Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

 СӔЙРАГ ТЕМӔ

Адӕм Зӕхх бынтондӕр фесафдзысты?

Адӕм Зӕхх бынтондӕр фесафдзысты?

«Фӕлтӕр фӕлтӕры ивы, зӕхх та лӕууы ӕнустӕм» (ПАДДЗАХ СОЛОМОН, Н. Э. РАЗМӔ 11 ӔНУС) *.

Паддзах Соломон ӕмбӕрста, адӕймаджы цард, ӕнусты дӕргъы чи лӕууы, уыцы Зӕххимӕ абаргӕйӕ тынг цыбыр кӕй у. Ӕцӕгдӕр, мингай азты дӕргъы иу фӕлтӕр иннӕйы ивы, фӕлӕ Зӕххыл абоны онг дӕр цард ис, уымӕн ӕмӕ, цӕрынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый йыл алкӕддӕр вӕййы, уайтагъд йӕхи кӕй «адзӕбӕх кӕны», уый фӕрцы.

Дыккаг дунеон хӕстӕй фӕстӕмӕ дуне куыд тагъд ивы ӕмӕ абоны бонмӕ куыд тынг аивта, афтӕ никуы. Адӕмӕн иу-70 азмӕ транспорты ӕмӕ коммуникациты хъуыддаджы, стӕй ӕндӕр технологиты тынг бирӕ бантыст. Уый фӕрцы экономикӕ, зӕгъӕн дӕр куыд нӕй, афтӕ фӕивта. Бирӕтӕ абон цы цардӕй цӕрынц, ахӕм цард адӕммӕ раздӕр аргъауы хуызӕн каст. Уӕдӕй нырмӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн сӕ нымӕц ӕртӕ хатты фӕфылдӕр.

Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ адӕмӕн тынг зынаргъ слӕудзысты. Сӕ архайд Зӕххӕн ахӕм зиан хӕссы, ӕмӕ, зӕххыл цард цы ӕрдзы закъӕтты фӕрцы ис, уыдон иууылдӕр фехӕлдзысты. Ӕцӕгдӕр, иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, кӕй бахызтызтӕм ног геологон дугмӕ, антропоцен, зӕгъгӕ. Уый ахӕм дуг у, ӕмӕ адӕм нӕ планетӕйыл тынгӕй-тынгдӕр ӕндавынц.

Библийы рагацау загъд уыд, зӕгъгӕ, адӕм «зӕхх... сафдзысты» (Раргомад 11:18). Иуӕй-иутӕм сӕвзӕры фарста, цымӕ уый нӕ рӕстӕгмӕ хауы, зӕгъгӕ. Цас зиан ма ракӕндзысты адӕм Зӕххӕн? Цымӕ йын ахӕм зиан ракӕндзысты, ӕмӕ йын баххуыс кӕнӕн нал уыдзӕн? Адӕм Зӕхх бынтондӕр фесафдзысты?

 БАХХУЫС КӔНӔН ЫН НАЛ УЫДЗӔН?

Цымӕ Зӕххӕн йӕ хабар уымӕ цӕуы, ӕмӕ йын баххуыс кӕнӕн нал уыдзӕн? Ахуыргӕндтӕй иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, климӕт кӕй ивы, уый зӕххыл куыд фӕзындзӕн, уый ничи зоны. Уымӕ гӕсгӕ тӕрсынц, климӕт ӕнӕнхъӕлӕджы афтӕ тынг кӕй фӕивдзӕн, ӕмӕ стыр бӕллӕхтӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕ уыдзӕн.

Райсӕм, Ныгуылӕн Антарктидӕ цы ихӕй ӕмбӕрзт у, уый. Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, кӕд зӕххы атмосферӕйы ӕмӕ океанты температурӕ амӕй фӕстӕмӕ дӕр бӕрзонддӕр кӕна, уӕд уыцы их бынтондӕр батайдзӕн. Хуры тынтӕ ихыл куы андзӕвынц, уӕд сӕ цыма их йӕхицӕй ссонгӕ акӕны, уыйау ын стыр зиан не ’рхӕссынц. Фӕлӕ уыцы их тӕнӕгдӕр ӕмӕ къаддӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ, ихы бын цы океан ис, уый разыны. Ихӕй уӕлдай океан у тар ӕмӕ хуры тынтӕ, ома тӕвд, йӕхимӕ тынгдӕр ӕлвасы, ӕмӕ уый аххосӕй их тагъддӕр тайы. Ацы хабӕрттӕ иууылдӕр кӕрӕдзийыл баст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ тӕссаг у, хъуыддаг уыйонг кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ сӕ бауромӕн нал уыдзӕн. Уӕд денджызты дӕттӕ фӕуӕлдӕр уыдзысты ӕмӕ уый сӕдӕгай милуан адӕмӕн стыр бӕллӕхтӕ ӕрхӕсдзӕн.

