Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

Мӕ цард фыддӕрӕй-фыддӕр кодта

Мӕ цард фыддӕрӕй-фыддӕр кодта
  • РАЙГУЫРД: 1952 АЗ

  • БӔСТӔ: ИУГОНД ШТАТТӔ

  • РАЗДӔР: УЫДИ ӔГЪАТЫР ӔМӔ ХЫЛМОНДАГ

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.

Ӕз схъомыл дӕн Лос-Анджелесы (штат Калифорни, АИШ). Кӕм цардыстӕм, уыцы бынат иууылдӕр зыдтой, бандӕтӕ дзы кӕй уыди ӕмӕ дзы наркотиктӕ кӕй уӕй кодтой, уымӕй. Ӕхсӕз сывӕллонӕй ӕз уыдтӕн дыккаг.

Мӕ мад цыди евангелистты аргъуанмӕ ӕмӕ мах дӕр йемӕ кодта. Фӕлӕ рӕзгӕ кары куы уыдтӕн, уӕд сусӕгӕй ӕвзӕр митӕ кӕнын райдыдтон. Хуыцаубоны-иу аргъуаны зарӕггӕнджыты къорды зарыдтӕн, иннӕ бонты та-иу мӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвыстон, наркотиктӕ кодтон ӕмӕ ӕнӕгъдау цард кодтон.

Ӕз уыдтӕн тӕвдтуг ӕмӕ хылмондаг адӕймаг. Искӕимӕ-иу куы хыл кодтон, уӕд-иу мын уӕлдай нӕ уыд, цӕмӕй йӕ ныццавтаин, уый. Аргъуаны-иу цы базыдтон, уый дӕр мын не ’ххуыс кодта. Арӕх-иу дзырдтон: «Мастисӕг у Хицау – ӕмӕ ӕз та йӕ къухы дӕн йӕ кусӕнгарз!». 1960 азты дыккаг ӕмбисы, хистӕр кълӕсты куы ахуыр кодтон, уӕд мыл тынг бандӕвтой «Сау пантерӕтӕ». Уыцы политикон парти зындгонд уыд, граждайнаг барты фарстатыл карзӕй кӕй тох кодта, уымӕй. Ӕмӕ ӕз дӕр бацыдтӕн студентты цӕдисмӕ – уыдон дӕр тох кодтой адӕмы бартыл. Цалдӕр хатты протесттӕ дӕр скодтам, ӕмӕ-иу скъола рӕстӕгмӕ сӕхгӕдтам.

Фӕлӕ мӕ уый дӕр не ’рсабыр кодта. Ӕмӕ уӕд фыдмитӕ кӕнын байдыдтон. Зӕгъӕм, иухатт ме ’мбӕлттимӕ бакастыстӕм киномӕ, Африкӕйӕ ласт цагъартӕн Иугонд Штатты раздӕр цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын кодтой, уый тыххӕй. Уыйбӕрц ӕнӕрастдзинад фенгӕйӕ афтӕ сызнӕт стӕм ӕмӕ, кинотеатры цы урсцъар ӕрыгӕттӕ уыди, уыдоны саунад фӕкодтам. Уый фӕстӕ та ацыдыстӕм, урсцъар адӕм кӕм царди, уыцы районмӕ, цӕмӕй ма ноджыдӕр искӕйты фӕнадтаиккам.

Кӕд мыл 20 азы бӕрц йеддӕмӕ нӕма цыд, уӕддӕр уӕдмӕ ме ’фсымӕртимӕ бирӕ фыдракӕндтӕ фӕкодтам. Арӕх-иу пъӕлицӕ нӕ фӕдыл зылдысты. Мӕ кӕстӕр ӕфсымӕртӕй иу уыди хъуыстгонд бандӕйы, ӕмӕ ӕз дӕр семӕ баст уыдтӕн. Мӕ цард фыддӕрӕй-фыддӕр кодта.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.

