Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау дыл кӕй тыхсы, уый дын цы пайда хӕссы?

Хуыцау дыл кӕй тыхсы, уый дын цы пайда хӕссы?

Хуыцау адӕймаджы буар афтӕ скодта, ӕмӕ йӕ бон у йӕхи дзӕбӕх кӕнын. Зӕгъӕм, адӕймаг исты куы алыг кӕны кӕнӕ куы ныццӕвы, уӕд буар уайтагъд «архайын» райдайы: тугцыд ӕрлӕууы ӕмӕ цӕф бынат ӕгас кӕнын райдайы.

АХЪУЫДЫ КӔН: Хуыцау адӕймаджы буар афтӕ кӕй сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ бон у йӕхи дзӕбӕх кӕнын, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ зӕрдӕйы рыст дӕр нын кӕй ӕрсабыр кӕндзӕн. Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Уый дзӕбӕх кӕны, зӕрдӕсаст чи у, уыдоны, бӕтты сын сӕ хъӕдгӕмттӕ» (Псалом 147:3). Фӕлӕ кӕд дӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ ис, уӕд дӕ бон куыд у ӕууӕндын, Йегъовӕ дын сӕ кӕй бӕтдзӕн ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр?

ХУЫЦАУ НӔ КӔЙ УАРЗЫ, УЫЙ ТЫХХӔЙ БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС?

Хуыцау нын зӕрдӕ ’вӕры: «Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн. Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн. Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн» (Исай 41:10). Адӕймаг куы фӕзоны, Йегъовӕ йыл кӕй тыхсы, уӕд йӕ зӕрдӕйы вӕййы фарн ӕмӕ йӕм вӕййы хъарутӕ алыхуызон зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн. Зӕрдӕйы цы фарн вӕййы, уый апостол Павел схуыдта, «Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн». Павел ма загъта: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Филиппӕгтӕм 4:4–7, 9, 13).

Библийы фӕрцы нӕ бон у ӕууӕндын, Йегъовӕ нын зӕрдӕ цы фидӕнӕй ӕвӕры, ууыл. Зӕгъӕм, Раргомады 21:4, 5 стихтӕ нын ӕмбарын кӕнынц (фыст сты иннӕ фарсыл), Хуыцау цы сараздзӕн ӕмӕ йыл нӕ бон ӕууӕндын цӕмӕн у, уый.

  • Хуыцау адӕмӕн «ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ». Йегъовӕ не ’ппӕт зындзинӕдтӕн ӕмӕ катӕйттӕн кӕрон скӕндзӕн, кӕд кӕмӕдӕр ницы кӕсынц, уӕддӕр.

  • Уӕлӕрвты «паддзахбадӕныл чи бады», уыцы Ӕппӕтхъомысджын Паддзах йӕ хъарутӕ ӕмӕ йӕ барты фӕрцы зындзинӕдтӕн кӕрон скӕндзӕн ӕмӕ нын тыхст уавӕры баххуыс кӕндзӕн.

  • Йегъовӕ нын зӕгъы, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр «раст ӕмӕ ӕцӕг» кӕй сты. Хуыцауӕн йӕ ном цы нысан кӕны, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ ныхас ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн.

«„Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта“. Уӕд, паддзахбадӕныл чи бадт, уый загъта: „Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!“ Ӕмӕ мын афтӕ: „Ныффысс, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг“» (Раргомад 21:4, 5).

Дун-дуне ӕмӕ нын Библи ӕргом кӕнынц нӕ уӕларвон Фыды миниуджытӕ. Хуыцауы сконд дуне нӕ ӕнӕдзургӕйӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй Хуыцауы хуыздӕр базонӕм ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суӕм. Библи та нын комкоммӕ дзуры: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8). Хъуыддӕгты 17:27 стихы фыст ис, Хуыцау «махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу», зӕгъгӕ.

Хуыцауы хуыздӕр базоныны тыххӕй рӕстӕг куы рахицӕн кӕнай, уӕд дӕ тынгдӕр уырндзӕн, кӕй дыл тыхсы, уый (1 Петры 5:7). Йегъовӕйыл куы ӕууӕндай, уӕд дын уый цы пайда уыдзӕн?

Ӕркӕсӕм Японийӕ иу нӕлгоймаджы хабармӕ. Торуйӕн йӕ мад чырыстон уыд, фӕлӕ уӕддӕр бацыд япойнаг мафимӕ, якудзӕ, зӕгъгӕ. Тору радзырдта: «Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕ Хуыцау йе сӕфт уыны. Ӕмӕ-иу мӕ зонгӕтӕй, уӕлдайдӕр та мын зынаргъ чи уыд, уыдонӕй исчи куы амард, уӕд-иу хъуыды кодтон, Хуыцау мӕ кӕй ӕфхӕры». Тору загъта, цы адӕмы ’хсӕн уыд, уыдоны фыдхъуыддӕгтӕ ӕмӕ йыл зондахаст кӕй фӕзындысты, ӕмӕ кӕй сси ӕгъатыр ӕмӕ дурзӕрдӕ. Цы фӕнд ӕм уыд, уый тыххӕй загъта: «Фӕндыд мӕ ӕрыгонӕй амӕлын. Фӕлӕ мӕ уый размӕ фӕндыди, мӕхицӕй зындгондӕр чи уыд, уыдонӕй искӕй амарын, цӕмӕй мӕ ном дӕрдтыл айхъуыстаид».

Фӕлӕ Тору ӕмӕ йӕ бинойнаг Ханнӕ Библи куы ахуыр кодтой, уӕд Тору йӕ цард ӕмӕ йӕ зондахаст цӕхгӕр аивта. Ханнӕ загъта: «Тору куыд ивта уый мӕхи цӕстӕй уыдтон». Тору зӕгъы: «Хуыцау нӕ алкӕуыл дӕр тыхсы. Нӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй адӕм мӕлой ӕмӕ, йӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕбынӕй чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн ныххатыр кӕны. Уый нӕм фӕхъусы, нӕ бон иннӕтӕн радзурын цы нӕу ӕмӕ нӕ цы хъуыддӕгты нӕ бамбардзысты, уыдӕттӕ йын куы фӕдзурӕм, уӕд. Тагъд Йегъовӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕн ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕндзӕн. Фӕлӕ нын ныр дӕр баххуыс кӕны, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ вӕййӕм, афтӕ. Уый нӕ уарзы ӕмӕ нын баххуыс кӕны, нӕхимӕ куы ныхъхъусӕм, уӕд дӕр».

Хуыцау нӕ тагъд нӕ зындзинӕдтӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ нын нӕ цӕссыгтӕ кӕй ныссӕрфдзӕн, уый куы нӕ рох кӕнӕм, уӕд нын ныфс ӕрмӕст фидӕнӕй нӕ уыдзӕн, фӕлӕ ма абон дӕр нӕ цардӕй райгонд уыдзыстӕм. Ӕмӕ уый бӕрӕг у Торуйы хабарӕй. Уӕдӕ кӕд дуне зындзинӕдтӕй йедзаг у, уӕддӕр ныл Хуыцау кӕй тыхсы, уый нын хӕссы стыр пайда.