Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у

Дӕ цардӕмбалӕн аргъ кӕн

Дӕ цардӕмбалӕн аргъ кӕн

Уилл * дзуры: «Рейчел истӕуыл куы фӕтыхсы, уӕд йӕ кӕуынӕй нал фенцайы. Аныхас кӕнынмӕ куы ’рбадӕм, уӕд та мӕсты кӕнын райдайы кӕнӕ та йӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауы. Афтӕ мӕм фӕкӕсы, ӕмӕ йын ахӕм уавӕры ницӕмӕй ис баххуыс кӕнӕн, ӕмӕ уӕд ме уӕнгтӕ ’ркӕлынц».

Рейчел дзуры: «Уилл хӕдзармӕ куы ’рбацыд, уӕд мӕ кӕугӕйӕ ӕрбаййӕфта. Цӕуыл тыхсын, уый радзурынмӕ йын хъавыдтӕн, фӕлӕ мӕ кӕронмӕ дӕр нӕ бауагъта дзурын, зӕгъгӕ, дам, цӕуыл фӕмӕт кӕныс, хъуыды дӕр ма йыл ма кӕн. Уый та мын ноджы зындӕр уыди».

МЫЙЙАГ ды дӕр, искуы Уилл кӕнӕ Рейчелы уавӕры уыдтӕ? Сӕ дыууӕйы дӕр фӕфӕнды аныхас кӕнын, фӕлӕ арӕхдӕр кӕрӕдзи цы фӕхъыг кӕнынц, ӕндӕр ницы. Афтӕ цӕмӕн рауайы?

Нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ сӕ хъуыдытӕ куыд фӕдзурынц, уымӕй тынг хицӕн кӕнынц кӕрӕдзийӕ, стӕй дзы иутӕн ахсджиаг цы у, уый иннӕтӕн афтӕ ахсджиаг нӕ вӕййы. Сылгоймаг уарзы йӕ хъуыдытӕ ӕргом дзурын. Бирӕ нӕлгоймӕгтӕ та, цӕмӕй бинонты фарн ма фехӕла, уый тыххӕй фӕархайынц хъуыддаг уайтагъд аскъуыддзаг кӕныныл кӕнӕ та, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, загъд чи расайдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтыл ӕппындӕр нӕ фӕныхас кӕнынц. Кӕд дӕ цардӕмбалимӕ цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл иу зондыл хӕст нӕ дӕ, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ бон йемӕ сабырӕй ныхас кӕнын уа? Аргъ ын кӕн.

Адӕмӕн аргъ кӕнын чи зоны, уый фембары, иннӕты цы фӕтыхсын кӕны, уый. Дӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ, чи зоны, сахуыр дӕ, дӕуӕй фылдӕр бартӕ кӕмӕн ис кӕнӕ царды дӕуӕй фылдӕр чи федта, уыдонӕн аргъ кӕнын. Фӕлӕ дзырд дӕ цардӕмбалыл куы фӕцӕуы, ома, ӕдзух дӕ разы чи вӕййы ӕмӕ кӕуыл сахуыр дӕ, уыцы адӕймагыл, уӕд ын аргъ кӕнын цӕмӕдӕр гӕсгӕ зын вӕййы. Линдӕ, аст азы размӕ чи смой кодта, уыцы сылгоймаг, дзуры: «Зонын ӕй, Фил алкӕмӕ дӕр кӕй байхъусдзӕн ӕмӕ алкӕй дӕр кӕй бамбардзӕн. Бӕргӕ, мӕн дӕр куы ’мбарид, ӕндӕр мӕ ницы хъӕуы». Чи зоны, ды дӕр де ’мбӕлттӕм ӕмӕ суанг ӕнӕзонгӕтӕм дӕр лӕмбынӕг фӕхъусыс ӕмӕ семӕ уӕзданӕй фӕныхас кӕныс. Фӕлӕ, цымӕ, дӕ цардӕмбалимӕ дӕр афтӕ вӕййыс?

Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн куы нӕ аргъ кӕной, уӕд сӕ дыууӕ дӕр сӕхимидӕг тыхсдзысты ӕмӕ-иу уый, чи зоны, загъд дӕр расайа. Иухатт иу зондджын паддзах загъта: «Цӕйнӕфӕлтау дӕ хӕдзар нывӕндты дзидзайӕ йедзаг уа, ӕмӕ хыл кӕнат, фӕлтау уӕм хус дзулы къӕбӕр уӕд, ӕмӕ сабырӕй цӕрут» (Ӕмбисӕндтӕ 17:1). Библи нӕлгоймагӕн уынаффӕ дӕтты, цӕмӕй йӕ бинойнагӕн кад кӕна, ома йын аргъ кӕна (1 Петры 3:7). Ус дӕр «хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа» (Ефесӕгтӕм 5:33).

Дӕ бон куыд у дӕ цардӕмбалимӕ афтӕ ныхас кӕнын, цӕмӕй бӕрӕг уа, аргъ ын кӕй кӕныс? Ӕркӕсӕм, Библийы цы хорз уынаффӕтӕ ис, уыдонӕй цалдӕрмӕ.

Дӕ цардӕмбалы исты зӕгъын куы фӕнда

Зын цы вӕййы?

Бирӕтӕ хъусын уыйбӕрц нӕ уарзынц, дзурын куыд уарзынц. Дӕуӕй дӕр афтӕ зӕгъӕн ис? «Адӕймагмӕ куы нӕ байхъусай, афтӕмӕй дзуапп куы раттай, уӕд уый у ӕнӕзонд ми»,– фыст ис Библийы (Ӕмбисӕндтӕ 18:13). Уӕдӕ уал исты зӕгъыны размӕ адӕймагмӕ байхъус. Уый ахсджиаг цӕмӕн у? 26 азы размӕ чи смой кодта, уыцы сылгоймаг, Карӕ, зӕгъгӕ, йӕ лӕгӕй афтӕ загъта: «Мӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, истӕуыл йемӕ куы фӕныхас кӕнын, уӕд мын уайтагъд уынаффӕ кӕй ратты. Уымӕ йӕм не ’нхъӕлмӕ кӕсын, цӕмӕй мемӕ сразы уа кӕнӕ хъуыды кӕнын райдайа, хъуыддаг афтӕ цӕмӕн рауад ӕмӕ цы ис саразӕн. Ӕрмӕст мӕм хъусгӕ бакӕнӕд ӕмӕ бамбарӕд, дзӕгъӕлы кӕй нӕ тыхсын, уый».

Фӕлӕ нӕлгоймӕгтӕй дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕй дӕр вӕййы ахӕмтӕ, ӕмӕ нӕ фӕуарзынц, цы сӕ фӕтыхсын кӕны, ууыл дзурын ӕмӕ сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕуы, сӕ цардӕмбал сӕ куы нал фӕуадзы, цы кӕныс, зӕгъгӕ. Ӕрӕджы чи смой кодта, уыцы сылгоймаг, Лори, йӕ цардӕмбалӕй загъта, зӕгъгӕ йӕ бирӕ рӕстӕг бахъӕуы, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый раргом кӕна. «Мӕхиуыл фӕхӕцын ӕмӕ йӕ йӕхи бар ныууадзын, цалынмӕ йӕхи нӕ бафӕнды дзурын, уӕдмӕ»,– зӕгъы Лори.

Цы ис бакӕнӕн?

Кӕд дӕ дӕ цардӕмбалимӕ исты ахсджиаг хъуыддагыл аныхас кӕнын хъӕуы, фӕлӕ йӕ зоныс, уыцы хъуыддагмӕ ӕмхуызон цӕстӕй нӕ кӕсут, уӕд равзар ахӕм рӕстӕг, уӕ дыууӕ дӕр фӕллад куыд нӕ уат ӕмӕ уӕ хорз зӕрдӕйы уагыл куыд уат. Фӕлӕ, зӕгъӕм, дӕ цардӕмбалы ныхас кӕнын тынг нӕ фӕнды, уӕд та? Рох ма кӕн, «адӕймаджы зӕрдӕйы хъуыдытӕ [кӕй] сты арф дӕттӕ, фӕлӕ сӕ арфуынӕг адӕймаг [кӕй] сисдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 20:5). Цъайӕ дон ведрайӕ тагъд-тагъд куы исай, уӕд дзы бирӕ нӕ сисдзынӕ. Афтӕ дӕ цардӕмбалы дӕр куы нал ӕмӕ нал уадзай, уӕд ӕй ӕппындӕр ницыуал фӕнддзӕн, ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый нӕ базондзынӕ. Фӕлтау-иу ӕй йӕ хъуыдыйӕ фӕлмӕнӕй бафӕрс ӕмӕ дӕ ныхасыхъӕдӕй бӕрӕг уӕд, кӕй йын аргъ кӕныс, уый. Стӕй-иу мӕсты ма кӕн, йӕ хъуыды, ды куыд ӕнхъӕл уыдтӕ, афтӕ тагъд куы нӕ зӕгъа, уӕд.