ӔРДЗӔЙ ЦЫ ХӔСТӔ ДАРӔМ, УЫДОН ФЫЛДӔР КӔНЫНЦ

Нӕ Зӕхх цы бӕллӕхы бахауд, уымӕй йӕ цӕмӕй фервӕзын кӕной, уый тыххӕй ахуыргӕндтӕ ӕрхъуыды кодтой алыхуызон мадзӕлттӕ. Уыцы мадзӕлттӕй иумӕ гӕсгӕ экономикӕ ӕмӕ адӕм хъуамӕ размӕ цӕуой, зӕххӕн йӕ бон раттын цы у, уымӕй фылдӕр дзы ма исой, афтӕмӕй. Кӕд ацы мадзалмӕ гӕсгӕ архайын раджы райдыдтой, уӕд сын цымӕ абоны бонмӕ цы бантыст?

Хъыгагӕн, ӕрдзӕй цы хӕстӕ дарӕм, уыдон фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц. Адӕм Зӕххы ӕвӕрӕнтӕ афтӕ тагъд афтид кӕнынц, ӕмӕ зӕхх сӕ баххӕст кӕнын нӕ фӕразы. Цымӕ исты саразӕн ис? Иу эколог ӕргом загъта: «Зӕххӕн хорз хицӕуттӕ куыд уӕм, уый нӕ зонӕм». Ацы уавӕр хорз ӕвдисынц Библийы фыст ныхӕстӕ: «Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы» (Йереми 10:23).

Фӕлӕ нын Библи зӕрдӕ ӕвӕры, Сфӕлдисӕг Хуыцау ӕрдз фесафын кӕй нӕ бауадздзӕн. Псалом 115:16 стихы кӕсӕм: «[Хуыцау] зӕхх... радта адӕймаджы фырттӕн». О, Зӕхх у нӕ уӕларвон Фыды диссаджы лӕвар (Иаковы 1:17). Ӕмӕ цымӕ  уый гӕнӕн ис, цӕмӕй нын Хуыцау ахӕм лӕвар ратта, ӕмӕ цасдӕр рӕстӕг хорз акуса, фӕлӕ стӕй фехӕла? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Уый бӕрӕг у, Хуыцау Зӕхх цӕй тыххӕй сфӕлдыста, уымӕй.

ХУЫЦАУМӔ ЗӔХХЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ ФӔНД ИС

Библийы Райдианы чиныджы лыстӕг хабӕртты онг фыст ис, Хуыцау зӕхх куыд сфӕлдыста, уый. Зӕхх фыццаг цыхуызӕн уыд, уый тыххӕй дзы нӕ бон у бакӕсын: «Зӕхх уыд афтид ӕмӕ, цыхуызӕн у, уый бӕрӕг нӕ уыди. Ӕнӕбын арф доны сӕрмӕ уыди талынг». Хицӕнӕй ма дзы ис, зӕххыл цы «дон» уыд, уый кой. Уый у, цӕрынӕн ӕнӕмӕнг чи хъӕуы, уыцы дон (Райдиан 1:2). Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: «Уадз ӕмӕ фӕзынӕд рухс» (Райдиан 1:3). Ӕвӕццӕгӕн, хуры тынтӕ атмосферӕйы уылты зӕхмӕ хӕццӕ кӕнын райдыдтой, ӕмӕ фыццаг хатт зӕххыл рухс фӕзынд. Дарддӕр дзы дзырд цӕуы, куыд фӕзындысты сур бынат ӕмӕ денджызтӕ (Райдиан 1:9, 10). Уый фӕстӕ та фӕзындысты «кӕрдӕг ӕмӕ, йӕхи мыггагмӕ гӕсгӕ мыггаг чи кӕны, ахӕм зайӕгойтӕ ӕмӕ... дыргъ чи хӕссы... ахӕм бӕлӕстӕ» (Райдиан 1:12). Афтӕмӕй конд ӕрцыд алцыдӕр, цӕмӕй, зӕххыл цард кӕй фӕрцы ис, уыцы ӕрдзы закъӕттӕ – зӕгъӕм, фотосинтез – ӕнӕкъуылымпыйӕ кусой. Уӕдӕ цымӕ ӕппӕт уыдӕттӕ Хуыцау цӕй тыххӕй сарӕзта?

Раджы заман пехуымпар Исай Хуыцауы тыххӕй ныффыста: «Уый скодта зӕхх, сфӕлдыста йӕ ӕмӕ йӕ фидар сӕвӕрдта, дзӕгъӕлы йӕ не сфӕлдыста, скодта йӕ цӕрынӕн» (Исай 45:18). Бӕрӕг у, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй зӕххыл адӕм ӕнустӕм цӕрой.

Хъыгагӕн, адӕм Хуыцауы зынаргъ лӕварӕй раст нӕ пайда кӕнынц, ӕмӕ йӕ сафынц. Фӕлӕ Сфӕлдисӕгмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый нӕ аивта. Раджы заманты иу нӕлгоймаг загъта: «Хуыцау адӕймаг нӕу, цӕмӕй сайа, адӕймаджы фырт нӕу, цӕмӕй фӕсмон кӕна. Уый зӕгъдзӕн, ӕмӕ йӕ нӕ сараздзӕн?» (Нымӕцтӕ 23:19). Ӕцӕгдӕр, Хуыцау зӕхх фесафын нӕ бауадздзӕн, фӕлӕ тынг тагъд ӕрцӕудзӕн уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, «зӕхх чи сафы, уыдоны... фесафдзӕн» (Раргомад 11:18).

