. Адӕм цавӕрдӕр хабӕртты тыххӕй зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц ӕмӕ сӕ цӕрынӕн ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый дӕр сын нал вӕййы. Ӕмӕ уыцы хабӕрттӕй сӕ бон нӕу сӕхи бахизын.

 Хуыцау цы сараздзӕн. Хуыцау йӕ Паддзахады фӕрцы афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ адӕмӕн тӕссаг ницӕмӕйуал уыдзӕн.

 Цард цавӕр уыдзӕн. Хуыцау зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд ахӕм хабӕрттӕ никуыуал ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй адӕмӕн ма уа, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Зӕгъӕм, нал уыдзӕн хӕстытӕ, ӕххормагдзинад ӕмӕ фыднизтӕ (Псалом 46:9; 72:16; Исай 33:24). Хуыцау зӕгъы: «Мӕ адӕмӕн сӕ цӕрӕнбынӕттӕ уыдзысты фӕрнӕйдзаг, сӕ хӕдзӕрттӕ уыдзысты ӕдас, кӕм цӕрдзысты, уым сӕ ничи хъыгдардзӕн» (Исай 32:18).

 Зындзинад. Зыдгӕнаг ӕмӕ хиуарзон адӕм арӕх фӕцӕрынц иннӕты фыдӕбоны фӕрцы.

 Хуыцау цы сараздзӕн. Хуыцау разамынд кӕмӕн дӕтдзӕн, уыдоны ахуыр кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕты сӕхицӕй фылдӕр уарзой (Матфейы 22:37–39).

 Цард цавӕр уыдзӕн. Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд куы дӕттӕ, уӕд адӕм кӕрӕдзи уарздзысты, Хуыцау нӕ куыд ахуыр кӕны, афтӕ. Ахӕм уарзондзинад, «йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны» (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5). Библийы фыст ис: «Уыдон мӕ сыгъдӕг хохыл иу ран дӕр ницы зиан хӕсдзысты ӕмӕ ницы фыдбылыз кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ зӕхх байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы a тыххӕй, денджыз дӕттӕй куыд дзаг у, афтӕ» (Исай 11:9).

 Библийӕ базонӕн ис, ацы дунейы кӕрон кӕй цӕрӕм ӕмӕ тагъд Хуыцау экономикӕимӕ баст фарстатӕ иууылдӕр кӕй аскъуыддзаг кӕндзӕн (Псалом 12:5) b. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг нӕма ралӕууыд. Ӕмӕ дын кӕд ныртӕккӕ цардамӕлттӕ кӕнын зын у, уӕд дын Библийы уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты. Зӕгъӕм, хорз уынаффӕтӕ ссарӕн ис статьяты «Как обходиться меньшими средствами?» ӕмӕ «Уравновешенный взгляд на деньги».

a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18).

b Дӕ бон Библийыл ӕууӕндын цӕмӕн у, уый тыххӕй кӕс статья «Библийыл ис ӕууӕндӕн».