Хъуыддӕгтӕ 5:1—42

5  Фӕлӕ иу лӕг, Анани, зӕгъгӕ, йӕ ус Сапфирӕимӕ йӕ зӕхх ауӕй кодта  ӕмӕ уыцы ӕхцайӕ цасдӕр бамбӕхста,– уый зыдта йӕ ус дӕр. Иннӕтӕ та ӕрбахаста ӕмӕ сӕ апостолтӕм радта+.  Фӕлӕ йын Петр загъта: «Анани, Сайтан+ дӕ ахӕм зондыл куыд сардыдта, ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых+ асайай+ ӕмӕ дӕ зӕххы ӕхцайӕ бамбӕхсай?  Уыцы зӕхх дӕхи нӕ уыд? Ӕмӕ йӕ куы ауӕй кодтай, уӕд йе ’хца дӕр дӕ бар нӕ уыдысты? Уӕдӕ дӕ зӕрдӕйы ахӕм фыдвӕнд цӕмӕн скодтай? Ды адӕмы нӕ, фӕлӕ Хуыцауы+ асайдтай!»+  Анани уый куы фехъуыста, уӕд зӕххыл мардӕй ӕрхауд+. Ӕмӕ уыцы хабар чи фехъуыста, уыдоны се ’ппӕты дӕр стыр тас бацыд+.  Уӕд лӕппутӕ бацыдысты, хӕцъилты йӕ батыхтой+, ахастой йӕ ӕмӕ йӕ баныгӕдтой.  Иу-ӕртӕ сахаты фӕстӕ ӕрбацыд йӕ ус дӕр, фӕлӕ, цы ’рцыд, уый нӕма зыдта.  Ӕмӕ йӕ Петр бафарста: «Зӕгъ-ма мын, уӕ зӕхх уыйбӕрц райста?» Ус ын дзуапп радта: «О, уыйбӕрц».  Уӕд ын Петр загъта: «Уый куыд баныхас кодтат Йегъовӕйы сыгъдӕг тых бафӕлварыныл?+ Дӕ лӕджы дын чи баныгӕдта, уыдон уӕртӕ къӕсӕрыл сты, ӕмӕ дӕу дӕр уыйау ахӕсдзысты». 10  Ӕмӕ ӕвиппайды ус Петры раз мардӕй ӕрхауд+. Лӕппутӕ куы ’рбацыдысты, уӕд ӕй мардӕй ӕрбаййӕфтой, ӕмӕ уый дӕр ахастой ӕмӕ йӕ йӕ лӕджы фарсмӕ бавӕрдтой. 11  Ӕмӕ ӕгас ӕмбырды ӕмӕ, уыцы хабӕрттӕ чидӕриддӕр фехъуыста, уыдоны стыр тас бацыд. 12  Хуыцау апостолты къухӕй дарддӕр дӕр ӕвдыста бирӕ нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ+. Ӕмӕ-иу иууылдӕр Соломоны тыргъы ӕрӕмбырд сты+. 13  Ӕцӕг, иннӕтӕй йӕ ныфс ничи хаста, цӕмӕй сӕм ӕрбаиу уыдаид+, фӕлӕ уӕддӕр адӕм ахуыргӕнинӕгтӕй тынг ӕппӕлыдысты+. 14  Ӕмӕ, Хицауыл чи баууӕндыд, уыдон фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой, тынг бирӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ+. 15  Адӕм рынчынты хастой суанг сӕйраг уынгтӕм дӕр ӕмӕ сӕ зӕххыл сӕ хуыссӕнтыл ӕвӕрдтой, зӕгъгӕ, Петр сӕ рӕзты куы фӕцӕйцӕуа, уӕд сыл кӕд йӕ аууон уӕддӕр ӕрхауид ӕмӕ сдзӕбӕх уаиккой+. 16  Бирӕ адӕм ма цыд, Иерусалимы алыварс цы горӕттӕ уыд, уыдонӕй дӕр ӕмӕ хастой рынчынты, стӕй, дӕлимонтӕ тухӕнӕй кӕй мардтой, уыдоны дӕр, ӕмӕ-иу се ’ппӕт дӕр сдзӕбӕх сты. 17  Фӕлӕ хистӕр сауджын ӕмӕ, йемӕ чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр,– уыдысты саддукейты къордӕй*,– фырхӕлӕгӕй мардысты+. 18  Гъемӕ апостолты ӕрцахстой ӕмӕ сӕ ахӕстоны бакодтой+. 19  Фӕлӕ ӕхсӕвы Йегъовӕйы зӕд+ ахӕстоны дуӕрттӕ байгом кодта+, ӕддӕмӕ сӕ ракодта ӕмӕ сын загъта: 20  «Ацӕут кувӕндонмӕ ӕмӕ адӕмӕн дзурут ӕрцӕуинаг царды тыххӕй, дзурут сын ӕппӕт дӕр»+. 21  Уыдон ын йӕ ныхӕстӕм байхъуыстой, ӕмӕ райсомӕй раджы кувӕндонмӕ бацыдысты ӕмӕ райдыдтой Хуыцауы ныхас амонын. Уыцы рӕстӕг хистӕр сауджын ӕмӕ, йемӕ чи уыд, уыдон ӕрбацыдысты ӕмӕ ӕрӕмбырд кодтой Сӕйраг тӕрхондон* ӕмӕ Израилы адӕмы хистӕр лӕгты се ’ппӕты дӕр+, ӕмӕ кувӕндон хъахъхъӕнджыты ахӕстонмӕ арвыстой, цӕмӕй апостолты ӕрбакодтаиккой. 22  Хъахъхъӕнджытӕ ахӕстонмӕ бацыдысты, фӕлӕ сӕ не ссардтой. Уӕд фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ рахабар кодтой: 23  «Ахӕстонмӕ куы бацыдыстӕм, уӕд уыди дзӕбӕх ӕхгӕд, хъахъхъӕнджытӕ дӕр лӕууыдысты дуӕртты цур, фӕлӕ дуӕрттӕ куы байгом кодтам, уӕд мидӕгӕй никӕй ссардтам». 