Ме ’мбалӕн йӕ ныййарджытӕ уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Иубон мӕ ӕмбырдмӕ фӕхуыдтой, ӕмӕ ӕз дӕр ацыдтӕн. Уайтагъд ӕй бафиппайдтон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иннӕ адӕмы хуызӕн кӕй не сты. Алкӕмӕ дӕр уыд Библи ӕмӕ дзы ӕмбырды рӕстӕг се ’ппӕт дӕр пайда кодтой. Раныхӕстӕ дзы уыди суанг ӕрыгӕттӕн дӕр! Хуыцауӕн дӕр ном кӕй ис, Йегъовӕ, зӕгъгӕ, уый куы базыдтон ӕмӕ йӕ кӕй дзурынц, уый куы фехъуыстон, уӕд тынг бадис кодтон (Псалом 83:18). Ӕмбырды уыди адӕм алыхуызон адӕмыхӕттытӕй, фӕлӕ, кӕмӕн цавӕр буары хуыз уыд, уымӕ кӕсгӕ дӕр ничи кодта.

Фыццаг мӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын нӕ фӕндыд, фӕлӕ ӕмбырдтӕм цӕуын уарзтон. Иу изӕр ӕмбырды куы уыдтӕн, уӕд ме ’мбӕлттӕй цалдӕр концертмӕ ацыдысты. Уым иу ӕрыгон лӕппуйы фырнадӕй амардтой, йӕ сӕрак къурткӕ сын кӕй нӕ лӕвӕрдта, уый тыххӕй, ӕмӕ дыккаг бон сӕхицӕй ӕппӕлыдысты. Тӕрхон сын куы кодтой, уӕд дӕр худӕгӕй мардысты. Сӕ фылдӕрӕн ахӕм тӕрхон рахастой, ӕмӕ сӕ царды бонтӕ хъуамӕ ахӕстоны арвыстаиккой. Хорз уыд, ӕмӕ уыцы ӕхсӕв семӕ нӕ уыдтӕн. Уыцы хабары фӕстӕ мӕхицӕн фидарӕй загътон, мӕ цард кӕй аивдзынӕн ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын кӕй райдайдзынӕн.

Адӕм кӕрӕдзимӕ сӕ буары хуызы тыххӕй ӕвзӕр цӕстӕй кӕй кӕсынц, ууыл афтӕ тынг ахуыр уыдтӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм кӕсгӕйӕ дисӕй мардтӕн. Зӕгъӕм, урсцъар Йегъовӕйы Ӕвдисӕн фӕсарӕнтӕм цыди, ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты сауцъар лӕг ӕмӕ усы бар бакодта. Иу сауцъар лӕппуйӕн та цӕрӕнбынат нӕ уыд, ӕмӕ йӕ урсцъар лӕг ӕмӕ ус сӕхимӕ ӕрцӕрын кодтой. Цы бамбарын ма мӕ хъуыди, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй цӕрынц, Иоанны 13:35 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат». Ӕз бамбӕрстон, мӕхицӕн ӕцӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ кӕй ссардтон.

Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд мӕм бахъардта, мӕ зондахаст аивын мӕ кӕй хъӕуы. Иннӕтимӕ фӕрнӕй цардаин, уый фаг нӕ уыд – хъуамӕ мӕ зонд сног кодтаин, ӕмӕ фарнуарзаг адӕймаг суыдаин (Ромӕгтӕм 12:2). Ӕмӕ мын уый сабыргай уайын райдыдта. 1974 азы январы донаргъуыд райстон ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сдӕн.

