Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у

Кӕрӕдзиимӕ фидаут

Кӕрӕдзиимӕ фидаут

Лӕг: «Чындзӕхсӕвы фӕстӕ Сарӕимӕ * цардыстӕм мӕ ныййарджытимӕ. Иу бон мын ме ’фсымӕры уарзон загъта, цӕмӕй йӕ хӕдзармӕ аластаин. Ӕз дӕр мемӕ мӕ лӕппуйы акодтон ӕмӕ йӕ аластон. Куы ӕрбаздӕхтӕн, уӕд мӕ Сарӕ хъӕры бын фӕкодта ӕмӕ мӕ мӕ бинонты раз гадза лӕг схуыдта. Ӕз дӕр мӕхи нал баурӕдтон, ныхъхъӕртӕ йыл кодтон ӕмӕ уый дӕр ноджы тынгдӕр рамӕсты».

Ус: «Нӕ лӕппу тынг рынчын у, стӕй уыцы рӕстӕг ӕхцайӕ дӕр тыхст уыдыстӕм. Ӕмӕ Фернандойы йе ’фсымӕры уарзонимӕ машинӕйы сбадгӕ куы федтон, уӕд мын тынг хъыг уыди. Хӕдзармӕ куы ’рбацыд, уӕд ыл мӕ пырх акалдтон. Тынг фӕхыл стӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн алывыдтӕ фӕкалдтам. Уый фӕстӕ мын тынг зынд уыд».

ЛӔГ ӕмӕ ус куы фӕхыл вӕййынц, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ кӕрӕдзийы нал уарзынц. Фернандо ӕмӕ Сарӕ дӕр сӕ кӕрӕдзи тынг уарзынц. Фӕлӕ хорз бинонты ’хсӕн дӕр хатт хылтӕ рауайы.

Бинонты ’хсӕн зындзинӕдтӕ цӕмӕн фӕзыны ӕмӕ цы ис саразӕн, цӕмӕй уый тыххӕй сӕ цард ма фехӕла? Бинонты цардӕн бындур Хуыцау кӕй ӕрӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ раст уаид, йӕ Ныхас Библийы цы фыст ис, уымӕ ӕркӕсын (Райдиан 2:21, 22; 2 Тимофеймӕ 3:16, 17).

Зындзинӕдтӕ цӕмӕн фӕзыны

Лӕг ӕмӕ усы фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ кӕрӕдзийӕн хорз уой. Фӕлӕ Библийы фыст ис: «Се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд ракодтой ӕмӕ ӕнӕхай фесты Хуыцауы кадӕй» (Ромӕгтӕм 3:23). Уымӕ гӕсгӕ, кӕрӕдзи куы нӕ бамбарынц, уӕд хиуыл хӕцын зын вӕййы. Куы фӕбыцӕу вӕййынц, уӕд хъӕр-хъӕлӕба ӕмӕ ’фхӕрӕн ныхас ма кӕной, уый ӕнцон нӕу (Ромӕгтӕм 7:21; Ефесӕгтӕм 4:31). Лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн ма хыл цы расайы?

Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг ӕмхуызон не сты ӕмӕ хъуыды дӕр ӕмхуызон нӕ кӕнынц. Мичико дзуры: «Нӕ цард куы баиу кодтам, уӕд ӕй бамбӕрстон, хъуыддӕгтӕм иу цӕстӕй кӕй нӕ кӕсӕм. Мӕн фӕфӕнды аныхас кӕнын, цы ’рцыд, ӕрмӕст ууыл нӕ, фӕлӕ ма афтӕ цӕмӕн ӕмӕ куыд рауад, ууыл дӕр. Нӕ лӕгӕн та ахсджиаг у, хъуыддаг цӕуыл ахицӕн, ӕрмӕстдӕр уый».

