Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чырыстӕттӕ сты?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чырыстӕттӕ сты?

 О. Мах чырыстӕттӕ стӕм, уымӕн ӕмӕ:

  •   Архайӕм, Йесо Чырысти цы дзырдта ӕмӕ куыд цард, уымӕ гӕсгӕ (1 Петры 2:21).

  •   Уырны нӕ, ӕрмӕстдӕр Йесойы фӕрцы кӕй ис фервӕзӕн, «уымӕн ӕмӕ арвы бын Хуыцау ӕндӕр никӕмӕн радта ахӕм ном – ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы фервӕздзыстӕм» (Хъуыддӕгтӕ 4:12).

  •   Адӕймаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы свӕййы, уӕд райсы донаргъуыд Чырыстийы номыл (Матфейы 28:18, 19).

  •   Хуыцаумӕ фӕкувӕм Чырыстийы уылты (Иоанны 15:16).

  •   Уырны нӕ, Чырысти нӕ Хицау кӕй у, ома алы адӕймагыл дӕр цӕуы йӕ бар (1 Коринфӕгтӕм 11:3).

 Фӕлӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгты хицӕн кӕнӕм, йӕхи чырыстон чи хоны, уыцы динтӕй. Зӕгъӕм, мах уырны, Библимӕ гӕсгӕ Чырысти Хуыцауы Фырт кӕй у, Троицӕйы хай нӕ, фӕлӕ (Матфейы 16:16; Марчы 12:29). Мах нӕ уырны, уд ӕнӕмӕлгӕ кӕй у ӕмӕ Фыстад афтӕ кӕй амоны, зӕгъгӕ, Хуыцау адӕмы ӕнусты дӕргъы зындоны арты судзы. Кӕнӕ, динимӕ баст хъуыддӕгты йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдонӕн кӕй хъуамӕ уа, иннӕтӕй сӕ уӕлдӕр чи ӕвӕры, ахӕм нӕмттӕ (Екклесиаст 9:5; Йезекил 18:4; Матфейы 23:8–10).