Перейти к основным материалам

Йегови Ӕвдесӕнтӕ Рождество цӕмӕннӕ бӕрӕг кӕнунцӕ?

Йегови Ӕвдесӕнтӕ Рождество цӕмӕннӕ бӕрӕг кӕнунцӕ?

Беретӕ куд гъуди кӕнунцӕ

  Рӕдуд гъуди: Йегови Ӕвдесӕнтӕ Рождество нӕ бӕрӕг кӕнунцӕ, уомӕн ӕма Киристебӕл не ’ууӕндунцӕ.

 Ӕцӕгӕй ба куд ӕй: Мах ан киристӕнттӕ. Мах ӕууӕндӕн, ӕрмӕстдӕр Йесо Киристей фӕрци ке ес фӕййервӕзӕн, уобӕл (Гъуддӕгтӕ 4:12).

  Рӕдуд гъуди: Адӕмӕн уотӕ ке дзоретӕ, зӕгъгӕ, Рождество бӕрӕг кӕнун не ’нгъезуй, уой туххӕй бийнонтӕ кӕрӕдзей нихмӕ кӕнтӕ.

 Ӕцӕгӕй ба куд ӕй: Мах адӕмӕн дзорӕн, Библий ци финст ес, ӕрмӕстдӕр уой, удта бийнонтӕн дӕр устур аргъ кӕнӕн. Бийнонтӕ сӕ цард Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ку фӕййаразунцӕ, уӕд кӕрӕдзебӕл хъӕбӕрдӕр баст фӕуунцӕ.

  Рӕдуд гъуди: Рождествой рӕстӕг адӕм фӕуунцӕ рӕдау, кӕрӕдземӕн хуарз гъуддӕгтӕ фӕккӕнунцӕ ӕма сӕ фӕффӕндуй, цӕмӕй ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр уа сабурдзийнадӕ. Сумах ба уӕхе уомӕй ӕнӕхай кӕнтӕ.

 Ӕцӕгӕй ба куд ӕй: Мах иннетӕмӕ хуарз цӕстӕй кӕсӕн ӕма син хуарз гъуддӕгтӕ айдагъ кӕцидӕр бӕнтти нӕ фӕккӕнӕн, фал алли бон дӕр (Ӕмбесӕндтӕ 11:25; Ромӕгтӕмӕ 12:18). Зӕгъӕн ӕмбурдтӕ уадзӕн ӕма игъосун кӕнӕн Йесой фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ: «Лӕвар райстайтӕ – лӕвар дӕттетӕ» (Матфейи 10:8). Уомӕй уӕлдай ма адӕмӕн дзорӕн, Хуцауи Паддзахади фӕрци нин федар нифс ке ес, ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр сабурдзийнадӕ ке уодзӕй (Матфейи 10:7).

Йегови Ӕвдесӕнтӕ Рождество цӕмӕннӕ бӕрӕг кӕнунцӕ?

  •   Йесо нин ниффӕдзахста, цӕмӕй бӕрӕг кӕнӕн ӕ мӕлӕти бон, ӕ игурӕн бон нӕ, фал (Лукай 22:19, 20).

  •   Йесой апостолтӕ ӕма фиццаг ӕноси цӕрӕг киристӕнттӕ Рождество нӕ бӕрӕг кодтонцӕ. Еу энциклопедий финст ес: «Рождество бӕрӕг кӕнун райдӕдтонцӕ ӕрмӕстдӕр [н. э.] 243 анзмӕ хӕстӕг, фӕстаг апостоли мӕлӕтӕй еу ӕносӕй фулдӕр ку рацудӕй, уӕд» (New Catholic Encyclopedia).

  •   Йесо 25 декабри райгурдӕй ӕви нӕ, е бӕрӕг нӕй; Библий неци финст ес, кӕци бон райгурдӕй, уой туххӕй.

  •   Мах ӕй зонӕн, Рождествой бӕрӕг бон Хуцауи зӕрдӕмӕ ке нӕ цӕуй, уомӕн ӕма мӕнгӕ дини хӕццӕ баст ӕй (2 Коринфӕгтӕмӕ 6:17).

Иннетӕ ци зӕгъдзӕнцӕ, уомӕй тӕрсун цӕмӕннӕ гъӕуй?

 Беретӕ ’й зонунцӕ, Рождество мӕнгӕ динӕй ке рацудӕй ӕма Библимӕ гӕсгӕ раст ке нӕй, фал ӕй уӕддӕр бӕрӕг кӕнунцӕ. Ӕма сӕ бон ӕй зӕгъун: «Киристӕнттӕ еци устур бӕрӕгбон цӕмӕннӕ гъӕуама бӕрӕг кӕнонцӕ? Еци бӕрӕгбон кӕцӕй рацудӕй, е ма нӕ абони кӕми гъӕуй?».

 Библи нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй ести унаффӕ хӕсгӕй «арф сагъӕс кӕнӕн» (Ромӕгтӕмӕ 12:1, 2). Ахур нӕ кӕнуй, цӕмӕй рӕстдзийнадӕн аргъ кӕнӕн (Иоанни 4:23, 24). Иннетӕ ни ци зӕгъдзӕнцӕ, уобӕл дӕр гъуди кӕнӕн, фал нин сӕйрагдӕр ӕй Библи ци зӕгъуй, уомӕ игъосун, уой туххӕй нӕмӕ адӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсун ку райдайонцӕ, уӕддӕр.

 Кӕд нӕхуӕдтӕ Рождество нӕ бӕрӕг кӕнӕн, уӕддӕр ӕй лӕдӕрӕн, иннетӕн сӕхе барӕ ке ӕй, бӕрӕг ӕй кӕндзӕнцӕ ӕви нӕ, е. Уомӕ гӕсгӕ некӕмӕн дзорӕн, цӕмӕй Рождество ма бӕрӕг кӕнонцӕ.