24  Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хистӕр ӕмӕ сауджынты хистӕртӕ уый куы фехъуыстой, уӕд сагъӕсы бацыдысты, ныр дарддӕр цы уыдзӕн, зӕгъгӕ+. 25  Уалынмӕ иу чидӕр ӕрбацыд ӕмӕ сын загъта: «Ахӕстоны кӕй бакодтат, уыцы лӕгтӕ уӕртӕ кувӕндоны лӕууынц ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнынц»+. 26  Уӕд кувӕндон хъахъхъӕнджыты хистӕр ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ ацыдысты ӕмӕ сӕ ӕрбакодтой, фӕлӕ сӕм къухӕй нӕ бавнӕлдтой, уымӕн ӕмӕ адӕмӕй тарстысты, дуртӕй нӕ амардзысты, зӕгъгӕ+. 27  Ӕрбакодтой сӕ Сӕйраг тӕрхондоны галуанмӕ ӕмӕ сӕ уым ӕрлӕууын кодтой. Ӕмӕ сӕ хистӕр сауджын бафарста: 28  «Карзӕй уын нӕ бафӕдзӕхстам+, цӕмӕй уыцы номӕй макӕйуал ахуыр кӕнат? Сымах та Иерусалим уӕ ахуырадӕй байдзаг кодтат+ ӕмӕ ма уыцы лӕджы туг+ дӕр махыл сӕвӕринаг стут». 29  Уӕд сын Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ загътой: «Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ+. 30  Нӕ фыдӕлты Хуыцау райгас кодта+ Йесойы, сымах хъӕдыл кӕй ӕрцауыгътат+ ӕмӕ кӕй амардтат, уый. 31  Хуыцау ӕй сбӕрзонд кодта ӕмӕ йӕ йӕ рахиз фарс ӕрбадын кодта+ – скодта йӕ Сӕйраг Разамонӕг+ ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг+, цӕмӕй Израилы адӕмӕн сӕ бон уыдаид ӕрфӕсмон кӕнын+ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдаиккой+. 32  Ӕмӕ уыцы хабӕрттӕн ӕвдисӕн+ стӕм мах, стӕй Хуыцауы сыгъдӕг тых+ дӕр – уыцы тыхӕй Хуыцау схайджын кодта, хицауыл ӕй чи нымайы ӕмӕ йӕм чи хъусы, уыдоны». 33  Уӕд уыцы ныхӕстӕм мӕстӕй рафыхтысты ӕмӕ апостолты марынвӕнд скодтой+. 34  Фӕлӕ уӕд иу лӕг, Гамалиил+, зӕгъгӕ, фарисей, закъонамонӕг ӕмӕ ӕппӕт адӕмы ’хсӕн нымад лӕг, Сӕйраг тӕрхондоны сыстад ӕмӕ загъта, цӕмӕй апостолты иу гыццыл ӕддӕмӕ акодтаиккой+. 35  Уыдонӕн та загъта: «Израилӕгтӕ+, дзӕбӕх ахъуыды кӕнут, ацы адӕмӕн цы кӕнынмӕ хъавут, ууыл. 36  Зӕгъӕм, ӕрӕджы фӕзынд Февдӕ, йӕхи номдзыд+ адӕймаг хуыдта, ӕмӕ йӕм ӕрбаиу цыппарсӕдӕ адӕймаджы бӕрц+. Фӕлӕ йӕ куы амардтой, уӕд, йӕ фӕдыл чи цыд, уыдон алырдӕмты ныххӕлиу сты, ӕмӕ хъуыддаг ууыл фӕци. 37  Уый фӕстӕ та, адӕмы куы фыстой+, уыцы рӕстӕг, фӕзынд галилейаг Иудӕ ӕмӕ йӕ фӕдыл адӕмы асайдта. Фӕлӕ уый дӕр фӕмард, ӕмӕ, йӕ фӕдыл чи цыд, уыдон алы рӕттӕм ныппырх сты. 38  Ӕмӕ уын ныр ӕз зӕгъын: ма хъыгдарут ацы адӕмы, сӕхи бар сӕ уадзут,– уымӕн ӕмӕ кӕд уыцы фӕнд кӕнӕ уыцы хъуыддаг адӕмӕй у, уӕд дзы ницы рауайдзӕн+, 39  фӕлӕ кӕд Хуыцауӕй у+, уӕд та сын уӕ бон ницы бауыдзӕн бакӕнын+,– науӕд афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ цӕут»+. 40  Уыдон дӕр ын йӕ уынаффӕмӕ байхъуыстой. Ӕмӕ уӕд апостолтӕм фӕдзырдтой, фӕнӕмын сӕ кодтой+ ӕмӕ сын карзӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы номӕй+ мауал дзурой, ӕмӕ сӕ стӕй ауагътой. 41  Уыдон Сӕйраг тӕрхондонӕй рацыдысты ӕмӕ, Йесойы номы тыххӕй ӕфхӕрд баййафыны аккаг кӕй разындысты+, ууыл цин кодтой+. 42  Ӕмӕ алы бон дӕр кувӕндоны ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ+ ӕппынӕдзух амыдтой+ ӕмӕ хъусын кодтой Чырыстийы тыххӕй, Йесойы тыххӕй хорз хабар+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «сектӕйӕ».
Комк. «Синедрион».