АДӔМ ЗӔХХЫЛ ЦӔРДЗЫСТЫ ӔНУСТӔМ

Иухатт адӕмы хохыл ахуыр кӕнгӕйӕ Чырысти загъта: «Амондджын сты, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ зӕхх бынӕн райсдзысты» (Матфейы 5:5). Дарддӕр цы загъта,  уымӕй бамбарӕн ис, зӕхх цӕй фӕрцы фервӕздзӕн, уый. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта кувын: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр». Ӕндӕр ныхасӕй, Хуыцауы Паддзахад, кӕнӕ хицауад, сӕххӕст кӕндзӕн, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый (Матфейы 6:10).

Йӕ Паддзахад цы ивындзинӕдтӕ скӕндзӕн, уый тыххӕй Хуыцау зӕгъы: «Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!» (Раргомад 21:5). Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау ацы зӕхх ног зӕххӕй баивдзӕн? Нӕ, нӕ зӕхх ницы хъуаг у. Уӕдӕ Хуыцау фесафдзӕн, зӕхх ахӕм уавӕрмӕ чи ӕркодта, «чи [йӕ] сафы», уыдоны, ома абоны хицауӕдтӕ. Сӕ бӕсты уыдзӕн «ног арв ӕмӕ ног зӕхх» – ног уӕларвон хицауад, ома Хуыцауы Паддзахад, ӕмӕ, уыцы хицауад разамынд дӕтдзӕн, уыцы рӕстгӕнӕг адӕмӕн (Раргомад 21:1).

Адӕм ӕрдзӕй цы «хӕс» райстой, уый бафидыны тыххӕй Хуыцау ногӕй зӕххы ӕвӕрӕнтӕ байдзаг кӕндзӕн, цӕмӕй йыл дарддӕр дӕр цард уа. Хуыцау цы сараздзӕн, уый тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Ды де ’ргом раздӕхтай зӕхмӕ, цӕмӕй йыл алцыдӕр парахатӕй уа, алцӕмӕй йӕ хъӕздыг кӕныс». Къӕвда ӕмӕ хур афоныл кӕй уыдзысты, уый фӕрцы, ӕмӕ сӕйраджыдӕр та Хуыцауы арфӕйы фӕрцы, зӕхх дзӕнӕт суыдзӕн ӕмӕ хойраг дӕтдзӕн фагӕй фылдӕр (Псалом 65:9–13).

Мохандас Гандийы секретарь Пьярелал куыд фыссы, афтӕмӕй Ганди загъта, зӕгъгӕ, дам, зӕхх цы дӕтты, уый алкӕй фаг дӕр у, иуӕй-иутӕ зыд куы нӕ кӕниккой, уӕд. Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн йӕ бӕллӕхты сӕйраг аххосаг фесафдзӕн – адӕмӕн сӕ зондахаст аивдзӕн. Пехуымпар Исай загъта, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар адӕм кӕй «ницы зиан хӕсдзысты ӕмӕ ницы фыдбылыз кӕндзысты» нӕдӕр кӕрӕдзийӕн, нӕдӕр зӕххӕн (Исай 11:9). Ӕцӕгдӕр, милуангай алыхуызон адӕм ныридӕгӕн ахуыр кӕнынц Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын. Ахуыр кӕнынц, цӕмӕй уарзой Хуыцауы ӕмӕ иннӕты, хорздзинадӕн аргъ кӕнын зоной, ӕрдз хъахъхъӕной ӕмӕ йыл ауӕрдой, ӕмӕ Сфӕлдисӕджы фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕрой. Иудзырдӕй сӕ Хуыцау цӕттӕ кӕны зӕххыл дзӕнӕты цӕрынмӕ (Екклесиаст 12:13; Матфейы 22:37–39; Колоссӕгтӕм 3:15).

Зӕхх тынг диссаджы конд у, ӕмӕ йӕ Хуыцау фесафын нӕ бауадздзӕн

Зӕххыл алцыдӕр арӕзт куыд ӕрцыд, уыцы хабӕрттӕ Райдианы чиныджы фӕуд кӕнынц ахӕм ныхӕстӕй: «Хуыцау йӕ цӕст ахаста, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ууыл, ӕмӕ ӕппӕт дӕр уыд тынг хорз» (Райдиан 1:31). Ӕцӕгдӕр, зӕхх тынг диссаджы конд у, ӕмӕ йӕ Хуыцау фесафын нӕ бауадздзӕн. Куыд хорз у, нӕ зӕххӕн йӕ фидӕн нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕг Йегъовӕйы къухы кӕй ис! Хуыцау нын йӕ Ныхасы зӕрдӕ ӕвӕры: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29). Дӕуӕн дӕр дӕ бон у, цӕмӕй уай, зӕхх се ’нусон хӕдзар кӕмӕн уыдзӕн, уыцы «рӕстгӕнджыты» ’хсӕн.

^ 3 абз. Ацы ныхӕстӕ ист сты Библийӕ, Екклесиаст 1:4.