Колоссӕгтӕм 4:1—18

4  Хицӕуттӕ, сымах дӕр уӕ цагъартӕм раст ӕмӕ хорз цӕстӕй кӕсут+ – куы йӕ зонут, уӕхицӕн дӕр уӕлӕрвты Хицау кӕй ис+.  Ӕппынӕдзух кувут+. Уыцы хъуыддаг уӕ ма рох кӕнӕд* ӕмӕ Хуыцауӕн арфӕ кӕнут+.  Стӕй кувут мах тыххӕй дӕр+, цӕмӕй нын Хуыцау дуар+ бакӕна ныхас хъусын кӕнынӕн ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй сусӕгдзинад+ дзурынӕн,– ӕз ахст дӕр уый тыххӕй дӕн+,–  ӕмӕ йӕ цӕмӕй мӕ бон уа, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕмбарын кӕнын+.  Ӕддагӕттимӕ ут зондджын+ ӕмӕ уӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у+, афтӕ пайда кӕнут*.  Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн+ ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ*+, цӕмӕй зонат, кӕмӕн цавӕр дзуапп раттын хъӕуы, уый+.  Мӕн тыххӕй уын ӕппӕт дӕр радзурдзӕн мӕ уарзон ӕфсымӕр ӕмӕ нӕ Хицауы хъуыддаджы ӕнувыд лӕггадгӕнӕг ӕмӕ цагъар Тихик+.  Уый тыххӕй уӕм ӕй ӕрвитын, цӕмӕй нын нӕ хабӕрттӕ зонат, стӕй уын цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ бафидар кӕна+.  Ӕмӕ уӕм йемӕ ӕрвитын мӕ иузӕрдион ӕмӕ уарзон ӕфсымӕр Онисимы+, уый дӕр сымахӕрдыгон у. Уыдон уын амы хабӕрттӕ иууылдӕр радзурдзысты. 10  Салӕмттӕ уын ӕрвиты Аристарх+, мӕнау ахст чи у, уый, ӕмӕ ма Варнавӕйы хӕстӕг Марк+ дӕр, загъд уын кӕй тыххӕй уыд, мыййаг уӕм куы ’рцӕуа, уӕд-иу ӕй суазӕг кӕнут+, зӕгъгӕ, уый, 11  стӕй, Иуст кӕй хонынц, уыцы Йесо дӕр – уыдон сты сунӕтгӕндтӕй. Ӕрмӕстдӕр уыдон ӕрбалӕууыдысты мӕ фарсмӕ Хуыцауы паддзахады хъуыддаджы, уыдон мын фесты стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос. 12  Салӕмттӕ уын ӕрвиты Йесо Чырыстийы цагъар Епафрас+, уый дӕр сымахӕрдыгон у. Уый ӕдзухдӕр зӕрдиагӕй фӕкувы сымах тыххӕй, цӕмӕй ӕппынфӕстаг уат фӕлтӕрд*+ ӕмӕ, Хуыцауы фӕндонмӕ цыдӕриддӕр хауы, ууыл фидарӕй ӕууӕндат. 13  Сымах тыххӕй, стӕй, Лаодики+ ӕмӕ Иераполы чи ис, уыдоны тыххӕй куыд зӕрдиагӕй архайы, уымӕн мӕхӕдӕг дӕн ӕвдисӕн. 14  Салӕмттӕ уын ӕрвиты нӕ уарзон ӕфсымӕр, дохтыр Лука+, стӕй Димас+ дӕр. 15  Мӕ номӕй салӕмттӕ раттут Лаодикийы ӕфсымӕртӕн ӕмӕ ноджыдӕр Нимфӕйӕн ӕмӕ, йӕ хӕдзары чи ӕмбырд кӕны, уыдонӕн+. 16  Ацы фыстӕг куы бакӕсат, уӕд бацархайут, цӕмӕй йӕ Лаодикийы ӕмбырды дӕр бакӕсой+. Ӕмӕ-иу сымах дӕр бакӕсут, Лаодикийӕ цы фыстӕг райсат, уый. 17  Стӕй Архипӕн+ зӕгъут: «Лӕмбынӕг кӕс, цӕмӕй ӕххӕст кӕнай, дӕуӕн, Хицауы фӕдылдзӕуӕгӕн, дӕ бар цы лӕггад ис, уый». 18  Мӕ салӕмттӕ уӕм ӕз, Павел, фыссын мӕхи къухӕй+. Ахст* кӕй дӕн, уый уӕ зӕрдыл дарут+. Ӕмӕ Хуыцауы стыр хорзӕхӕй хайджын ут.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «уыцы хъуыддаджы ма бафынӕй ут».
Комк. «ӕлхӕнут нысангонд рӕстӕг».
Комк. «цӕхх ыл уӕд».
Кӕнӕ «ӕххӕст».
Комк. «Рӕхысты».