Дӕ цардӕмбал исты куы дзура, уӕд «хъуамӕ рӕвдз [уай] байхъусынмӕ, дзурын ӕмӕ мӕсты кӕнынмӕ та тагъд ма [кӕнай]» (Иаковы 1:19). Хорз хъусӕг ӕрмӕст хъустӕй нӕ хъусы, фӕлӕ зӕрдӕйӕ дӕр. Дӕ цардӕмбал исты куы фӕдзуры, уӕд бацархай, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарай. Де ’мкъайӕн аргъ кӕныс ӕви нӕ, уый бӕрӕг вӕййы, куыд ӕм фӕхъусыс, уымӕй.

Йесо Чырысти равдыста, адӕммӕ куыд хъусын хъӕуы, уый. Зӕгъӕм, иу рынчын нӕлгоймаг ын куы ныллӕгъстӕ кодта, сдзӕбӕх мӕ кӕн, зӕгъгӕ, уӕд уал ӕм лӕмбынӕг байхъуыста, йӕ рыст ын йӕ зӕрдӕмӕ айста ӕмӕ йӕ стӕй сдзӕбӕх кодта (Марчы 1:40–42). Уӕдӕ дӕуӕн дӕр дӕ цардӕмбал исты куы фӕдзуры, уӕд-иу ды дӕр афтӕ кӕн. Дӕ зӕрдыл дар, дӕ цардӕмбалы, чи зоны, ӕххуысӕй тынгдӕр фӕхъӕуы, цӕмӕй йӕ бамбарай. Уӕдӕ-иу ӕм лӕмбынӕг хъус, йӕ рыст-иу ын бамбар ӕмӕ йын ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ ратт исты уынаффӕ кӕнӕ йын баххуыс кӕн. Уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, кӕй йын аргъ кӕныс, уый.

УЫНАФФӔ. Иннӕ хатт дӕ цардӕмбал исты куы дзура, уӕд-иу ын уайтагъд уынаффӕ дӕттынмӕ ма фӕу. Банхъӕлмӕ кӕс, цалынмӕ йӕ ныхас фӕуа ӕмӕ, цы зӕгъынмӕ хъавыд, уый нӕ бамбарай, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ-иу ӕй бафӕрс: «Куыд дӕм фӕкаст, лӕмбынӕг дӕм хъуыстон?»

Дӕу исты зӕгъын куы фӕнда

Зын цы вӕййы?

Уӕлдӕр цы Линдӕйы кой кодтам, уый загъта: «Телевизоры арӕх февдисынц, лӕг кӕнӕ ус йӕ цардӕмбалы куыд фефхӕры ӕмӕ йӕ ныхасӕй куыд фелхыскъ кӕны, уый». Иуӕй-иутӕ сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ хӕдзары ахӕм ныхас арӕх фӕхъусынц. Фӕстӕдӕр, сӕхицӕн бинонтӕ куы фӕзыны, уӕд сын сӕ цардӕмбалимӕ ӕндӕрхуызон ныхас кӕнын зын вӕййы. Канадӕйӕ иу сылгоймаг, Айви, зӕгъгӕ, загъта: «Ӕз схъомыл дӕн, ӕлхыскъ ӕмӕ ӕфхӕрӕн ныхас, стӕй фидистӕ кӕнын ӕвзӕрыл нымад кӕм нӕ уыдысты, ахӕм ран».

