Перейти к основным материалам

Йегови Ӕвдесӕнтӕ дохтиртӕмӕ фӕццӕунцӕ?

Йегови Ӕвдесӕнтӕ дохтиртӕмӕ фӕццӕунцӕ?

 Гъо, Йегови Ӕвдесӕнтӕ дохтиртӕмӕ фӕццӕунцӕ ӕма син ци хуастӕ рафинсунцӕ, уонӕй сӕхе исдзӕбӕх кӕнунцӕ. Кӕд не ’нӕнездзийнадӕмӕ нӕ гъос дарӕн, уӕддӕр нӕ еуӕй-еухатт багъӕуй дохтирти ӕнхус (Лукай 5:31). Удта абони дӕр, фиццаг ӕноси цӕрӕг киристон Лукай хузӕн, Йегови Ӕвдесӕнтӕй кадӕртӕ косунцӕ дохтиртӕй (Колоссӕгтӕмӕ 4:14).

 Еуӕй-еу хуастӕй пайда кӕнун ӕй, Библий уагӕвӕрдти нихмӕ цӕун, ӕма си уомӕ гӕсгӕ нӕхе хезӕн. Зӕгъӕн, тог бауадзунбӕл не ’сарази уӕн, уомӕн ӕма Библи зӕгъуй, зӕгъгӕ, уӕхе тогӕй хезетӕ (Гъуддӕгтӕ 15:20). Библи ма зӕгъуй, цӕмӕй дӕснифӕрсуни хӕццӕ баст ка ’й, уӕхӕн хуастӕй дӕр нӕхе хезӕн (Галатӕгтӕмӕ 5:19–21).

 Фал абони дохтиртӕ ци мадзӕлттӕй пайда кӕнунцӕ, уонӕн сӕ фулдӕр Библий уагӕвӕрдти нихмӕ нӕ ’нцӕ. Уомӕ гӕсгӕ алли адӕймагӕн дӕр ӕ бон ӕй равзарун, цӕхуӕн мадзалӕй испайда кӕндзӕй, уой. Еу Ӕвдесӕн исдзӕбӕх кӕнуни туххӕй ци хуасӕбӕл исарази уа, еци хуасӕбӕл ӕндӕр Ӕвдесӕн, ка ’й зонуй, не ’сарази уодзӕй (Галатӕгтӕмӕ 6:5).