Иннӕтимӕ фӕрнӕй цардаин, уый фаг нӕ уыд – хъуамӕ мӕ зонд сног кодтаин, ӕмӕ фарнуарзаг адӕймаг суыдаин

Фӕлӕ ма мӕ донаргъуыды фӕстӕ дӕр хъуыди архайын, цӕмӕй мӕхиуыл хӕцын фӕрӕзтаин. Зӕгъӕм, иухатт хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы хъусын кодтам, уӕд мын иу къӕрных мӕ машинӕйӕ радио адавта, ӕмӕ йӕ фӕстейӕ асырдтон. Куы йӕ фӕцӕйӕййӕфтон, уӕд радио фехста, ӕмӕ алыгъд. Уацамынды кӕимӕ уыдтӕн, уыдонӕн хабар куы радзырдтон, уӕд мын иу хистӕр нӕлгоймаг афтӕ бакодта: «Стивен, ӕмӕ йӕ куы ӕрцахстаис, уӕд ын цы бакодтаис?» Уыцы фарста мӕ хъуыдытыл бафтыдта, ӕмӕ йӕ бамбӕрстон, нырма мӕ фарнуарзаг адӕймаг схонӕн кӕй нӕй.

1974 азы октябры райдыдтон ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнӕгӕй лӕггад кӕнын, алы мӕй дӕр адӕмимӕ Библийыл ныхас кодтон 100 сахаты. Фӕстӕдӕр мӕм ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ лӕггад кӕнын райдыдтон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады Бруклины (штат Нью-Йорк). 1978 азы фӕстӕмӕ Лос-Анджелесмӕ ӕрыздӕхтӕн, цӕмӕй мӕ рынчын мадмӕ кастаин. Дыууӕ азы фӕстӕ мӕ цард баиу кодтон Аарондӕимӕ. Аарондӕ мын куы нӕ ӕххуыс кодтаид, уӕд мӕ мадмӕ йӕ мӕлӕты онг иунӕгӕй куыд фӕкастаин, уый нӕ зонын. Цасдӕры фӕстӕ нӕ фӕхуыдтой Галаады скъоламӕ ӕмӕ нӕ стӕй снысан кодтой Панамӕмӕ, ӕмӕ абоны онг дӕр уым миссионертӕй лӕггад кӕнӕм.

Донаргъуыды фӕстӕ дӕр ма-иу бирӕ хӕттыты бахаудтӕн, мӕхиуыл фӕхӕцын-иу мӕ кӕм хъуыд, ахӕм уавӕрты. Хылкъахӕг адӕмӕй мӕхи куыд бахизон кӕнӕ хъуыддаг сабырӕй куыд аскъуыддзаг кӕнон, ууыл сахуыр дӕн. Мӕ цардӕмбал дӕр ӕмӕ-иу мӕ иннӕтӕ дӕр ӕппӕлыдысты, ахӕм уавӕрты-иу куыд бакодтон, уый тыххӕй. Мӕхӕдӕг дӕр ууыл тынг дис кодтон! Фӕлӕ афтӕ кӕй аивтон, уый тыххӕй мӕхицӕй бузныг нӕ дӕн. Уый ууыл дзурӕг у, Библийы ахӕм стыр тых кӕй ис, ӕмӕ адӕймаджы удыхъӕд аивы (Дзуттӕгтӕм 4:12).

МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.

Библийы фӕрцы бамбӕрстон, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый ӕмӕ иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрын базыдтон. Ныр адӕмы нӕмгӕ нал кӕнын, фӕлӕ сын ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы базоной. Хистӕр кълӕсты знӕгтӕ кӕимӕ уыдыстӕм, суанг ма уыимӕ дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдтон! Донаргъуыд куы райста, уӕд уый фӕстӕ цасдӕр рӕстӕг иумӕ иу агъуысты дӕр ацардыстӕм. Ӕмӕ абоны онг дӕр йемӕ стӕм ӕввахс хӕлӕрттӕ. Мӕ цардӕмбалимӕ Библи кӕимӕ ахуыр кодтам ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи сси, уыдон сты 80 адӕймагӕй фылдӕр.

Йегъовӕйӕ ӕнӕкӕрон бузныг дӕн, дзӕгъӕлы кӕй нал цӕрын ӕмӕ мӕ бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ’хсӕн амондджын кӕй дӕн, уый тыххӕй.