Цы ис бакӕнӕн?

Иннӕтимӕ дӕ цардӕмбалы тыххӕй куы фӕныхас кӕныс, уӕд дзур, «хъӕугӕ сахат адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, чи уӕм хъуса, уыдонӕн пайда куыд фӕуой» (Ефесӕгтӕм 4:29). Уӕдӕ-иу афтӕ дзур, цӕмӕй дӕ цардӕмбалӕн иннӕты цӕсты кад уа.

Дӕ цардӕмбалимӕ иунӕгӕй куы вӕййыс, уӕд дӕр ӕлхыскъ ныхас ма кӕн ӕмӕ йын ма фидистӕ кӕн. Рагон Израилы паддзах Давидмӕ иухатт йӕ ус Мелхолӕ тынг смӕсты ӕмӕ йӕ ныхасӕй фелхыскъ кодта, дӕхи «ӕдылыйау» дарыс, зӕгъгӕ. Йӕ ныхӕстӕ ӕрмӕст Давидмӕ нӕ фӕкастысты хъыг, фӕлӕ ма Хуыцауы зӕрдӕмӕ дӕр нӕ фӕцыдысты (2 Самуилы 6:20–23). Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Дӕ цардӕмбалимӕ куы фӕныхас кӕныс, уӕд-иу лӕмбынӕг хъуыды кӕн, цы фӕдзурыс, ууыл (Колоссӕгтӕм 4:6). Аст азы размӕ бинонты хъуыддаг чи бакодта, уыцы нӕлгоймаг, Фил, зӕгъгӕ, загъта, ныр дӕр ма йӕ бинойнагимӕ хатт кӕрӕдзийы кӕй нӕ бамбарынц. Фил куыд зӕгъы, афтӕмӕй исты куы фӕзӕгъы, уӕд хъуыддаг арӕх фыддӕр цы фӕвӕййы, ӕндӕр дзы хорзӕй ницы рауайы. «Адӕймаг йӕ цардӕмбалыл ныхасӕй куы фӕтых вӕййы, уӕд дзы ницы рамбулы. Ӕз ӕй бамбӕрстон, уымӕй хуыздӕр кӕй ницы ис, ӕмӕ кӕрӕдзийы ма фӕхъыг кӕнӕм».

Раджы заманты иу ацӕргӕ идӕдз сылгоймаг йӕ чындзытӕн ахӕм арфӕ ракодта, зӕгъгӕ, дам, уӕ «алчидӕр йӕ мойы хӕдзары ӕнцойдзинад куыд ссара» (Руф 1:9). Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн аргъ куы фӕкӕнынц, уӕд сӕ хӕдзар ӕцӕгдӕр вӕййы, «ӕнцойдзинад» кӕм ссарӕн ис, ахӕм бынат.

УЫНАФФӔ. Дӕ цардӕмбалимӕ рӕстӕг ссарут, цӕмӕй, гыццыл уӕлдӕр цы уынаффӕтӕ ис, уыдоныл аныхас кӕнат. Дӕ цардӕмбалы бафӕрс: «Иннӕтимӕ куы вӕййӕм ӕмӕ дӕу тыххӕй куы фӕдзурын, уӕд дӕм куыд фӕкӕсы: аргъ дын кӕнын ӕви дӕ иннӕты цӕсты ӕфтауын? Цы мӕ хъӕуы фӕивын?». Йӕ хъуыды дын куы дзура, уӕд-иу ӕм лӕмбынӕг байхъус ӕмӕ-иу бафӕлвар, куыд дын зӕгъа, афтӕ бакӕнын.

Ӕмхуызон кӕй не стут, уым ӕвзӕрӕй ницы ис

Зын цы вӕййы?