Афтӕ ӕрмӕст Мичикойы бинонты ’хсӕн нӕ вӕййы. Бирӕ бинонты иуы фӕфӕнды, цы сӕм рауад, уый тыххӕй лыстӕггай аныхас кӕнын, иннӕ та быцӕу кӕнын нӕ фӕуарзы ӕмӕ йӕхи ныхасӕй фӕхизы. Бинонтӕй иуы цас тынгдӕр фӕфӕнды, цы йӕ тыхсын кӕны, ууыл аныхас кӕнын, уайас иннӕйы та – нӕ. Уӕ бинонты ’хсӕн дӕр афтӕ вӕййы? Мыййаг уӕ иуы хъуыддагыл лыстӕггай дзурын фӕфӕнды, иннӕйы та нӕ?

Ацы хъуыддаджы ма рох кӕнын нӕ хъӕуы, чи цавӕр бинонты ’хсӕн схъомыл, уый дӕр. Уый тынг фӕзыны, дыууӕ цардӕмбалы кӕрӕдзиимӕ куыд фӕныхас кӕнынц, ууыл. Мӕнӕ цы дзуры Джастин, фондз азы размӕ ус чи ӕрхаста, уыцы нӕлгоймаг: «Ӕз сабыр бинонты ’хсӕн схъомыл дӕн, ӕмӕ мӕ бон нӕу мӕ хъуыдытӕ ӕргом дзурын. Мӕ бинойнагӕн та уый хъыг у. Йӕ бинонтӕй алчидӕр ӕргом дзураг у, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕфӕнды, алцӕуыл дӕр куы ныхас кӕнид».

Кӕрӕдзи куы нӕ бамбарат, уӕд-иу уайтагъд бафидаут

Бинонты цард чи иртасы, уыдон куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй, дыууӕ адӕймаджы амонд уымӕй кӕнгӕ нӕу, кӕрӕдзийӕн, «ӕз дӕ уарзын», зӕгъгӕ, арӕх кӕй дзурынц. Ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц ӕмӕ сӕм бирӕ ӕхца кӕй ис, уый дӕр афтӕ ахсджиаг нӕу. Бинонты амонд фыццаджыдӕр уымӕй аразгӕ у, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи куы нӕ бамбарынц, уӕд бафидауыныл фӕархайыц, ӕви нӕ.

Уымӕй уӕлдай, Чырысти загъта, зӕгъгӕ, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы адӕймаг нӕ баиу кӕны, фӕлӕ Хуыцау (Матфейы 19:4–6). Уӕдӕ хорз бинонтӕ Хуыцауӕн кад хӕссынц. Фӕлӕ лӕг йӕ усы куы нӕ уарза ӕмӕ йын куы нӕ аргъ кӕна, уӕд ын Йегъовӕ Хуыцау йӕ куывдтытӕм нӕ хъусдзӕн (1 Петры 3:7). Сылгоймаг та йӕ лӕджы куы нӕ нымайа, уӕд Йегъовӕйы дӕр нӕ нымайы, уымӕн ӕмӕ йӕ уый сӕвӕрдта бинонты хистӕрӕй (1 Коринфӕгтӕм 11:3).

Бинонтӕ амондджын уыдзысты, кӕрӕдзийы куы не ’фхӕрой, уӕд

Нӕ хъуыдытӕ куыдфӕнды дзурын ахуыр ма уӕм, ӕмӕ цыфӕнды бинонты ’хсӕн ма схъомыл уӕм, уӕддӕр нӕ кӕд фӕнды Библийы уынаффӕтӕм хъусын ӕмӕ нӕ цардӕмбалимӕ фидауын, уӕд хъуамӕ ’фхӕрӕн ныхӕстӕ ма кӕнӕм. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл:

«Куы мӕ фӕхъыг кӕнынц, уӕд мӕ мӕ маст райсын фӕфӕнды?» Зондджын ӕмбисонд зӕгъы: «Искӕй фындз куы ныццӕвай, уӕд йӕ туг куыд рацӕуы, афтӕ, адӕймаг йӕ маст куы скалы, уӕд уый та расайы хыл» (Ӕмбисӕндтӕ 30:33). Уый куыд ӕмбаргӕ у? Зӕгъӕм, ӕхца куыд хардз кӕнын хъӕуы, уый фӕдыл иу хъуыды куы нӕ уа, уӕд уый, чи зоны, хылмӕ дӕр расайа. «Ӕхцайыл ауӕрдын хъӕуы» зӕгъыны бӕсты, иуӕй-иу хатт фӕзӕгъӕм, «куыд ӕнӕмӕт дӕ», зӕгъгӕ. Дӕ цардӕмбал дын дӕ «фындз куы ныццӕва», ома дӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд дӕу дӕр бафӕнддзӕн, цӕмӕй йӕ ды дӕр «ныццӕвай». Фӕлӕ уый ӕрмӕстдӕр маст ӕмӕ быцӕутӕм ӕркӕны.

