Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зындзинӕдтӕ уый тыххӕй ӕвзарӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцау ӕфхӕры?

Зындзинӕдтӕ уый тыххӕй ӕвзарӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцау ӕфхӕры?

ЛЮСИЙӔ ЙӔ ГАЛИУ КЪАХӔЙ КЪУЫЛЫХ ЦӔУЫ. Гыццыл куы уыд, уӕд полиомиелитӕй фӕрынчын. Уый у, тагъд чи апарахат вӕййы ӕмӕ адӕймагӕн йӕ нервыты системӕ чи бахъыгдары, ахӕм хӕцгӕ низ. Люсийӕйыл 16 азы куы цыд, уӕд ын, кӕмӕ куыста, уыцы сылгоймаг загъта: «Дӕ мады коммӕ кӕй нӕ кастӕ, уый тыххӕй дӕ Хуыцау бафхӕрдта, ӕмӕ фӕрынчын дӕ». Кӕд уый бирӕ азты размӕ уыд, уӕддӕр Люсийӕ нӕ рох кӕны, уыцы ныхӕстӕ йын йӕ зӕрдӕ куыд тынг фӕриссын кодтой.

ДАМАРИСӔН ЙӔ СӔРЫМАГЪЗЫ РАК КУЫ ССАРДТОЙ, уӕд ӕй йӕ фыд бафарста: «Уагӕры цы сарӕзтай, ӕмӕ дыл ахӕм бӕллӕх ӕрцӕуа? Ӕвӕццӕгӕн, тынг ӕвзӕр хъуыддаг сарӕзтай, ӕмӕ дӕ Хуыцау ӕфхӕры». Уыцы ныхӕстӕ Дамарисы ныфс асастой.

Рагӕй фӕстӕмӕ адӕм афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ Хуыцау кӕй ӕфхӕры, уый тыххӕй рынчын кӕнынц. Иу чиныджы фыст ис, Чырыстийы рӕстӕг бирӕтӕ афтӕ кӕй хъуыды кодтой, ӕмӕ «низ ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ рынчын адӕймаг йӕхӕдӕг кӕнӕ та йӕ хӕстӕджытӕ цавӕрдӕр тӕригъӕд кӕй ракодтой ӕмӕ ӕфхӕрд уыцы тӕригъӕды тыххӕй кӕй ӕййафы» (The book Manners and Customs of Bible Lands). Ӕндӕр чиныджы та фыст ис, зӕгъгӕ, Чырысти зӕххыл куы уыд, уымӕй бирӕ ӕнусты фӕстӕ дӕр «кӕйдӕрты уырныдта, Хуыцау сӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй фыднизты хай кӕй бакӕны» (Medieval Medicine and the Plague). Ӕмӕ уӕд афтӕ нӕ уайы, ӕмӕ Хуыцау ӕвзӕр адӕмы ӕфхӕрдта, 14 ӕнусы ӕнӕхъӕн Европӕйы хӕцгӕ низӕй милуантӕ куы амард, уӕд? Ӕви уыцы низӕй инфекцийы тыххӕй фӕцагъды сты, уымӕн ӕмӕ уӕд дохтыртӕ нӕма зыдтой, уыцы низ цӕмӕн фӕзынд, уый? Чи зоны, исчи ахъуыды кӕна, цымӕ адӕм уый тыххӕй хъизӕмар кӕнынц, ӕмӕ сӕ Хуыцау ӕцӕгдӕр сӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕфхӕры? *

АХЪУЫДЫ КӔН: Йесо рынчынты цӕмӕн дзӕбӕх кодта, кӕд низтӕ кӕнӕ бӕллӕхтӕ Хуыцау ӕруадзы, уӕд? Уӕд цымӕ ӕууӕндӕн ис, Хуыцау рӕстӕй кӕй архайы ӕмӕ йӕ тӕрхон раст кӕй вӕййы, ууыл? (Матфейы 4:23, 24). Чырысти никуы сарӕзтаид, Хуыцауы цы нӕ фӕндыд, уый. Чырысти загъта: «Ӕз алкӕддӕр аразын, уымӕн ӕхсызгон цы у, уый» ӕмӕ «Аразын, мӕ Фыд мын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ» (Иоанны 8:29; 14:31).