Сӕ цард чи баиу кӕны, уыдонӕй иуӕй-иутӕ райдианы афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, Библи лӕг ӕмӕ усы «иу буар» кӕй хоны, уый афтӕ ӕмбаргӕ кӕй у, ӕмӕ хъуамӕ алцӕмӕдӕр ӕмхуызон цӕстӕй кӕсой ӕмӕ удыхъӕдӕй дӕр ӕмхуызон уой (Матфейы 19:5). Фӕлӕ иумӕ иу гыццыл куы ацӕрынц, уӕд бамбарынц, уый афтӕ кӕй нӕу. Цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм иу цӕстӕй кӕй нӕ фӕкӕсынц, уый сын арӕх ахизы загъдмӕ. Линдӕ дзуры: «Филимӕ кӕрӕдзийӕ ӕппӕты тынгдӕр уымӕй хицӕн кӕнӕм, ӕмӕ ӕз алцыдӕр мӕ зӕрдӕмӕ ӕввахс исын, уый та нӕ. Хатт, ӕз тынг цӕуылдӕр куы фӕмӕт кӕнын, уӕд уый та вӕййы сабыр. Ӕмӕ уӕд смӕсты вӕййын, уымӕн ӕмӕ мӕм уӕд афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ хъуыддагыл ӕз куыд мӕт кӕнын, уый йыл афтӕ кӕй нӕ мӕт кӕны, нымады дӕр ӕм кӕй ницы у».

Цы ис бакӕнӕн?

Кӕрӕдзи уарзут, цавӕртӕ стут, ахӕмтӕй ӕмӕ уӕ зӕрдыл дарут, ӕмхуызон кӕй не стут, уый ӕвзӕр кӕй нӕу. Зӕгъӕм, хъустӕ ӕмӕ цӕстытӕ алыхуызон куыст кӕнынц, фӕлӕ нын хъустӕ дӕр ӕмӕ цӕстытӕ дӕр кӕй ис, уый фӕрцы нӕ бон у фӕндаджы сӕрты ӕнӕфыдбылызӕй ахизын. Эйдриенн, ӕртын азы бӕрц мойгонд чи у, уыцы сылгоймаг дзуры: «Хуыцауы закъоны сӕрты ма ахизӕм, ӕндӕр цас диссаг у, нӕ лӕгимӕ алцӕмӕ дӕр иухуызон цӕстӕй кӕй нӕ кӕсӕм, уый. Кӕд нӕ цард баиу кодтам, уӕддӕр стӕм дыууӕ алыхуызон адӕймаджы».

Кӕд дӕ цардӕмбалимӕ цавӕрдӕр хъуыддагмӕ иу цӕстӕй нӕ кӕсут, уӕд ӕрмӕст дӕхиуыл ма хъуыды кӕн, фӕлӕ дӕ цардӕмбалыл дӕр (Филиппӕгтӕм 2:4). Эйдриенны лӕг Кайл загъта: «Мӕ бинойнаджы алыхатт нӕ бамбарын ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр йемӕ разы нӕ вӕййын. Фӕлӕ мӕхицӕн афтӕ фӕзӕгъын: „Мӕ бинойнаг мын бирӕ зынаргъдӕр у, ӕз цы хъуыды кӕнын, уымӕй. Уый куы уа амондджын, уӕд ӕз дӕр уыдзынӕн амондджын“».

УЫНАФФӔ. Гӕххӕттыл ныффысс, дӕ цардӕмбал цавӕр хъуыддӕгты у дӕуӕй ӕмбаргӕдӕр кӕнӕ цавӕр фарстаты фӕдыл у йӕ бон хуыздӕр уынаффӕ рахӕссын (Филиппӕгтӕм 2:3).

Цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус амондджын уой ӕмӕ цӕрӕнбонты иумӕ цӕрой, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг хъуыддӕгтӕй иу у, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн аргъ кӕной. Линдӕ зӕгъы: «Кӕрӕдзийӕн цы бинонтӕ аргъ кӕнынц, уыдон райгондӕй цӕрдзысты ӕмӕ сӕ цард никуы фехӕлдзӕн. Уыцы миниуӕгыл ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы кусын».

^ 3 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

АХЪУЫДЫ КӔН...

  • Нӕ цардӕмбалимӕ ӕмхуызон кӕй не стӕм, уый нӕ цардыл хуыздӕрырдӕм куыд фӕзынд?

  • Дзырд Библийы закъӕттыл куы нӕ цӕуа, уӕд хорз цӕмӕн у, цӕмӕй мӕ цардӕмбалы хъуыдыйыл сразы уон?