Библийы фыссӕг, Иаков загъта: «Ӕнӕхъӕн хъӕдыл арт бандзарынӕн чысыл зынг йеддӕмӕ хъӕуы? Уӕдӕ ӕвзаг дӕр у зынг» (Иаковы 3:5, 6). Дыууӕ адӕймаджы се ’взаджы рохтыл хӕцын куы нӕ фӕзонынц, уӕд гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр хыл кӕнын райдайынц. Лӕг ӕмӕ ус ӕдзух хыл куы фӕкӕнынц, уӕд дзы уарзондзинадӕн бынат нал вӕййы.

Дӕ маст райсыны бӕсты хорз нӕ уаид, Йесойы куы бафӕзмис? Куы йӕ ӕлгъыстой, уӕд «уый никӕй ӕлгъыста» (1 Петры 2:23). Хъуыддаг уайтагъд банывыл кӕнӕн ис, дӕ цардӕмбалы хъуыдыйӕн куы аргъ кӕнай ӕмӕ дзы хатыр куы ракурай, ӕз дӕр аххосджын дӕн, зӕгъгӕ.

Иннӕ хатт истӕуыл куы хыл кӕнат, уӕд-иу ахъуыды кӕн: «Зын мын у, мӕ цардӕмбалы цы тыхсын кӕны, уый бамбарын? Мыййаг, аххосджын мӕхӕдӕг нӕ дӕн? Хатыр дзы цӕуылнӕ ракурын?»

«Мӕ цардӕмбалы цы тыхсын кӕны, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсын?» «Иууылдӕр иу зондыл хӕст ут, иннӕты рыст уӕм хъарӕд»,– фыст ис Хуыцауы Ныхасы (1 Петры 3:8). Ӕркӕсӕм, ацы уынаффӕ ӕххӕст кӕнын дын, чи зоны, зын цӕмӕн уа, дыууӕ ахӕм хъуыддагмӕ. Иу уый, ӕмӕ дӕ цардӕмбал цы хъуыды кӕны ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарыныл куы нӕ архайай. Зӕгъӕм, дӕ цардӕмбал истӕуыл дӕуӕй тынгдӕр куы фӕтыхсы, уӕд ын фӕзӕгъыс: «Ма тыхс». Ӕвӕццӕгӕн дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ цардӕмбал хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕса ӕмӕ ӕгӕр ма тыхса. Фӕлӕ ахӕм ныхӕстӕй адӕймагӕн нӕ фенцондӕр вӕййы. Сылгоймаджы дӕр ӕмӕ нӕлгоймаджы дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ йӕ цардӕмбал ӕмбара.

Адӕймаг сӕрбӕрзонд кӕй у, уый тыххӕй дӕр куыдфӕндыйы цӕстӕй фӕкӕсы, йӕ цардӕмбалы цы фӕтыхсын кӕны, уымӕ. Сӕрбӕрзонд адӕймаг ӕдзух йӕхи иннӕмӕй уӕлдӕр февӕры. Арӕх иннӕтӕн цыдӕр фӕсномыг нӕмттӕ ӕрхъуыды кӕны ӕмӕ сӕ фефхӕры. Ӕркӕсӕм, Чырыстийы заманты фарисейтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ куыд кодтой, уымӕ. Исчи-иу, суанг сӕхи хуызӕн фарисей дӕр ӕндӕр хуызон куы хъуыды кодта, уӕд-иу ӕй бафхӕрдтой ӕмӕ йын-иу бафидис кодтой (Иоанны 7:45–52). Йесо Чырысти та ахӕм нӕ уыд – ӕххуысагур ӕм чи цыд, уыдоны зын ӕмбӕрста (Матфейы 20:29–34; Марчы 5:25–34).

