Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Чырыстийыл ӕууӕндынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Чырыстийыл ӕууӕндынц?

 О. Йесо Чырысти загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоанны 14:6). Мах уырны, Йесо уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ кӕй ӕрцыд ӕмӕ йе ’ххӕст цард нывондӕн кӕй радта адӕмы тыххӕй (Матфейы 20:28). Кӕй амард ӕмӕ кӕй райгас, уый фӕрцы ӕнустӕм цӕрыны ныфс ис, чи йыл ӕууӕнды, уыдонӕн (Иоанны 3:16). Уырны ма нӕ, ныр Йесо Хуыцауы уӕларвон Паддзахады Паддзах кӕй у ӕмӕ тагъд ӕгас зӕхмӕ дӕр фарн кӕй ӕрхӕсдзӕн (Раргомад 11:15). Фӕлӕ Йесо йӕхӕдӕг загъта: «Мӕ Фыд мӕнӕй уӕлдӕр у» (Иоанны 14:28). Уымӕ гӕсгӕ Йесомӕ нӕ кувӕм, уымӕн ӕмӕ уый Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау нӕу.