Библийы бӕлвырд фыст ис, Йегъовӕ Хуыцаумӕ хӕрамӕй ницы ис, зӕгъгӕ (Дыккаг закъон 32:4). Зӕгъӕм, хӕдтӕхӕг уый тыххӕй никуы ӕрхауд ӕмӕ сӕдӕгай ӕнаххос адӕм уый тыххӕй никуы фӕмард сты, ӕмӕ Хуыцау кӕйдӕр бафхӕрынмӕ хъавыд. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраам Хуыцауы хорз зыдта ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ мӕ нӕ уырны, рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ фесафа (Райдиан 18:23, 25). Библийы ма фыст ис: «Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау фыдхъуыддаг сараза» ӕмӕ «хӕрам хъуыддаг бакӕна» (Иов 34:10–12).

ХЪИЗӔМӔРТТӔ КӔЙ ӔВЗАРӔМ, УЫЙ ТЫХХӔЙ БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС?

Хъизӕмӕрттӕ уый тыххӕй нӕ февзарӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцау ӕфхӕры. Уый Чырысти хорз бамбарын кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ, йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ куырм чи уыд, уыцы адӕймаджы куы федтой, уӕд. «Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ [йӕ] бафарстой: „Ахуыргӕнӕг, чи сарӕзта тӕригъӕд, ацы адӕймаг ӕви йӕ ныййарджытӕ? Куырмӕй цӕмӕн райгуырд?“ Йесо сын дзуапп радта: „Ацы адӕймаг нӕдӕр йӕхӕдӕг сарӕзта тӕригъӕд, нӕдӕр йӕ ныййарджытӕ“» (Иоанны 9:1–3).

Адӕм рӕдыд хъуыдыйыл хӕст кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕм диссаг фӕкастаид, афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, уыцы адӕймаг куырмӕй уый тыххӕй нӕ райгуырд, ӕмӕ йӕхӕдӕг кӕнӕ йӕ ныййарджытӕ ракодтой тӕригъӕд. Чырысти куырм адӕймаджы дӕр сдзӕбӕх кодта ӕмӕ ма адӕмӕн дӕр бамбарын кодта, хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарынц, уый ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ сӕ Хуыцау ӕфхӕры (Иоанны 9:6, 7). Абон уӕззау низӕй рынчын чи у, уыдонӕн удӕнцой хӕссы, сӕ зындзинӕдтӕ Хуыцауӕй кӕй не сты, уый кӕй зонынц.

Кӕд Хуыцау адӕмы сӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕфхӕрдта, уӕд сӕ Чырысти сӕ низтӕй цӕмӕн дзӕбӕх кодта?

Библи нын зӕгъы

  • «Хуыцау... фыддзинадӕй никӕй фӕлвары» (ИАКОВЫ 1:13). Ӕнусты дӕргъы адӕм «фыддзинады» аххосӕй хъизӕмӕрттӕ ’взарынц, уыимӕ рынчын кӕнынц ӕмӕ мӕлынц. Фӕлӕ тагъд «фыддзинадӕн» кӕрон ӕрцӕудзӕн.

  • Йесо Чырысти «сдзӕбӕх кодта рынчынты се ’ппӕты дӕр» (МАТФЕЙЫ 8:16). Хуыцауы Фыртмӕ чи цыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр кӕй дзӕбӕх кодта, уымӕй равдыста, Хуыцауы Паддзахады рӕстӕг ӕгас дунейы дӕр рынчын кӕй ничиуал кӕндзӕн.

  • «[Хуыцау] сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (РАРГОМАД 21:3–5).

ХЪИЗӔМӔРТТӔ КӔЙ ТЫХХӔЙ ӔВЗАРӔМ?

Уӕдӕ адӕм уыйбӕрц зындзинӕдтӕ ӕмӕ маст цӕмӕн ӕвзарынц? Уый базонын адӕмы фӕндыд ӕнусты дӕргъы. Кӕд Хуыцау нӕу аххосджын, уӕд чи? Ацы фарстатыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

^ 4 абз. Раджы заманты-иу Хуыцау цавӕрдӕр тӕригъӕдты тыххӕй адӕмы бафхӕрдта. Фӕлӕ Библийы никуы ис фыст, Йегъовӕ ныр дӕр низтӕ кӕнӕ бӕллӕхтӕ кӕй ӕруадзы, цӕмӕй адӕмы сӕ тӕригъӕдты тыххӕй бафхӕра.