Ахъуыды-ма кӕн, дӕ цардӕмбал дын, цы йӕ тыхсын кӕны, уый тыххӕй куы фӕдзуры, уӕд ӕм цы цӕстӕй ракӕсыс, ууыл. Кӕй йӕ ӕмбарыс, уый бӕрӕг вӕййы дӕ ныхӕстӕй, дӕ хъӕлӕсы уагӕй ӕмӕ дӕ цӕстӕнгасӕй? Ӕви дын ницы уӕлдай вӕййы?

Дӕ хъус-ма ӕрдар, дӕ цардӕмбалимӕ куыд фӕныхас кӕныс, уымӕ. Кӕд ӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй ракастӕ кӕнӕ йӕ ныхасӕй бафхӕрдтай, уӕд дзы уайтагъд хатыр ракур.

«Арӕх ахъуыды кӕнын, мӕ цардӕмбал хиуарзон у, зӕгъгӕ?» «Исты дзӕгъӕлы тӕрсы Иов Хуыцауӕй? Йӕхи дӕр, йӕ хӕдзар дӕр ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон дӕр ын ды дӕхӕдӕг нӕ хъахъхъӕныс?» (Иов 1:9, 10). Ацы ныхӕстӕй Сайтаны уый зӕгъын фӕндыд, зӕгъгӕ, рӕстгӕнӕг Иов Хуыцауӕн цыдӕр ӕнхъӕлӕй лӕггад кӕны.

Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд мах дӕр нӕ цардӕмбалыл, цы нӕй, уый ӕрымысдзыстӕм. Зӕгъӕм, дӕ цардӕмбал дын исты хорз куы сараза, уӕд дӕм ахӕм хъуыды фӕзыны, зӕгъгӕ мӕ цыдӕр курдзӕни кӕнӕ мӕ цыдӕр ӕмбӕхсы? Йе та, кӕд исты фӕрӕдыд, уӕд ахъуыды кӕныс, хиуарзон ӕмӕ дурзӕрдӕ кӕй у? Мыййаг, уайтагъд дӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы, раздӕр ма-иу афтӕ кӕй кодта ӕмӕ та йын йӕ рӕдыдтытыл ноджыдӕр иу бафтауыс?

Ныффыс, дӕ цардӕмбал дын хорзӕй цы сарӕзта ӕмӕ сӕ цӕмӕн сарӕзта, уый.

Апостол Павел фыста: «Уарзондзинад... ӕвзӕрӕй йын чи цы ракодта, уый нӕ нымайы» (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5). Ӕцӕг уарзондзинад куырм нӕу, фӕлӕ йын чи цы ракодта, уый дӕр нӕ нымайы. Павел ма загъта, уарзондзинад «алцӕуыл дӕр ӕууӕнды», зӕгъгӕ (1 Коринфӕгтӕм 13:7). Ома алцӕуылдӕр ӕнцонтӕй нӕ баууӕнды, фӕлӕ йын баууӕндын дӕр зын нӕу. Ахӕм уарзондзинад ӕдзух дызӕрдыг нӕ кӕны. Библи цы уарзондзинадмӕ разӕнгард кӕны, уый у хатыргӕнаг ӕмӕ иннӕтӕм хорзӕй цы ис, уымӕ кӕсы (Псалом 86:5; Ефесӕгтӕм 4:32). Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи афтӕ куы уарзой, уӕд уыдзысты ӕцӕг амондджын.

АХЪУЫДЫ КӔН...

▪ Статьяйы райдиан цы лӕг ӕмӕ усы кой уыд, уыдон цӕмӕй рӕдыдысты?

▪ Ӕз та мӕхи ахӕм рӕдыдтытӕй куыд бахизон?

▪ Ацы статьяйы цы ӕвзӕр миниуджыты кой цыд, уыдонӕй фыццаджыдӕр кӕцы хъуамӕ сраст кӕнон?

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Нӕмттӕ ивд сты.